Иры Адæмы Бæрæгбæттæ æмæ Зианы кæндтæ

0
692

Æртхъирæны Мæй (Фæндагкъулгæнæн Мæй) / Комахсæни Мæйæ

3 Цæуæн цуппæрæн Цуппæрæни (сæумæ) Цуппæрæни Хæдзæртти, Устур-Дигори зилди гъæути 

5-6 Сæризæд (Сæризæди бæмпæгæвæрæн), Хуцауæхсæви, Хуцаубони -Хæдзæртти, Устур-Дигори зилди гъæути 

Сæризæд – бийнонти изæди хай 

Изæдтæ  

Æхсæвæй-бонæй Хуцауи размæ ка бадуй, уомæй адæммæ хуарз хабæрттæ ка хæссуй. 

Адæми дзæбæхдзийнадæбæл, федауцæбæл ка аразуй, уони хуарз хабæрттæ уæларвон Хуцаумæ ка хæссуй. 

Сæумæ æма изæрæй арвбæл, адæми гъæуайгæнæгæй, æртæ зе-лæни ка кæнуй, амменæ гæнгæй, еци сугъдæг уодтæ æнцæ изæдтæ, идаугутæ. 

Зæнхæбæл цидæриддæр адæймаг ес, уомæн уæларв ес изæди хай, гъæуайгæнæг Изæд. 

Алли адæймаги дæр е ‘зæди хай гъæуай кæнуй фидбилизæй, æхуарздзийнæдтæ ин финсуй æма дзоруй Хуцауæн. 

Изæди хай ес æгас бийнонтæн дæр – Сæризæд, æма æгас гъæуæн дæр – Гъæуизæд. 

Сæризæд æма Гъæуизæд адæми федауцæбæл зелунцæ, адæми кæрæдзебæл æнгон кæнунцæ. 

Гъæуайгæнæг Изæд бæрзæндти бадуй æма адæймаги будуйрон куст алли лæгъуз дунгæ æма къæвдайæй хезуй. 

Еци изæд – Будури Изæд, табу ин фæууæд! Нæ хумтæ, нæ игуæрдæнтæ уой иуазæг æнцæ. 

Изæдтæн æма идаугутæн табуйæй ковун гъæуй алли сæумæ дæр æма алли изæр дæр. 

Сæумæраги æма изæрдалингити етæ зелунцæ дуйнебæл амменæ гæнгæй, уони аммени сахати адæймаги цъухæй цидæр исхауа, уомæн æнæ æрцæуæн нæййес. 

Гъема, адæймаг æхе фудæлгъистæй гъæуай кæнæд, æ ковæн рæстæг фулдæр дарæд. 

Сæумон изæдтæ æма изæйрон идаугутæн табу фæууæд! Уонæн ковун гъæуй сæумæраги, кенæ ба рагизæр. 

Гъей, Хуцауи размæ лæугутæ, Хуцауæй адæммæ æма адæмæй Хуцаумæ хабархæсгутæ, табу уин фæууæд! 

6-13 6 Наф 

6 Стыр Нафы бон – хуыцаубоны 

13 Гыццыл Нафы бон – хуыцаубоны 

21 Мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бон (1999 нысангонд æрцыд ЮНЕСКО-йы Генералон конференцийы 30-æм сессийы) 

25 Зындгонд ирон фыссæг, поэт, драматург, ахуыргонд, æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамилы райгуырæн бон (1940-2011) 

25-27 Балдæрауз (зумæги кæрони уазал бонтæ), Майрæнбони, Къуæрей фæсте, Хæдзæртти 

27 Комахсæн (Галæргæвдæн хуыцаубон) – хуыцаубоны 

Адæймаг æрмæст бахæрын æмæ баназынмæ нæ рантыст ацы дунемæ, хъуамæ рæстæгæй-рæстæгмæ ахъуыды кæна йæ уды сыгъдæгдзинадыл дæр. Æмæ Комахсæнæн фыццаджы-фыццагдæр ис уыцы нысаниуæг. Бæрæгбон вæййы, Ногбонæй фондз-æхсæз къуырийы куы рацæуы, мæй куы сног вæййы, уæд. Фылдæр хатт вæййы æртхъирæны мæйы дыккаг къуырийы Хуыцаубон.  

Бæрæгбон-иу райдыдта цыппæрæмæхсæв. Ахаста-иу дыууæ къуырийы. Фыццаг къуыри – Фыдыкомбæттæн, дыккаг – Урсы къуыри. Алы бонæн дæр – йæхи сæрмагонд нысаниуæг. Фыццаг къуыри-иу райдыдта хуыцаубоны, уæд-иу акусарт кодтой. Æмæ уымæ гæсгæ уыцы бон хуыйны Галæргæвдæн Хуыцаубон. Уæд ма къуырийы дæргъы уыд дзидза хæрæн. Къуырисæр – Алардыйы бон, табу æмæ йын лæгъстæ кодтой, фæдзæхстой йыл сабиты, йе ргом сæм куыд никæд раздаха, йæ чъылдыммæ йын кувдзысты. Адæм тарстысты, Алардыйы зæрдæхудты куы бацæуой æмæ сæ куы бафхæра, дзуарæй куы фæрынчын уой. Дыккаг – Уастырджийы бон. Адæм уыдысты хъæлдзæг, зарыдысты, кафыдысты. Цыппæрæмы мысыдысты сæ мæрдты, уыцы бон ма табу кодтой Мыкалгабыртæн дæр, цæмæй бæркадджын, хор æмæ фосæфсæст уой. Уыцы бон кусын не мбæлди. Майрæмбон – Мады Майрæмы бон. Сабаты мысыдысты сæ мæрдты, иумæ-иу сын хист скодтой. Къуырийы дæргъы-иу аргæвстой дыууæ-æртæ кусæрттаджы. Уый фæстæ-иу цæттæ кæнын райдыдтой Урсы къуыримæ. Къустæ æмæ иннæ мигæнæнтæ-иу сыгъдæг ныхсадтой, сойы, дзидзайы фæд сыл куыд нæуал баззайа, уымæн æмæ уæд дзидза æмæ дзидзайæ конд хæринаг хæрæн нал уыд, хордтой æрмæстдæр урсагæй конд хæринæгтæ. Бæрæгбонмæ-иу сæрмагондæй бацахстой цыхтытæ, фæззæджы-иу царв скодтой æмæ-иу æй нывæрдтой Урсы къуыримæ.  

Хуыцаубоны-иу изæрæй бинонтæм æнхъæлмæ каст дзаджджын фынг. Къуырисæры дардтой мархо, æхсæвæрæн-иу сцæттæ кодтой мисын, чъиритæ, хъайла, урсагæй конд хæринæгтæ. Урсы къуыри ныр адæм фылдæр зонынц Цæрвхæрæнтæй. Чъиритæ-иу царвæй парахат байсæрстой. Фæззæджы Цæрвхæрæнтæм цы царв сæвæрдтой, уый-иу систой. Уымæй фыццаг бахæрыны бар уыди бинонты кæстæрæн. Комахсæны бæрæгбон ныр адæм фыццаджы хуызæн нал кæнынц, фæлæ бынтон рохуаты дæр нæ баззад. 

Комахсæн – ирон чырыстæтты зымæгон циклы къæлиндарон бæрæгбæттæй иу, кодтой йæ стыр комдарæнты (мархойы) размæ. Комахсæн уыдис дыууæ хайæ, алы хайæн дæр уыдис хицæн ном, ахаста-иу иу къуыри. Фыццаг къуыри хуыдтой Фыды комбæттæн (ацы комбæттæнты рæстæджы дзидза хæрыны бар уыдис). Райдыдта-иу Галæргæвдæн Хуыцаубонæй. Фыццаг къуырийы бонтæй алы бон дæр уыдис ирон иумæйаг дзуæрттæй иуы номарæн бон: къуырисæр Алардыйы номарæн бон, дыццæг – Уастырджийы, цыппæрæм – Мыкалгабыртæ; майрæмбон – Мады Майрæмы, сабаты-иу скодтой стыр æхсæны хист. Дыккаг къуыри хуындис Урсы къуыри (хæрæн уыдис æрмæстдæр урсаг хæринаг) кæнæ хъæлдзæг къуыри, уымæн æмæ дзы уыдис алыхуызон хиирхæфсæнтæ æмæ фæсивæды спортивон ерыстæ. Дыккаг къуырийы къуырисæр уыдис Алардыйы номыл, майрæмбон – Тутыртæ, дыццæг æмæ æртыццæг кодтой хæдзарон куыстытæ, цыппæрæм æмæ сабат уыдысты мæрдты номарæн бонтæ, уыцы бонты-иу бинонтæ сцæттæ кодтой фынг сæ мæрдты номыл æмæ-иу сын æй ныххæлар кодтой, ахæм фынджы уæлхъус-иу бадтысты æрмæстдæр бинонтæ сæхæдæг. 

 

27- 05/03 Фыды комбæттæны къуыри 

28 Аларди Фыццаг 

Рыны бардуагæн йæ ном, йæ миниуджыты хуыздæр æвдисæн. Адæм æм куывтой, цæмæй сæ рынæй хъахъхъæна, æвирхъау низтæй хызт уой. Раздæрты Рыны бардуаджы бæрæгбон уыд стырдæр, ахъаззагдæр бæрæгбæттæй иу. Аларды у ноджы карздæр бардуаг, фадынæг æмæ цæсты низты бардуаг. Уæлдай æмхицдæр у сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæм. Ирыстоны йæ номыл ис бирæ кувæндæттæ. 

Аларды у тынг карз бардуаг. Йæ хъыджы бацыдтæ, уæд дзы дæ сывæллæтты, дæхи хъахъхъæн. Адæм æм куывтой тæрсгæ-ризгæйæ, хатыртæ кургæйæ йыл фæдзæхстой сæ сывæллæтты. 

Хохаг хъæутæй бирæты уыди «Алардыйы хуымтæ». Уырдыгæй цы тыллæг, цы хор æмбырд кодтой, уымæй арæзтой æхсæны куывдтæ. Бæрæгбоны-иу ног чындзы ахуыдтой Алардыйы кувæндонмæ, æмæ-иу æй хистæр сылгоймæгтæ дзуарыл бафæдзæхстой, цæмæй йын, цы гуырдтæ рантыса, уыдон цæринаг уой, æнæниз, æнæфыдбылызæй рæзой. 

  

Алардыйы куывд 

– Аларды, табу дын уæд! 

– Оммен, Хуыцау! 

– Hæ сабитæ де уазæг уæнт! 

– Оммен, Хуыцау! 

– Хуссары мæнæуæй дын чъиритæ кæндзыстæм, 

Æвзаргæ хорæй дын бæгæнытæ фыцдзыстæм, 

Бурхъус нæл уæрыччытæ дын нывондæн хæсдзыстæм. 

– Оммен, Хуыцау! 

– Усгур лæппутæ – дæ кусартгæнджытæ. 

– Оммен, Хуыцау! 

– Чындздзон чызджытæ – дæ чъиригæнджытæ. 

– Оммен, Хуыцау! 

– Кæстæр фæсивæд – дæ омменгæнджытæ, 

Æмæ сæ де уазæг бакæн. 

– Оммен, Хуыцау! 

– Хъазгæ нæм æрцу, худгæ нæ ныууадз, 

Дæ рынтæ бахæрæм. 

– Оммен, Хуыцау! 

– Фиддæгтæ-иу ратт, 

Де зæлы дысæй-иу сæ расæрф, афтæмæй. 

– Оммен, Хуыцау! 

– Дæ чъылдымæн дын кувдзыстæм, 

Де ‘ргом нæм ма раздах, 

Афтæмæй дын табу, рухс Аларды! 

– Оммен, Хуыцау! 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz