Сæбæтхъуаты Рамазан Аслан

0
561

МЫСТАФАЙЫ ЧЫНДЗЫ ЗАРÆГ*  

  

Ай зарæг нæу, нæдæр хъарæг у…  

Ног уыди – адæм ын кад кодтой…  

Ныр нал у цæрæг:  

Базæронд, æрхаудта… Уæддæр та  

йæ мыггаг – бæрæг:  

Бойалыхъаг** Мæхæмæты фырт у  

сымахæн арфæгæнæг.  

Ирон адемы хъузон фæзынди.  

Бафæрсут-ма йæ, цымæ, цытæ дзуры?— 

“Цæф арс, дам, цæй мæсты у:  

хохæй къæдзæхтæ тулы.  

Уæдæ уари та, дам, цæй цыбæл у:  

алцыдæр хæрынмæ бæллы…  

Мыстафайы чындзы цæсгомæй, дам,  

амонд кæлы.  

Сидзæр лæппу, дам, æлдары чызджы  

уарзта.  

Æлдары чызг йæ бонæй куыннæ уа:  

Айдæнмæ йæ рæсугъд дзыккутæ фаста.  

Мæгуырмæ амонд кæцæй уа:  

Æлдар ын, зæгъы, йæ тых асаста…  

Ног чындз та, зæгъы,  

Мыстафайы хæдзармæ амонд айхаста. 

Се сиахс, зæгъы, æндæр æвзагæй уыди, 

фæлæ бакастæй тынг у…  

Хистæрыл ма худут, кæстæртæ, — 

Хистæр ирон æгъдауæй раст у.  

Æмæ, зæгъы, уый та цей хъæр у! — 

Уый та, дам, стонг цæргæсы уаст у.  

Мыстафайы чындз, дам,  

     амондджын боны хаст у.  

Къуылых къогъо, дам, бынат скодта  

Намруты*** фындзыл,  

Нæ, дам, дзы фæхæст  

холыйаг бындзыл…  

Уæдæ ирон лæг щей уынгæг зард кæны  

хъæуы сæр рындзыл…  

Хуыцау, дам, амонд ныккалдта  

    Мыстафайæн йæ нæуæг чындзыл.  

Дæлæ уыцы æлдар та цæй хъал цыд  

    фæкæны, йæ худ та — къулæй.  

Уæдæ мæгуыр лег æддæмæ дæр куынæ кæсы:  

    йæ дарæстæ — скъуыд, æмпъызт —  

зæбулæй…  

Йæ къуымы бады, уæрджыты астæу —  

йæ барзæй зулæй… 

Хуыцауей, дам, дзырд æрцыдис: амондджын 

    Мыстафайы чындз суинаг хъæбулæй”.   

  

* Зарæг Æлбегаты Ибийы ныхæстæм гæсгæ ныффыста Сæбæтхъуаты Рамазан Аслан. 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz