МÆ ХЪÆУ БОЙАЛЫХЪ

0
1207

МÆ ХЪÆУ БОЙАЛЫХЪ

Сыхдæг Сыгъдæг цысыл Ирон хъæу,
Бирæ дæ уарзын, бæргæ!
Туркагæй æмхæццæ нæу,
Цард дзы уыд кæддæр нæргæ.

Цæры дæ мидæг Æлбегатæ
Хиуæн, æрвад нæ зонынц
Ноджыма цæры Бадтæ
Кæрæдзимæ нæ цæyынц.

Уæллаг фарс, Берыуаты ком
Дæ фæздæг дын нал уарзы
Дæллаг фарс та, гыццыл ком
Цардæн хостæ н’аразы

Дæ зæх дæ фаг нæ кæны
Уæй кæнынæй куы фæци
Туркаг хъæу Хъогъыллы та
Фондз къуыбырыл ‘сбатти
Ног фæсивæд

фыдуаг ‘сты
Хистæры коммæ нæ кæсынц
Туркаг цын у зонд амонæг
Кæрæдзийы нæ хъæуынц.

Хъæуы хьаст куы вæййы, уæд
Сæ чыззыты нæ хонынц
Фыццаджы хуызæн фæсивæд
Фæндыр цæгъдын нæ зонынц.

Хъæуы хьаст куы вæййы, уæд
Лæббутæ дард фæлæууыц
Хъастæн нæ аргь, нæдæр кад
Нæта адыл ныууадзынц.

Хистæртæ сæхи нымæр
Сæ хæдзæрттæм фæцæуынц
Арфæ кæнын адæргæй
Сит рауалзын нæ зонынц

Куы ныммæгуыр дæ мæ хъæу
Æнæ хицау баззаттæ
Æгасцуай, ма чи зæгъы
Налнæм цæуы уазæгдæр…

Badı Muammer Tekin

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz