Ногазон Арфæ Стыр Ныхасы Номæй

0
663

Фарн уæм бадзурæд Иры адæм æмæ не ‘мзæххонтæ! Æрцæуы та нæм Ног аз æмæ мæ фæнды Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы номæй Ирыстоны адæмæн зæрдиаг арфæтæ ракæнын! 

Адæймаг рæсугъд бæллицтæй, ног нысæнттæй вæййы ныфсджын æмæ мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй 2022 азы алы бинонтыл дæр хорздзинæдтæ æрцæуа! Цардæфсæст, æнæмаст, æнæфыдбылыз æмæ æнæниз куыд уæм! 

Ивгъуыд аз республикæйы æрцыд алыхуызон цаутæ: уыдис дзы хорздзинæдтæ, уæлахизтæ, цинтæ, фыдбылызтæ, бирæ зæрдæрис хабæрттæ, æмæ уый цард у. Царды цалхы зылдæн та бауромæн нæй. Æгас зæххы къорийы цæрджытимæ иумæйагæй цы рынтæ æмæ фыдбылызтæ бавзæрстам, уыдон зæронд аз йемæ ахæссæд, йæ хорздзинæдтæ та дывæрæй немæ баззайæнт Ирыстоны pyxс фидæнæн. 

Ног азы фарны хабæрттæй иумæйагæй хайджын куыд уæм! Нæ фыдæлты фарн, традицитæ æмæ ирон æвзаджы тых куыд нæ фæцудой, афтæмæй фæлтæрты бастдзинад ирон æгъдауы бындурыл тыхджындæр куыд кæна! Алы хæдзарæй дæр сабийы хъæлдзæг худт æмæ хистæрты куывд хъуысæд! 

Ног азы хорзæх уæд не ‘ппæты дæр, Ирыстоны цæрæг адæмты хæттытимæ нын фидар æнæниздзинад, фæрныг амондхæссæг уæд 2022 аз! 

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Стыр ныхас»-ы сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазыбег 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz