Иры Адæмы Бæрæгбæттæ æмæ Зианы кæндтæ

0
708

Тъæнджы Мæй / Æнсури Мæйæ, Аразæг


1 Ног азы бæрæгбон, Сабаты / Нæуæг анзи фиццаг бон – Сабатизæри, Хæдзæртти 

Ногбон кæнæ Нæуæгбон, дыгур. Анзисæр кæнæ Басилтæ у Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Ирон адæммæ алы бæрæгбонæн дæр хицæн æгъдæуттæ фыдæлтæй баззадис, æмæ сæ алчи дæр, кæмæн куыд йæ амал вæййы, афтæ кæны. Бирæ сты уыцы бæрæгбонтæ, стæй уыдоиæй иутæ кадджын сты æппæт Ирыстоны кæмттæ æмæ хъæуты, иннæтæ та æрмæст хицæн кæмтты, фæлæ сæ уыцы комы хъæутæш дæр иутæ зæрдиагдæрæй, тынгдæр кæнынц, иннæтæ та къаддæр. Ис ахæм бæрæгбонтæ дæр, æмæ æрмæст иу хъæуы цæрджытæ кæй кæнынц. Уымæ гæсгæ æз ам се ‘ппæтыл нæ дзурдзынæн. Афæдзы мидæг цы стыр бæрæгбонтæ вæййы, уыдонæй иу у Ногбон. Фæлæ ма Ногбонæй иу къуыри раздæр вæййы Цыппурсы бæрæгбон. Цыппурсмæ ма дыууæ къуырийы куы вæййы, уæд. иуæй-иутæ ком’ бабæттынц, мархойы хæринаг нæ фæхæрынц, стæй Цыппурсы сæ ком суадзынц. Цыппусы æхсæв вæййы, æртыццæджы куы баизæр уа, уæд. Хæдзары лæппу куы уа, уæд уый уыцы изæр ацæуы æмæ æртоны æрцыхъæдтæ æмæ сæ æрбахæссы хæдзармæ. Хæдзары йын скæнынц æртæ чъирийы, сагъд сæ куы фæуа, уæдмæ. Лæппу йæ худ сйсы æмæ æрцыхъæдтæ райдайы садзын дуæртты уæлкъæсæртыл, рудзгуыты уæлкъæсæртыл, къутутыл, гæрзтыл, мигæнæнтыл, ссаддонтыл, хордонтыл … Куы раарфæтæ кæнынц, уæд сæ хорз фенынц алы хæрд æмæ нозтæй. Ногбоны кусарт чи акæны, уыдон раздæр æрхонынц сыхбæсты. (Бекыза Макарович Каргиев “Осетинские обряды и обычаи”, Владикавказ “Рухс”, 1991). 

  

Ногбоны зарджытæ, Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ (ногбоны арфæтæ) 

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, 

Уæ райсом хорз уа! 

Уæ алы аз уыл æгасæй цæуа! 

Уæ сæдæ фидæн хуыздæр уа! 

Уæ лæг саг амара! 

Уæ ус тæрын ныййара! 

Уæ фос цот ракæной! 

Уæ хуымтæ æфсир æфтауой! 

Уе ‘фсин басыл скæна! 

Уæ басылы къух мæн фæуа! 

  

6 Цыппурс (ирон нымадмæ гæсгæ), Цыппæрæмы; 

8 Ног мæрдтæн æртгæнæнтæ, Сабаты 

Ног азы фæстæ фыццаг сабаты ног мæрдджынтæ райсом раджы сæ кæрты дуармæ арт скæнынц. Сыхæгтæй чи куыд раздæр сысты, афтæ арты цурмæ бацæуы. Артмæ сугтæ бахæссынц, уый мардæн удыбæстæ уыдзæн, зæгьгæ. Хистæр, арты цур чи уа, уыдонæн раарфæ кæны, абонæй фæстæмæ ацы кæрты дуармæ бирæ азты ахæм арт куыд нæуал фенæм, Хуыцау уый саккаг кæнæд, зиан рухсаг уæд, йæ зынджы хай макæд ахуыссæд, зæгъгæ. Аходæнафон куы свæййы, уæд мæрдджынтæ, цы хæрд æмæ нозт сцæттæ кодтой, уыдон рахæссынц, хистæр сæ ныххæлар кæны, æмæ дзы саходынц. Æртгæнæнты бæрæгбон амоны уый, æмæ ралæууыд тъæнджы мæй: уыдзæни уазал рæстæджытæ æмæ, хæдзарæй цы бинойнаг фæхъуыд, уый макæд суазал уæд, мæнæ йæ арты хай, æмæ, йæ алыварс чи ис, уыдоны куыд тавы, уыдоны куыд хъарм кæны, уый дæр афтæ тавæд, афтæ хъарм кæнæд. 

  

11 Бынаты бардуаджы æхсæв, Дыццæджы изæрæй; 

11-2 Бундортæ,  

Æртиккæги, Хæдзæртти 

Бынаты Хицауы Æхсæв (Бундор) æмæ Хæйраджыты Æхсæв – 12 бон – Дыццæджы Изæрæй 

Ацы бæрæгбон фæкæнынц тъæнджы мæйы фыццаг кæнæ дыккаг къуырийы æртыццæг æхсæв. Ирон адæмы уырнындзинадмæ гæсгæ, алы хæдзар, алы бинонтæн дæр ис йæхи бардуаг. Æмæ цæмæй дæ бынаты амондджынæй, æнæнизæй, æнæфыдбылызæй цæрай, уый тыххæй йыл дæхи бафæдзæхс, дæ кæстæрты тыххæй йæм батабу кæн. Ирон адæм ын циндзинады алы фынгыл дæр арынц йæ ном, лæгъстæ йын кæнынц, цæмæй сæ йæ хорзæх уæ. Раздæр-иу Бынаты Хицауы æхсæвмæ снывонд кодтой кусæрттаг: сæгъ кæнæ фыс, ныр арæхдæр аргæвдынц карк кæнæ уасæг. Нывондаг кусарт кæнæ маргъ фыхтой афтæ, йæ уæнгтæ æнæхъæнæй куыд баззадаиккой. Куы-иу сфыхт, уæд-иу дзидза сивыры кæнæ æндæр исты кæхцмæ систой, истæмæй-иу æй æрæмбæрзтой, чъиритæ, нозт йæ цуры, æмæ-иу бинонты хистæр скуывтæ: 

«О Бынаты Хицау, дæ хорзæх нæ уæд! Рæдийын нæ ма бауадз, фыдæхæй нæ бахиз. Адæймагæй, бæхæй, фосæй – нæ сæртæ де уазæг уæнт. Hæ зæрдæбын куывд нын фехъус, нывондæй, хойрагæй, нозтæй дын цы сцæттæ кодтам, уыдон дын барст уæнт. Нæ фæстаг фиддон дын ма фæуæнт…» 

Бынаты Хицауы æхсæвы бæрæгбонмæ цы сцæттæ кæнынц, уыдонæй æцæгæлонæн хæрыны бар нæй. 

  

Хæйрæджыты Æхсæв: 

Бинонты фыдæлтыккон фæтк æмæ æгъдæуттæй иу, æрвылазы «Хæйрæджыты бæрæгбон». Цыппурсæй йæм ис æртæ боны. Алы хæдзары дæр-иу аргæвстой сæгъ кæнæ уасæг, кусартгæнгæйæ-иу куывтой æмæ куырдтой, цæмæй хæйрæджытæ æмæ иннæ фыдгæнæг тыхтæ хорзырдæм аудой бинонтыл æмæ сын хинтæ ма кæной. Цы дзидза-иу сфыхтой, уый-иу хæдзары астæу фынгыл сæвæрдтой æмæ-иу æмбисæхсæв бинонтæ сеппæт дæр иу цасдæр рæстæг хæдзарæй ацыдысты. Афтæ нымадтой, зæгъгæ, бинонтæ хæдзарæй куы ацæуынц, уæд хæйрæг кæнæ хæйрæджытæ фæзынынц æмæ сын цы аргæвстой, уый фыдæй саходынц. Бинонтæ-иу фæстæмæ хæдзармæ куы ‘рбаздæхтысты, уæд-иу хæйрæджытæ цы хæйттæй «бахордтой», уыдонмæ гæсгæ базыдтой, ног аз сæм хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы кæсы, уый. 

  

13 Басилтæ,  

Майрæнæхсæви, Хæдзæртти 

Хур куы æрныгуылы, уæд алчидæр йæ хæдзары дуармæ скæны хъæмпæй арт. Уыцы хъæмпæй артмæ иуæй-иутæ рахæссынц: фиутæ æмæ сæ фæфизонæг кæнынц, арты сæрты фæгæппытæ-кæнынц, ома ардыгæй иннæ ацафонмæ хъæлдзæг уæм, зæгъгæ. Сыхбæстæ Цыппурсæхсæв кæрæдзийы рахон-бахон фæкæнынц. Райсом та куыддæр фæбон вæййы, афтæ æртытæ скæнынц, алчи дæр йæ хæдзары дуармæ æмæ кæрæдзийæн арфæтæ фæкæнынц, кæрæдзийы хæдзæрттæм лыстытæ фæхæссынц æмæ фæдзурынц, цал къæцæлы дзы ис, уал азы уыл хъæлдзæгæй цæуæд, зæгъгæ. Уыцы бон адæм бæрæгбон скæнынц, ничи фæкусы. Уыцы бонмæ-иу сауджын дæр цæттæ лæууыд æмæ ма-иу уый дæр адæмы стæрсын кодта, куыстмæ чи ацæуа, уый фæивар кæнынæй. Скæнынц ноджыдæр алыхуызон басылтæ æмæ сæ фæдæттынц, арфæтæм цы сывæллæттæ фæцæуы, уыдонæн. Сывæллæттæ фæцæуынц Ногбонты бирæйæ иумæ, фæцæуынц мæрдджынтæй фæстæмæ алы хæдзармæ дæр æмæ «хæдзаронтæ» фæкæнынц афтæ: «Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, уæ лæг саг амара, уæ ус тырын ныййара, уæ басылы къух мæн фæуа. Уæлæ хъæды хъæдау, мæнæ не ‘фсин рæдау. Бур гал къæлæсы, уæртæ не ‘фсин къуыммæ фæлæсы» æмæ æндæр ахæм ныхæстæ. Хæдзаронтæ кæнынмæ цы фæсивæд бацæуы, уыдоны хорз фенынц æмæ сын семæ дæр раттынц басылтæ. Уалынджы та иннæтæ æрбацæуынц. Афтæ бон-изæрмæ фæцæуынц æнæсцухæй фæсивæд. 

  

БАСИЛТИ КУВД, (Нæуæг анзи кувд) 

А, дуйней радтæг, дуйней исфæлдесæг, устур кадгин, еу нæ Хуцау, табу дæхецæн. 

Ковæн дæмæ, корæн ди. Нæ кувд дæмæ хуарзæй фегъусæд. Не ’ртæ къерей, нæ бæгæний къос, нæ нивонд нин адгинæй райсæ, нæ кувд ба — барст æма æхцæуæнæй. Устур боз дæ лæварæй куд зæгъæн, нæ царди доги ба нæбæл æй уотæ æрцæун кæнæ. 

Нивæ, амонд, рæсугъд, æвæсмон цард, æнæнез, æнæфидбилизæй рæвдуд. Нæ царди доги лæгæн цæрунмæ хуарз фарнæй ци равардтай, гъе уомæй аци ковæг адæн, не ’гас Дигорæ дæр хайгин æма хаиргин куд уонцæ, еци устур фарнæ æма нин амонд балæвар кæнæ нæуæг анзи. 

Хуцау, табу дæхецæн, зæронд анз ни хецæн кæнуй æма æносон бунатмæ фæндараст фæууæд, цæрунмæ имæ лæгæн хуарз фарнæй ци адтæй, уой нин хаир æма хæларæй ниууадзæд. 

Фидбилизæй, рунæй, æнадæ, æгадæй, мастæй, зинæй, тухстæй, тугъдæй имæ цидæриддæр адтæй, уони ба æ хæццæ фæххæссæд, æма сæ дунд æма далагъани хай бакæнæд. 

Нæуæг анз нæмæ æгас æрцæуæд, фарни къах нæмæ æрбахæссæд. Хуцауи фарнæй нин устур лæвæрттæ æрхæссæд. 

Æнæнез, æнæфидбилиз, æнæмаст, сæрæгас царди фарнæй, нæ цæуæти дзæбæхæй, нæ бæлццæнтти хорæй рохс æма игъæлдзæг нæ зæрдæ куд уа. 

Дзиллити астæу цæрæн. Адæни хæццæ кадæ æма радæй куд цæрæн. Адæнæн нæ цард адгин куд уа. Хуцау æма адæни устур фарни лæвæрттæй ба хайгин æма хаиргин куд уæн. 

Лæгигъæдæ æма нифсхастæй, кадæ æма æгъдауæй, зунд æма хъаурæй, æндон, æмдух æма тухгинæй, адæнтæн ба цийнаг æма уарзонæй, дзиллити астæу уæлахез куд уа не ’гас Дигоргом. 

Нæ зумæг нæбæл æнцонæй куд раевгъуйа. Нæ уалдзæг нæмæ рæсугъдæй куд æрцæуа. Нæ уалдзæги куститæ, дæ къилдунмæ ковдзинан, де ’ргом сæмæ макæд рахатæ. Рун æма фидбилизæй хизт куд уонцæ, æрдзæ — амондæй ба æфсæст, еци амондæй сæ барæвдауæ. 

Еци сабийтæ æнæнез, æнæфидбилизæй куд исирæзонцæ, царди ба адæни рæнгъити адæнæн фарнæ æма кадæ хæссæгæй куд рацæуонцæ, еци фарнæ дæр син балæвар кæнæ. 

Бундор Буркудзаути амондæй нивгун уæд, ци хæдзарæ ибæл лæууй, е ба æносмæ кувддонæ хæдзарæ фæууæд. 

Хуцау, боз де ’стур лæварæй. Абони бийнонтæ сæ Бунати Барæгонмæ ковунцæ, иннæ анз ба сæ аци ковæн бон æнæнез, æнæфидбилизæй, æнæмаст, сæрæгасæй, æдасдæр доги æма хуарз хабæртти хæццæ куд æрæййафа, æма имæ зæрдæрохсдæрæй куд исковæн, еци амонд нин балæвар кæнæ. 

Боронт-Хорон, табу дæ хуарзæнхæй. Ду Хуцаумæ цæуæг дæ. Нæ кувд нин дæ хæццæ фæххæссæ. Махæй си хуарзæй ци феронх æй, уой дæхуæдæг бафтауæ. Барст æма æй æхцæуæнæй райсун кæнæ. Хуцауæй хуарздзийнадæй ци æрхæссай, уомæй ба аци ковæг адæн барæвдауæ. 

Сафа, уалæ Сафа, табу дæ хуарзæнхæй. Аци ковæн бони дæбæл ци ковæг бийнонтæ æрбамбурд æнцæ, етæ, кæрæдзей берæ уарзгæй, кæрæдзебæл цийнæгæнгæй, гъазгæ, ходгæй куд цæронцæ, фарни хæццæ ба куд ивулонцæ, еци фарнæ син балæвар кæнæ. 

Ковæг бийнонтæ, Хуцауи кувди фарнæй æма Бундори арфæй хайгин æма хаиргин уотæ. (Ахуадæггаг.) Темирати Заурбег, журнал «Ирæф», 2021, №2 

  

Басилти зар 

Уæ басилтæ, басилтæ! 

Хуæрз басилтæ, гъой, гъой! 

Гъой, уе ‘фсийни лæхъуæн фæууа! 

Гъой, уæ хецау саг рамара! 

Махæн басийлаг раттайтæ, раттайтæ! 

Цъæх авгидзаг цъæх арахъ, цъæх арахъ! 

Сау гъосини сау бæгæни, сау бæгæни! 

Цæхцæхгæнгæ цæхгун фарс, ццехгун фарс! 

Не ‘ртæ къерей, не ‘ртæ къерей — 

Радæттетæ, радæттетæ! 

Уæ, Батæ, фæууæмæцæуæн, 

Кæд цæлæмбуд дæ, нæ уæмæ цæуæн, 

Фæстæмæ цæуæн! 

  

13-4 Зæронд Ног азы бæрæгбон, Цыппæрæмы изæрæй / 13-4 Нæуæг анз (зæронд нимадæй), Майрæнбони, Хæдзæртти. 

14 Æртхорон (Артæмбæрзæн), Майрæнизæри, Хæдзæртти, Къора, Уорсдони; 

15-6 Фонсиуарæн Фæлвæра, Хуцауæхсæви, Хæдзæртти; 

16 Бадæнтæ, Хуыцаубоны изæрæй / 16-7 Бадæнтæ Авдисæризæри, Хæдзæртти 

Ног азæй къуыри куы рацæуы, уæд къуырисæразхсæв ног мæрдджынтæ фæкæнынц Бадæнтæ. Кусарт акæнынц, сцæттæ кæнынц нозт, алыхуызон хæринæгтæ, адджинæгтæ, дыргьтæ, халсартæ.  

Раздæр-иу Бадæнтæм зианæн йæхи номыл балхæдтой фынг, бандон, графин. Мардæн цы дзаумæттæ баззад, уыдоны-иу истытæ, зæгьæм, хъæмп кæнæ хос бакодтой æмæ-иу æй стъолы кæрон бандоныл сбадын кодтой. Марды æгьдау куыд амыдта, уымæ гæсгæ хуыцаубоны куы баизæр вæййы, уæд марды уд йæ хæдзармæ азртæхы æмæ æхсæв-бонмæ адæммæ фæкæсы: куыд цæрынц, цы ми кæнынц, кæй нал и, ууыл куыд тыхсынц… Куы æрбарухс вæййы, уæд та, дам, йе ‘нусон бынатмæ атæхы. Хистæр нæлгоймæгтæ бацæуынц, сойын цырæгьтæ ссудзынц. Бадæнтæм нозтæй, хойрагæй, адджинагæй, дыргъæй мардæн цы сцæттæ кодтой, уыдон ныххæлар кæнынц. Сылгоймæгтæ фæкæуынц, фæхъарæг кæнынц. Лæгтæ, сыхы, хъæуы цы ног зиантæ æрцыд, уыдоныл къордтæ-къордтæй фæзилынц, семæ бахæссынц сойын цырæгьтæ æмæ сæ ссудзынц, рухсаг фæзæгьынц. Раздæр хи бинонтæ, хæрзхæстæджытæ нæлгоймаджы мардæн Бадæнты кодтой æлæм. Æлæмтæ кодтой Зазхæссæнты дæр. Уыцы зианæн Бадæнты (Зазхæссæнты) уал æмæ уал æлæмы скодтой, зæгъгæ, уый кадджын уыди. Рог, рæсугьд хъилыл-иу фидар цыллæ бæхсныгæй сарæзтой хызы хуызæн, бæхсныджы хæлттыл алыхуызон адджинæгтæ æмæ дыргьтæ ауыгьд. Уыйбæрц адджинæгтæ æмæ дыргьтæ-иу ыл уыд, æмæ-иу зæу-зæу кодта. Ныр дæр ма арæх фæзæгьынц: ацы бæлас афтæ зад у, æмæ раст æлæмы хуызæн у. Æлæм дæр-иу ныххæлар кодтой. Кæд-иу иу уыд, уæд иу барæг, кæд цалдæр æлæмы уыдысты, уæд та-иу сæ цалдæр барæджы хъæуы уынгты ахастой, барæй-иу сæ ныууыгътой, æмæ-иу сывæллæттæ сæ фæстæ згьордтой, æлæмæй цы адджинæгтæ æмæ дыргътæ хауд, уыдон уыгьтой. Барджытæ-иу æлæмты уæлмæрдтæм бахастой, бæхтæй-иу æрхызтысты æмæ ма-иу сыл цы баззад, уыдон æртыдтой, уым-иу сæ сывæллæттæн байуæрстой, æлæмы хъилтæ та-иу ингæныл цырты цур сæвæрдтой.  

Бадæнæхсæвы раздæры æгъдæуттæй ныр дæр бирæтæ кæнынц адæм. Кусарт, фынджыдзаг. Къордтæ-къордтæй фæцæуынц æмæ цырæгьтæ ссудзынц. Сылгоймæгтæ ацæуынц уæлмæрдтæм, семæ ахæссынц хойраг, адджинæгтæ, дыргьтæ, нозт æмæ хæрд, фæкæуынц, семæ цы хæринæгтæ ахæссынц, уыдон ныххæлар кæнынц, стæй дзы саходынц. 

  

16 Æртытæ Гæнæн,  

Сабаты Зианджынты Дуармæ Райсомæй Раджы 

Ног азы фæстæ фыццаг сабаты ног мæрдджынтæ райсом раджы сæ кæрты дуармæ арт скæнынц. Сыхæгтæй чи куыд раздæр сысты, афтæ арты цурмæ бацæуы. Артмæ сугтæ бахæссынц, уый мардæн удыбæстæ уыдзæн, зæгьгæ. Хистæр, арты цур чи уа, уыдонæн раарфæ кæны, абонæй фæстæмæ ацы кæрты дуармæ бирæ азты ахæм арт куыд нæуал фенæм, Хуыцау уый саккаг кæнæд, зиан рухсаг уæд, йæ зынджы хай макæд ахуыссæд, зæгъгæ.  

Аходæнафон куы свæййы, уæд мæрдджынтæ, цы хæрд æмæ нозт сцæттæ кодтой, уыдон рахæссынц, хистæр сæ ныххæлар кæны, æмæ дзы саходынц.  

Æртгæнæнты бæрæгбон амоны уый, æмæ ралæууыд тъæнджы мæй: уыдзæни уазал рæстæджытæ æмæ, хæдзарæй цы бинойнаг фæхъуыд, уый макæд суазал уæд, мæнæ йæ арты хай, æмæ, йæ алыварс чи ис, уыдоны куыд тавы, уыдоны куыд хъарм кæны, уый дæр афтæ тавæд, афтæ хъарм кæнæд.  

  

19 Донæскъæфæнтæ, Æртыццæджы 

Ног азæй æхсæз боны фæстæдæр ирон адæм бæрæг кодтой Доныскъæфæн. Ног азы-иу скодтой бирæ алыхуызон басылтæ æмæ-иу сæ Доныскъæфæн бонмæ нывæрдтой. Райсомраджы-иу ног чындз, хæдзары ног чындз нæй, уæд чызджытæй, кæнæ сылгоймæгтæй исчи басылтæ райста æмæ донмæ ацыд. Цас раздæр ацыдаид, цас раздæр æрбахастаид дон, уыйас хуыздæр. Aдæммæ афтæ каст: Доныскъæфæнты дон чи раздæр æрбахæсса, уыцы бинонтæ амондджындæр уыдзысты, уыдоны Хуыцауы хорзæх уыдзæн. Дондзау-иу скуывта, Хуыцау æмæ зæдтыл-иу бинонты бафæдзæхстæ Куывта æмæ, йемæ цы басылтæ рахаста, уыдоны сæртæ уылæнтæм æппæрстæ кæмдæр цæрынц доны чызджытæ æмæ сын барст фæуæнт, аз-азы дæргъы сын сæ бинонтæн æххуыс кæнæнт, хъуаг куыд ницæмæй æййафой. Дондзау донмæ цæугæйæ æмæ фæстæмæ здæхгæйæ дæр ницы дзырдтæ Донæй-иу хæдзары пъол, къултæ æмæ къуымтæ бапырх кодтæ Уыцы донæй-иу скодтой кувинæгтæ, сæхи дæр æхсадтой уыцы донæй. Иу ран-иу дзы ныккодтой, æфтыдтой йæм æмæ йæ азы дæргъы хардз кодтой. 

  

  

20-1 Согæвæрæн Майрæнæхсæвæ, Майрæнæхсæви, Устур-Дигори зилди гъæути; 

23 Фацбадæн, Хуыцаубоны 

Ацы бæрæгбон ма хонынц Фæстинон бадæнтæ дæр. Тынгдæр æй кæнынц Дыгуры. Фылдæр хатт æрцæуы Hог азы æртыккаг хуыцауæхсæвмæ. Фацбадæны-иу хъæутæм дæр æмæ хъæутæй дæр фондз боны дæргъы уазæгуаты ничи цыд. Бæрæгбон-иу хъæуы кæй æрæййæфта, уымæн рацæуыны бар уыди æрмæстдæр цыппæрæмы. Цыппар боны дæргъы-иу алы хæдзары дæр уыд кувинæгтæ, фæндзæм бон-иу сарæзтой хъæугуывд æмæ-иу Идауæги кувæндоны бын сæхи бафæдзæхстой Хуыцау æмæ иннæ зæдтыл, фæминас-иу кодтой, фæзарыдысты, фæкафыдысты-иу. 

Фацбадæн ахæм карз бæрæгбон уыд, адæм ын ахæм стыр аргъ кодтой, æмæ-иу уыцы бонты исчи куы амард, уæд æй нæ ныгæдтой, нæ йæм æвнæлдтой. Фацбадæны адæм куывтой Идауæгмæ. Уый у, адæмы рын æмæ емынæйæ чи хызта, суанг мæрдтæй дæр адæмы фæстæмæ чи здæхта, ахæм бардуаг. (Руслана Туаева «Обычаи осетин») 

  

29… Дигори изæд, Фæстаг Хуцауæхсæви – Къуæрей фæсте, Хæдзæртти, Задæлески; 

29… Зиниатæ (Уацелла), Фæстаг Сабати (сæумæ) – Къуæрей фæсте, Хæдзæртти, Хæнæзи; 

29… Зиниатæ (Гъæуизæд), Фæстаг Сабати (рæфти) – Къуæрей фæсте, Хæдзæртти, Дунти Фацбадæн:  

30-1 — Уасгерги, Геуæргибонæхсæви, Хæдзæртти, Устур-Дигори зилди гъæути. 

  

Датæйы Равзæрæн: Газет «Дигорæ» 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz