Сæбæтхъуаты Рамазан Аслан

0
623

РАЙСОМЫ ДЫМГÆ 

  

Ай та райсомы дымгæ у.  

Хъуысы дæумæ, мæнмæ.  

Мысын дзы Ирыстоны Мады зæрдæйы.  

Дымы Цæгатæй Хуссармæ,  

Хуссарæй – Цæгатмæ.  

Куы ахицæн стæм фы дæлты бæстæй,  

Цæуы йыл æнусæй фылдæр.  

3онут, не ‘фсымæртæ?  

Саст нæ бызыртæ, мæгуыр нæ зæрдæ!  

Райсомы дымгæ у ай.  

3ондзæн сымах æмæ мах,  

Дымдзæн Цæгатæй Хуссармæ,  

Хуссарæй – Ирыстонмæ.  

Цæгаты дымгæ у ай,  

Хæссы Ирыстонæй тæф,  

Сæрибар бæстæйы тæф.  

Нæу райсомы дымгæ ай…  

  

05.06.1978 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz