МÆХЧЕСКИ ГАЛАУАНИ ИХÆЛДЗÆНТÆ
Æгудзæгхуз, цард си рагæй не ‘райуй,
Æрдзæ ниууагъта ами æмирвæд.
Кæддæри тохмæ седти уæрæйдайæн
Нæййес ами нæдæр æ кой, æ фæд.
Хъуæцæ не ‘скæлуй ами изæрдарти,
Иссæй æлдар фæлабулай мæрдвун.
Не ‘гъусуй худт æд гогæнттæ дондзаутæй,
Нæ ба фиййаугуй не ‘срæйуй æппун.
Нæ райгъусуй фæдеси тарст гæрæхтæ,
Нæ райгъусуй фидтæлти ниццæлхъ зар.
Æндон кæрдтæ кæрддзæмти æмирæхгæд, –
Не ‘халунцæ æхсæви сабур тар.
Дуйне къуру… Ка ‘ссердзæй си æ уасæ,
Хъамил фалдзос æд хæрдæ, æд урдуг.
Æрмæст мæсуги рагон æхсæн цъасæй
Кæсуй фунæй дуйнемæ хъæрæу уг…
ЦÆГОЛТИ Геуæрги æмдзæвгæ дигорон æвзагмæ ратæлмаци кодта КОЛИТИ Витали.
Георгий Цаголов
ДИГОРÆ, No: 15. 2021, 28 ХУМИДАЙÆНИ МÆЙÆ