Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ, Æртхъирæны Мæй

0
1085

Тутыр (Дæргъæвсы ком) (4-11)

Мархо дарыны фыццаг бон æрцæуы Тутыры бæрæгбонмæ, ахæссы æнæхъæн къуыри. Хонынц ма йæ уалдзæджы Тутыр, Стыр Тутыр. Тутыр фыццаджы-фыццагдæр у бирæгъты бардуаг. Адæмон сфæлдыстады куыд у, афтæмæй бирæгътæ канд йæ коммæ нæ кастысты, фæлæ, дам, ма йын суанг йæ къæхтæ дæр сдæрдтой. Тутыры къуыри уæлдай тынгдæр ком дардтой къуырисæры, фæссихормæ-иу хистæрæй, кæстæрæй, нæлгоймагæй, сылгоймагæй дон, дæр ничи банызтæ. Хистæртæ-иу Ныхасы æрæмбырд сты æмæ таурæгътæ кодтой, лæппутæ-иу сæм хъуыстой. Уыцы бон ничи куыстæ. Тутыры бæрæгбонты аоæзтой алы кусæнгæрзтæ. Дзырдтой, зæгъгæ, дам, Гутыры бæрæгбон цы хъæд ракæнай, цы дзаума саразай, уый фидардæр, амондджындæр уыдзæн, цæстдзыдæй йын тас нæ уыдзæн.

Тутыры бæрæгбонты сывæллæтты хæдæттыл рахизырдыгæй кодтой сырх æндахæй дзуары хуызæн сынчытæ, хуыдтой сæ Тутыры сынчытæ, арæзтой Тутыры чингуытæ. Нæ фыдæлтæм гæсгæ, уыдон сабиты хъахъхъæдтой фыдбылызæй æмæ фыдцæстæй. Бæрæгбæтты йæ хорæй ничи лæвæрдта, уæд азы дæргъы æбæркад уыдзыстæм, зæгъгæ. Бæрæгбоны чъиритæ кардæй нæ лыг кодтой. Тутыры зæрдæ ныл куы фæхуда, зæгъгæ-иу сæ къухæй асастой. Тутыры бонтæ, уæлдайдæр фыццаг æртæ боны, уæлдай кадджын уыдысты. Ирон адæмы фыдæлты хъуыдымæ гæсгæ, уæд цы загътаис æмæ цы сфæнд кодтаис, уый æнæмæнгæй сæххæст уыдзæн. Уыцы бонты туджджынтæ сæ туг нæ истой, уыцы бонты цыфæнды æнæхатыр знæгтæ дæр сабыр уыдысты. Тутыры бæрæгбæтты цы сывæллæттæ райгуырд, уыдон нымад уыдысты стыр амондджыныл. Тутыр æрмæст бирæгъты бардуаг нæу, уый у уæларвон цæрæг, Хуыцауæй адæмæн хорздзинæдтæ курæг. Адæмы хъахъхъæны алы низтæй, фылдæр сын кæны сæ фос, æххуыс сын кæны зæххы куысты. Фæлæ кæмæ смæсты вæййы, уымæн йæ фос бирæгъты амæттаг бакæны. Иæхæдæг бирæгътæм куы смæсты уа, уæд та сын цуанæттæй фервæзæн нал ис. Тутыры бæрæгбон баст у азы афонимæ, зæххы, фосдарыны, уалдзæджы куыстытимæ. Бæрæгбон ныр дæр адæмæй рох нæу.

Стыр Нафы Бон – 7 бон – Хуыцаубоны
Гыццыл Нафы Бон – 14 бон – Хуыцаубоны

ИРЫ НАФ: Нафы дзуары бæрæгбон вæййы Ногбоны фæстæ. Кæд Ногбон мæйногмæ æрцæуы, уæд иннæ мæйноджы вæййы Наф, кæд æмæ Ногбон мæйзæронды æрæййафы, уæд ма Нафмæ вæййы мæй. Нафæн йæхицæн уыд хуым. Бакуыстой­иу æй Нафы фысымтæ. Цы хор­иу дзы æрзад, уымæй­иу Нафы бон алкæмæн дæр скодтой фæйнæ дзулы. Нафы фысым уыд радыгай, дыууæ хæдзарæй. Иу – хистæр фысым, иннæ – кæстæр. Уыдон­иу куывдæн балæвар кодтой кусæрттæгтæ. Фыццаг кусæрттаг­иу аргæвстой хуыцауæхсæв, дыккаг – æртыццæг æхсæвы. Раздæр заманы куывд кодтой кувæндоны, иумæ, стæй йæ кæнын байдыдтой хæдзæртты. Куывдмæ цыдысты æрмæстдæр лæгтæ, хæдзæрттæм­иу хæйттæ арвыстой. Нафы куывдæн бæгæны кодтой къусбарæй. Къусбар лæвæрдтой, хæдзары цал лæджы уыд, уымæ гæсгæ. Фысымтæ­иу хъуамæ скодтаиккой гуыдын. Гуыдынæй хъуамæ хай æрхаудтаид алы хæдзармæ дæр. Куывд цыд цыппар боны дæргъы. Хистæр­иу скуывтæ «Нафы дзуар, стыр арфæ ракæн нæ уарзон адæмæн, чи нæ уарзы, уыдонæн. Нафы дзуар, бирæ хор ратт, бæркад алы аз дæр куыд уæ..» Нафы куывд цалдæр боны кæй цыд æмæ тынг бæркадджын кæй уыд, уый ныр дæр адæмæй рох нæу. Арæх фехъусæн и: «Раст Нафы фынг уыд», «Kæд Нафы фынгыл нæ бадыс» æмæ афтæ дарддæр. Нафы бæрæгбон баст у Найфатимæ. Найфат у мыггаджы кувæн бынат. Бæрæгбон йæ рæстæджы тынг кадджын уыди. Ныр дæр ма арæх фехъусæн и: «Иры Наф». Ома, Иры бæркад.

Тхосты Аларды – 23 Майрæмæхсæв
Комахсæн (Галæргæвдæн Хуыцаубон) – 28 бон – Хуыцаубоны

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz