Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ, «Тæргæйтты Мæй / Кæрдæгæзмæлæн»

0
612

6-12 Урсы къуыри,  

Хуыцаубоны – Сабаты 

6 Аларды Фаестаг, Хуыцаубоны 

Аларды у карз бардуаг, фадынæг æмæ цæсты низты бардуаг. Уæлдай æмхицдæр у сылгоймæгтææмæ сывæллæттæм. Ирыстоны йæ номыл ис бирæ кувæндæттæ. Аларды у тынг карз бардуаг. Йæ хъыджы бацыдтæ, уæд дзы дæ сывæллæтты, дæхи хъахъхъæн. Адæм æмкуывтой тæрсгæ -ризгæйæ, хатыртæ кургæйæ йыл фæдзæхстой сæ сывæллæтты. Хохаг хъæутæй бирæты уыди «Алардыйы хуымтæ». Уырдыгæй цы тыллæг, цы хор æмбырд кодтой, уымæйарæзтой æхсæны куывдтæ. Бæрæгбоны-иу ног чындзы ахуыдтой Алардыйы кувæндонмæ, æмæ-иу æй хистæрсылгоймæгтæ дзуарыл бафæдзæхстой, цæмæй йын, цы гуырдтæ рантыса, уыдон цæринаг уой, æнæниз, æнæфыдбылызæй рæзой. Алардымæ кувгæйæ адæм ссардтой фæлмæн, уæздан, зæрдæбын ныхæстæ. Хуыдтой йæ «Рухс Аларды», «Сызгъæринбазыр Аларды», «Сызгъæрин Аларды», «Сырх Аларды» æмæ афтæ дарддæр. Алардыйæн чъиритæ кодтой, зæххы хуссар хайы цы мæнæу зади, уый ссадæй. Нывонд ын кодтой урсуæрыкк. Кувгæйæ- иу дзырдтой: «Уæ, рухс Аларды, табу дæуæн! Нæ чысылтæ де уазæг, не стыртæн цæстырухс ратт. Уæ, Аларды, табу дæуæн! Дардæй дын кувдзыстæм, хæстæгмæ нæм ма рцу, куы рцæуай, уæдхъæлдзæгæй, фæстæмæ куы цæуай, уæд та нæ худгæйæ ныууадз».Ныры рæстæджы дæр Аларды у, адæм арæхдæр кæмæн табу кæнынц, уыцы дзуæрттæй иу. Сылгоймаг кувыæмæ йын йæ ном ма ссара, йæ кæстæрты йыл ма бафæдзæхса, уый арæх нæ вæййы.Алардыйы бæрæгбон иутæ кæнынц тъæнджы кæнæ æртхъирæны мæй, иннæтæ зæрдæвæрæны мæй, чи тайæ кæны сусæны, майрæмы, рухæны мæйты. 

«Кувæндон «Тибы Таранджелоз», Свати Фарнæ Тæргæйтты Мæй

Ирон мифологийы æппæты карздæр бардуаг, сывæллæтты низфадынæджы бардуаг. Рагон Ирыстоны иу фадынæгæй сабитæ дзæвгартæй цагъды кодтой, цы сывæллон иудзы фæрынчын, уымæн иу сдзæбæх æнхъæл ничиуал уыд. Афтæ карз уыд ацы низ, æмæ дзы ирон адæмтынг тарстысты. Уый тыххæй дзы нымд кодтой, йæ фæсномыгæй йæ хуыдтой «дзуар». Дзуары бынаты йæсæвæрдтой. Аларды та уыд йæ бардуаг. Уымæ куывтой, уымæй агуырдтой, цæмæй сын сæ цотмæ фадынæгма æрбауадза. Алардыйы хуыдтой рухс, сыгъзæрин. «Рухс, сыгъзæрин Аларды, табу дæхицæн, куывта-иухистæр. 

Зæхмæ куы æрцæуыс, уæд-иу нæ хъазгæ-худгæйæ ныууадз! 

Де ‘ргом нæм макуы равдис. Дæчъылдыммæ дæм сыгъзæрин тæбæгъты кувдзыстæм». Алардыйы бæрæгбон афæдз вæййы дыууæ хатты: уалдзæджы æмæ рагвæззæг, къуырийы бонтæй та – къуырисæры. Ирон адæммæ-иу уæлдай кадджындæр уыд, сывæллæттæ-иу фадынæгæй рынчын кæнын куырайдыдтой, уæд. Рынчыны цур хъæрæй ныхас нæ уагътой, чи йæм каст, уый та хъуамæ уыдаидхæрзсыгъдæг æмæ аив уæлæдарæсы. Алардыйæн æргæвстой урс уæрыччытæ, кæнæ афæдздзыд фыстæ. Цæмæййын йæ хорзæх ссардтаиккой, уый тыххæй-иу йæ номыл куывдтæ адаргъ сты мæйы бæрц дæр. 

Алардыйы куывдты кæд устытæ нæ бадтысты, уæддæр ыл уыдонæй тынгдæр ничи аудыдта: цотгæнæг уыдонсты, сомы дæр дзы уыдон кодтой. Ногбоны-иу Фыссæн æхсæвы чызджытæ куывтой, цæмæй сын Аларды сæфидæны цот фадынæгæй бахъахъхъæна. Уæдæ æппæты тынгдæр æлгъыст та уыд: «Алардыйы фыдæхссар». 

Фадынæгæй иу цы сывæллон амард, ууыл Алардыйы тæсæй кæугæ дæр нæ кодтой. Алардыйы зарæгкæнгæйæ-иу æй баныгæдтой. Алардымæ кувгæйæ адæм ссардтой фæлмæн, уæздан, зæрдæбын ныхæстæ. Хуыдтой йæ «Рухс Аларды», «Сызгъæринбазыр Аларды», «Сызгъæрин Аларды», «Сырх Аларды» æмæ афтæ дарддæр. Алардыйæн чъиритæ кодтой, зæххы хуссар хайы цы мæнæу зади, уый ссадæй. Нывонд ын кодтой урс уæрыкк. Кувгæйæ-иу дзырдтой: «Уæ, рухс Аларды, табу дæуæн! Нæ чысылтæ – де уазæг, не стыртæн цæсты рухс ратт. Уæ, Аларды, табу дæуæн! Дардæй дын кувдзыстæм, хæстæгмæ нæм ма рцу, куы рцæуай, уæд хъæлдзæгæй, фæстæмæ куы цæуай, уæд та нæ худгæйæ ныууадз». Ныры рæстæджы дæр Аларды у, адæм арæхдæр кæмæн табу кæнынц, уыцы дзуæрттæй иу. Сылгоймаг кувы æмæ йын йæ ном ма ссара, йæ кæстæрты йыл ма бафæдзæхса, уый арæх нæ вæййы. Алардыйы бæрæгбон иутæ кæнынц тъæнджы кæнæ æртхъирæны мæй, иннæтæ зæрдæвæрæны мæй, чи та йæ кæны сусæны, майрæмы, рухæны мæйты. 

“Легенда горы Тбау”(Фильм)  

youtube.com/watch?v=2FwY4mjlPjg   

8 Æппæтдунæон Сылгоймæгты Бæрæгбон,

Дыццæджы

12 Рудзryыты бон, Сабаты 

Уыцы бон дуартты, рузгуытæы, тарвазтæ сæрстой сойæ. ХУРЗÆРИН, Хуры бардуаг. Хурмæ кувгæйæ ирон лæг дзуры Хурзæрины ном. Уымæй куры æхцон хуры хъарм, ууыл фæдзæхсы йæхи, цæмæй зæхх бахиза хурфæлтæрæй, хурсыгъдæй. 

– Ирон æппæты рагондæр хуры бардуаг; уæлдай кадджын уыдис Иры хæхбæсты. Хурзæринæн уыдис йæхи сæрмагонд бæрæгбон Рудзынджы бон, кодтой йæ æгас хъæубæстæ дæр мартъийы фыццаг æмбисы фыццаг хуры тынты номыл. Фæстæдæр иуæй-иу хохаг хъæуты Хурзæрины бæрæгбон кæнын байдыдтой хуым райдайыны бæрæгбонимæ иумæ. 

14.03-17.04 Комбæттæн,

Къуырисæры

Цæрвхæрæнты къуыри куы ахицæн вæййы, уæд къуырисæры райдайы Комбæттæн. Раздæр ирон адæмæй бирæтæ дардтой ком, хордтой æрмæстдæр урсагæй конд хæринаг. Дыццæджы мархо дардтой Уастырджийы тыххæй. Мархо дардтой нæлгоймæгтæ дæр æмæ сылгоймæггæ дæр. Æртыццæджы ком дардтой æрмæстдæр сылгоймæгтæ, хуыдтой йæ цъиуты комдарæн. Сæ ком-иу куы суагътой, уæд-иу скуывтой, цæмæй сæ мæргътæ æнæфыдбылыз уой, фылдæрæй-фылдæр кæной, хорз хъуыддæгтæн хъæуой. Цыппæрæм уыд Рæстмæйы бон. Ком дардтой нæлгоймæгтæ дæр, сылгоймæгтæ дæр. Сæ ком-иу куы суагътой, уæд скуывтой, цæмæй сын рæстмæгæнджытæ, ома дзуæрттæ сæ хъуыддæгтæ рæстмæ кæной, фидæн аз сыл хуыздæрæй æрцæуæ. 

14-16 Стыр Тутыртæ,

Къуырисæры 

16 Цьиуты комдарæн,

Æртыццæджы 

17 Рæстæйы бон, Цыппæрæмы (кодтой-йæ сылгоймæгтæ)  

https://www.youtube.com/watch?v=4_2abH1-EIk 

20 Уалдзыгон Бонæмиасад,

Хуыцаубоны (Сабатæхсæв) 

Уалдзæджы æмæ Ног азы бæрæгбон, ирайнаг, кавказаг æмæ тюркаг адæмыхæттытæм. Ном Навруз цæуы (перс. Now ruz) ирайнаг æвзæгтæй æмæ телмацы дæтты «ног бон». 

21 Рагон Ирон Ногбон, Къуырисæры 

22 Рæмон бон, Дыццæджы 

Хумидайæн (диг.) – Ирон дзыллæты иумæйаг бæрæгбон Уациллайы номыл. Кодтой йæ уалдзæджы, хъæууонхæдзарадон куыстыты размæ, быдыры хъæуты та – фæззæджы дæр, фæззыгæндтæ тауыны размæ. Бæрæгбон-иу фæткмæ гæсгæ æргæвстой нывонд нард нæл фыс, иуæй-иу хатт та – уæныг. Бæрæгбоны æгъдау куыд амыдта, ахæм магион архайд кæнгæйæ Уациллайæ куырдтой стыр хорæрзад фæззæджы æмæ-иу дзырд радтой, кæй никуы ферох кæндзысты дзуары уыцы хорзæх. Фæстæдæр Рæмонбон хонын райдыдтой Хор-хоры бæрæгбон. 

22 Хоры бон / Хумидайан, Дыццæджы 

Хорыбон у уалдзыгон куыстыты райдайæн бæрæгбон. Стыр ахадындзинад ын уыди ирон адæмы фыдæлты царды. Бæрæгбонæн уыди цалдæр номы: «Зæхмæ бавналæн бон», «Нæмыгхæссæн бон», «Хоры Уациллайы куывд». Бæрæгбон вæййы, Комбæттæнæй дæс боны куы рацæуы, уæд. Хъæубæстæ кодтой иумæйаг куывд, фæлæ уымæй уæлдай алы бинонтæ дæр сæ хæдзæртты куывтой æртæ чъирийæ. Адæм-иу æрæмбырд сты бæрæг ранмæ æмæ-иу иннæ азæн куывды лæг равзæрстой. Куывды фысым чи уыд, уыдон-иу, хъæумæ хæстæгдæр цы зæххы гæппæл уыд, уырдæм ацыдысты. Зæххы гæппæлыл-иу дзывырæй æртæ зылды æркодтой, куывды лæгæн кæй авзæрстой, уый-иу дзы хор байтыдтæ Скуывтой-иу хуыцаумæ, Уацилламæ, иннæ зæдтæм æмæ-иу хъæумæ, куывдмæ æрбацыдысты… 

Хистæрмæ сыкъа радтой æмæ скуывта Хуыцаумæ, хъæубæсты бафæдзæхста Уациллайыл, ног хуымзæххы цы гага ныппарой, уый куыд фæрæстмæ уа, фæззæг хъæздыг тыллæг куыд сисой, чындзæхсæвтæ, чызгæрвыстытæ, куывдтæ куыд кæной. 

Фæстагмæ лæппуты рдæм разылд: 

– Цы курут, лæппутæ? 

– Хор, хор, хор! 

– Цы курут, лæппутæ? 

– Хоры Уациллайæ хор курæм. 

Фидæн аз куывд кæмæ уыдзæн, уымæн ацаходын кодтой, йæ сæрыл ын, цы сæм и – быламыхъ кæнæ къуымæл, уый парахатæй рауагътой. Уыцы рæстæг хистæр кувæгау дзуры: ацы къуымæл (быламыхъ) куыд парахатæй кæлы, афтæ парахат уæд хор, афтæ бæркадджын уæнт аз-азы дæргъы, афæдзæй афæдзмæ. 

Фидæны куывды фысымæн-иу хæдзармæ арвыстой æртæ чъирийы, нозт, кусартæй кувæггаг. Хуыцау æмæ-иу æй Йе сконд зæдтыл бафæдзæхстой. 

Хорыбон у уалдзыгон куыстыты райдайæн бæрæгбон (кæс Хоры бон). Стыр ахадындзинад ын уыди ирон адæмы фыдæлты царды. Бæрæгбонæн уыди цалдæр номы: «Зæхмæ бавналæн бон», «Нæмыгхæссæн бон», «Хоры Уациллайы куывд». 

Уациллайы куывд 

Арвы Уацилла, табу дае хорзаехаей! Арвы Уацилла, Хуыцауаей заеххы ’хсаеи минаевар дае, фаеллойы хицау дае, аердзы бардуаг дж, аемае цыдаериддаер ис хорздзинадаей, уымаей хайджын куыд уой дае куваег адаем, уыцы ахъаз сын бакае! 

Оммен, Хуыцау! 

Арвы Уацилла, баерзопдыл бадыс, баерзондаей ныл- лаегмае хорздзинадаей дае цаест бауарзаед, куваег адаем дае уазаег! 

Оммен, Хуыцау! 

Арвы Уацилла, дае куваег адаем фыдбылызаей ирваезт куыд уой, амондаей та аефсаест куыд уой, ахаем ахъаз бакае! 

Оммен, Хуыцау! 

Арвы Уацилла, цы хор, фосыл хаест сты адаем, уый сын куывдты хаеринаг куыд уа, уыцы ахъаз сьїн бакае! 

Оммен, Хуыцау! 

Чызгаей, лаеппуйае рухс фаендаегтыл куыд цаеуой. Уациллайаен куваендонаен алы ран даер уыд саермагонд сыгъдаег бынат. Ахаем бынат таегиатаем ис Тбауы лаегаетмае аеввахс. Ардыгаей цаеуы куваендоны ном Тбау-Уацилла. Уый у уаелвонг ран. Таураегъмае гаесгае, ацы бынаты Уацилла йае бал-цы раестаеджы аерулаефыд фыццаг хатт.Тбау-Уацилла рагон аемае тынг кадджын бардуаг каей у, уый зыны ахаем цауаей даер: раджы заманы, дам, ираеттае афаедз иу хатт аембырд кодтой Тбауы лаегаеты цурмае аемае ам хъуыстой алыхуызон алаемаеты таураегътаем ацы лаегаеты тыххаей. 

26 Лауызгæнæнтæ / фыццаг, Сабатæхсæв 

Хорыбоны фæстæ сабатизæр вæййы Лауызгæнæн. Уый у зæронд мæрдты мысæн бон. Лауызгæнæнтæ аргъуан амоны аразын æртæ хатты, дыууæ хатты та сæ скæнынц рагон ирон æгъдаумæ гæсгæ, уыимæ бæттынц тауæн куыстыты райдыд. Хуссар Ирыстоны майрæмбоны нысан кæнынц фæстаг Лауызгæнæн аргъуан æмæ адæмон æгъдаумæ гæсгæ. Ирон фынгтыл мæрдты мысæн изæр – майрæмбонæй сабатмæ æхсæвы зианджын бинонтæ рухс фæкæнынц лауызтæ, дзæрнайæ. Адæмон æгъдаумæ гæсгæ та Лауызгæнæнтæ аразынц дыууæ хатты. Историон зонæдты кандидат Кокойты Азайы ныхæстæм гæсгæ, ацы æгъдау æнгом баст уыд зæххы куыстимæ. Уый ма радзырдта, зæгъгæ, фыдæлты уырнынадæ гæсгæ фыццаг Лауызгæнæны мæрдтæ æрцæуынц ацы дунемæ стæры. «Мæрдтæ иу къуырийы æмгъуыдмæ вæййынц зæххыл, фыццыл Лауызгæнæнæй сыл сæмбæлæм, дыккагæй та сæ афæндараст кæнæм се ʻнусон бынатмæ. Стыр хъусдард ацы бонты нæ фыдæлтæ здæхтой хæдзары сыгъдæгдзинадмæ, къуымты хоры нæмыг макуы хъуамæ уыдаид, цæмæй бинонтæн аз хорз ацыдаид. Нæмыгыл мæрдтæ куы фæхæст уыдаиккой, уæд уый нысан кодта, бинонтæм уыцы аз кæй æрцæудзæн зиан» (Кокойты Аза). Лауызтæ кæд адæмæн сты уарзон аходæн, уæддæр сæ сæйраг нысан у мæрдты ном ссарын. Адæмы уырнынады æрфидар ахæм хъуыды, лауызтæ цы бинонтæ не сцæттæ кæнынц, уыдонæн сæ мæрдтæ уыцы бæстæйы баззайынц æнæаходæнæй. 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz