АЛАЙНАДЖЫ ТОХ РОМАГ ХÆСТОНИМÆ 

0
627

Æз куы амæлон, уæд-иу мыл 

Ды, мæ хæлар, ма кæ хъарæг! 

— Кæс,— зæгъ-иу,— тæхы æвдиуау, 

Иры урс бæрзæндтыл барæг! 

 

АЛАЙНАДЖЫ ТОХ РОМАГ ХÆСТОНИМÆ 

 

Æз цæрынæн нæ райгуырдтæн. 

Нæй мыл, ромæгтау, даргъ æвзаг. 

Мæн дæ ныхмæ æрцагуырдтой: 

— Та бан хас, ызнаг! 

Нæу нæ тугкалд мæ азымæй,— 

Уый мæ хæстон цард амоны… 

О, куыд бæллыс, куыд разы дæ 

Ацы сау тохы амондыл!.. 

  

Бæх дæ хæссынæй не ’фсæды, — 

Уасы, фесхъиуы, баризы. 

У сæ цард-амонд не ’фсæдтæн 

Баст нæ иуы уæлахизыл! 

  

Æз, æфсымæрау, уарзин дæу, 

Фæлæ тохы хъæр азæлыд, 

Уæд æзгъæры бын дадзинты 

Туг, ивылд фурдау, базмæлы. 

  

Æз дæ уындæй нæ бафсæдин, — 

Фидыцамад, ысгарбæрзæй! — 

Фæлæ ахсæв нæ иуы цин 

Хъуамæ сау нымæт бамбæрза. 

  

Исдуг хъаматæ рог ныдзæвдзысты, 

Уаз ирон чызджы риуты стæлфынау, 

Æмæ цирхъытæ сау æдзæм куысты 

Арвмæ калдзысты судзгæ стъæлфæнтæ. 

  

У нæ карз æгъдау — сатфæдисонæн 

Ратт фыццаджы бар ды фыццаг цæфæн! 

Рог куы ферттивы кард йæ фистонæй,— 

Нæу лæджы нысан, нæй лæмæгъ уæвæн! 

  

Дард ныззилдзынæ ды дæ сау фæринк, 

Тугæй айсæрддзæн уый мæ фæтæн гуыр… 

Æз ныхъхъæрздзынæн: «О, мæ тохы цин, 

О, мæ мады ’хсыр!..» 

  

Стæй уæд — гъай-да-гъа! — сары арæнмæ 

Лæг цы чæ быхсы! — 

Æз дæу айсдзынæн комы нарæгмæ 

Ам мæ хъæлæсы. 

* 

Цирхъы рог цъыввытт анæры, 

Кæмтты азæлы сонт мыр-мыр… 

Къух ма зæрдæйыл авæры: 

О, мæ мады ’хсыр… 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz