Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ Зæрдæвæрæны Мæй/Ханси Мæйæ – Цийнæмæйæ

0
493

Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ

Зæрдæвæрæны Мæй/Ханси Мæйæ – Цийнæмæйæ

1 Хуыцаубоны – Уалдзæг æмæ Куысты Бæрæгбон 

Ацы бæрæгбон фæзынд рагон Италийы. Бынæттон знæмтæ 1-æм майы кад кодтой зайæнады дауæг Майяйæн. Майы мæй дæр схуыдтой йæ номы тыххæй. Афтæ нымадæуыд, ома, зæгъгæ, цас хъæрдæр æмæ бæрæгбонгъуыздæр банысан кæнай 1-æм май, уыйас фылдæр райсдзынæ тыллæг. Муртатдзинад аивды фæстæ ацы бæрæгбон рохуаты аззад, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ та йæ сног кодтой æмæ та йæ райдыдтой нысан кæнын XIX-æм æнусы. 1886 азы америкæйаг горæт Чикагойы бынæттон кусджытæ рацыдысты митингмæ æмæ домдтой, цæмæй сын сæ куысты бон фæкъаддæр кодтаиккой 8 сахаты онг. Æртæ азы фæстæ, ацы тугæйдзаг цауты мысыны тыххæй Парижаг конгрессы II интернационал схуыдта 1-æм май кусæг къласы æхсæндунеон æмуддзинады бон. 

  

3 Дыццæджы – Аларды 

Алардыйы бæрæгбоны хæдразмæ фæкæнынц Рыны бардуаджы бæрæгбон. Рыны бардуагæн йæ ном – йæ миниуджыты хуыздæр æвдисæн. Адæм æм куывтой, цæмæй сæ рынæй хъахъхъæна, æвирхъау низтæй хызт уой. Раздæрты Рыны бардуаджы бæрæгбон уыд стырдæр, ахъаззагдæр бæрæгбæттæй иу. Аларды у ноджы карздæр бардуаг, фадынæг æмæ цæсты низты бардуаг. Уæлдай æмхицдæр у сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæм. Ирыстоны йæ номыл ис бирæ кувæндæттæ. Аларды у тынг карз бардуаг. Йæ хъыджы бацыдтæ, уæд дзы дæ сывæллæтты, дæхи хъахъхъæн. Адæм æм куывтой тæрсгæ-ризгæйæ, хатыртæ кургæйæ йыл фæдзæхстой сæ сывæллæтты. Хохаг хъæутæй бирæты уыди «Алардыйы хуымтæ». Кувгæйæ-иу дзырдтой: «Уæ, рухс Аларды, табу дæуæн! Нæ чысылтæ – де уазæг, не стыртæн цæсты рухс ратт. Уæ, Аларды, табу дæуæн! Дардæй дын кувдзыстæм, хæстæгмæ нæм ма рцу, куы рцæуай, уæд хъæлдзæгæй, фæстæмæ куы цæуай, уæд та нæ худгæйæ ныууадз». Ныры рæстæджы дæр Аларды у, адæм арæхдæр кæмæн табу кæнынц, уыцы дзуæрттæй иу. Сылгоймаг кувы æмæ йын йæ ном ма ссара, йæ кæстæрты йыл ма бафæдзæхса, уый арæх нæ вæййы. Алардыйы бæрæгбон иутæ кæнынц тъæнджы кæнæ æртхъирæны мæй, иннæтæ зæрдæвæрæны мæй, чи та йæ кæны сусæны, майрæмы, рухæны мæйты. 

  

8 Хуыцаубоны – Таранджелос  

Ирон адæмы рагондæр бæрæгбæттæй иу у Таранджелоз. Нарты хъæбатыртæй иу Батырадз – куы фæмард, уæд Хуыцау æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдон кæм æрхаудысты, уым арæзт æрцыд æртæ кувæндоны: Реком, Мыкалгабыр æмæ Таранджелоз. Таранджелоз у хорарæх æмæ хосарæхы бардуаг. Йæ кувæндон ис Тырсыгомы, бæрзонд хохы сæр. Бæрæгбон фæкæнынц Куадзæнæй æртæ къуырийы фæстæдæр хуыцаубоны. Таранджелозæн нывонд кодтой фыс кæнæ уæрыкк. Кувæндонмæ-иу æй аластой æмæ-иу æй уым аргæвстой. Бæрæгбон-иу ахаста цалдæр боны. Арахъ æмæ-иу бæгæны рагацау скодтой æмæ-иу хъæлдзæгæй, æхсызгонæн фæбадтысты; зарыдысты, кафыдысты. Æрыгон фæсивæд-иу бæхтыл хъазыдысты, æвдыстой сæ арæхстдзинад, сарæзтой-иу дугъ. Хистæртæ цин кодтой сæ кæстæрты арæхстдзинадыл. Куывтой Таранджелозмæ, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, уæд хор æмæ хосхъуаг никуы уыдзысты.  

Алы аз дæр майы мæйы Тырсыгомы Таранджелозы номыл кодтой бæрæгбæттæ. Амы цæрджытæм уыдис уæлдай кадджын, нымадтой йæ комы дзуарыл. Йæ кувæндон ис бæрзонд хохы сæр, Четойты хъæумæ ’ввахс. Дзуары бынмæ иу æрæмбырд сты Тырсыгомы цæрджытæ, стæй Тырсыгомæй æндæр кæмттæм алидзæг адæм, аргæвстой иу цалдæр уæрыччы æмæ бæлвырд фæтк æмæ æгъдаумæ гæстæ табугæнгæйæ, Таранджелозæй куырдтой, цæмæй ратта стыр хорæрзад, дзаджджын кæрдæг, æнæниздзинад æмæ амонд кувæг адæмæн сæхицæн, æмæ сæ байзæддæггæн фидæны, фосы бахъахъхъæна алыхуызон низтæй. Таранджелозæн табу кодтой Ирыстоны иуæй-иу æндæр рæтты дæр, зæгъæм: Тиб (Мамысонгом) æмæ Ерманы хъæубæстæ (Хуссар Ирыстон). Таранджелозы бæрæгбон ныр дæр бирæ адæмтæ бæрæг кæнынц.  

Таранджелос. Мидис: https://www.youtube.com/watch?v=oPiX5qVmFjk 

  

9 Къуырисæры – Уæлахизы / Уæлахези бон 

 

САЛДАТ

Удæнцой ма фена, махæн нæ цардывæнд
Чи халы барынвæндæй!..
О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, —
Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..

Морæ фæсмынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ
Нал ысрухс кодтай, мæ мад! —
Исчи дæ фыртæн куы асæтта йе ‘фсæртæ,
Додой, куы райса йæ над!

«Стонгæй мæлын, гыцци!» — никæмæ бадзурдзæн, —
Буц хæринагæн ын — кас…
Талынг къазармайы къуымы-иу батулдзæн,
Сау хъæмп — йæ гобан, йæ баз…

Иртæст йæ дзыллæйæ, уайтагъддæр базондзæн
Фидиссаг цардæн йæ ад;
Усгур лæппуйау дæ ницæуыл бадомдзæн, —
Хорз уа, æвзæр уа — салдат!

Исчи куы ныммара искуы дæ дарæджы, —
Чи ма йын райсдзæн йæ туг?
Ракæн-иу, ракæ йæ сагъæс дæ хъарæджы,
Аргæвд-иу хистæн нæ хъуг!..

О, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон,
Ма ку!.. Фæуром дæхи!..
Фенæм уал… Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, —
Чи мæ цы айса — йæхи!..

Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста
2 Мах Дуг № 5, 2000

  

 

9 Къуырисæры – Никкола (Гулуй кувд) 

Ирон адæмы рагондæр бардуæгтæй иу у Никкола. Афтæ рагон у, æмæ махмæ æрбацыд алантæй. Уый у, зæххыл адæмы хорздзинадæн цы зайы, уыдоныл аудæг бардуаг. Зæххон адæммæ у тынг хæстæг. Kæд зæдтимæ цæры, уæддæр зæхмæ æрцæуы æмæ хуымгæнджытимæ хуым фæкæны, хосгæрдджытимæ хос фæкæрды, æндæр хъæууонхæдзарадон куыстытæ куы бахъæуы, уæд та уыдон фæкæны. Алы уалдзæг дæр хуымгæнæнты размæ алы хъæу дæр Никколайы бæрæгбон æргæвстой æхсæны мысайнæгтæй æлхæд нæл фыс. Амæ дзуармæ куывтой, цæмæй хорз рæстæг скæна, цæмæй сæ уыгæрдæнты, сæ сæрвæтты хорз кæрдæг æрзайа, сæ хуымтæй фæззæг хъæздыг тыллæг сисой, сæ фос æнæфыдбылыз уой, адæм æнæниз æмæ амондджын уой.  

  

15 Хуыцаубоны – Ирон Æвзаджы Бæрæгбон 

Зæрдæвæрæны мæйы 15 бон æппæт ирон адæм дæр бæрæг кæнынц сæ мадæлон æвзаджы бæрæгбон. Мадæлон æвзаджы бæрæгбон нысан цæуы 15 майы 2003 азæй фæстæмæ, датæ æвзæрст æрцыд Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр»-ы мыхуыры бон. 

*** 

Ирон æвзагæн иунæг бон куыд дæттут? 

Куы нæ йын ысты мин азтæ дæр фаг! 

Цæры ма уым нæ фыдæлты нæргæ дуг, 

Нæ фидæнмæ дæр уый кæны фæндаг. 

Æз та йæ уæдæ афтæ зæгъин абон: 

Уæд алы бон дæр не ‘взагæн йæ бон! 

Уыдзæнис уæд æвидигæ нæ амонд, 

Йæ рухсæй ифтонг зæрдæ æмæ зонд. 

Уадз абуха нæ горæтты, нæ хъæуты 

Æхсæв уа, бон æхсæрдзæнау хъæрæй! 

Ныхаса сасмау сомбоны фæлтæрты, 

Æнæ уымæй ирон адæм дæр нæй. 

Къадзаты Станислав, 28.03.2003 

https://www.facebook.com/groups/915305361890007/posts/1520413844712486 

  

Нæртон Æвзаг 

Авдæни сувæллон бастæй, 

Къохтæ ивазуй хæрдмæ. 

Мадæмæ æнгъæлмæ кастæй, 

Мадæ фæззиндтæй уæдмæ. 

Исдзурдта уæдмæ хъæболæ, 

Цийнæн нæбал ес кæрон. 

Фиццаг дзурд адтæй бæдолæн, 

Нæхе адæми фæндон. 

Тас нæбал æй нур не ‘взагæн, 

Бæдолæ дæр мах фæнзуй. 

Зиндæр уодзæй нур не знагæн, 

Бæдолæ дæр ирæзуй. 

Мах дин фæдзæхсæн абони, 

Ку нæ уарзай ду не ‘взаг. 

Уæд дæ цардæн æ кæрони, 

Уодзæй исæфунæй тæccаг. 

Уарзон адæймаг уодзæнæ, 

Дигоронау ку дзорай. 

Изæти хæццæ дзордзæнæ, 

Дигоронау ку ковай. 

Къæхти буни ниууодзæнæ, 

Дигоронау нæ зонгæй. 

Гъæуæй ледзæг фæууодзæнæ, 

Дигоронау нæ дзоргæй. 

Хуарз зудтонцæ нæ фиддæлтæ, 

Нæртон æвзаг дигорон. 

Уомæ гæсгæ сæ гъуддæгтæ 

Ку адтæнцæ æвæсмон. 

Ду нæ уарзон нæ бæдолæ, 

Не ‘взаг дин æй нæ фæдзæхст. 

Ку багъæуа уæд æрковæ, 

Ма уæд æвзагæн исæфт. 

  

Будайти Æслæнбег  

Владикавказ, 2009, 15 Зæрдæвæрæны Мæй. 

  

15 Хуыцаубоны – Хуыцауы Дзуарæ, Хъармани 

15 Хуыцаубоны – Устур Хуцауи кувд, Задæлески ковæндони 

22 Хуыцаубоны – Гагабарзы Бæрæгбон 

26 Цыппæрæмы – Зæрдæвæрæн  

Зæрдæвæрæн у ног зианы кæндтытæй иу. Куыд равзæрд, уый ахуыргæндтæ амонынц дыууæ хуызы. Иутæ зæгъынц, бæрæгбон афтæ уымæн хуыйны, æмæ уыцы бон аргæвдынц фыс, далыс кæнæ уæрыкк æмæ йын йæ зæрдæ цырты цур баныгæнынц. Уый дзуры ууыл, æмæ мард йæ бинонтæ æмæ йæ хæстæджытæй рох нæу, мысынц æй, уæлæуыл куыд уыди, афтæ йæ нымайынц сæ бинойнагыл. Бæрæгбон Зæрдæвæрæн цæмæн хуыйны, уый тыххæй иннæ ахуыргæндтæ зæгъынц, зæгъгæ, ис дыгурон дзырд – зæлдæ – нæудзар. Уыцы бон, марды æгъдаумæ гæсгæ, зылдысты ингæнтæм, сагътой дзы дидинджытæ, аив сæ кодтой, нæуу сыл æвæрдтой. Æмæ бæрæгбон нæууæвæрæн (зæлдæвæрæн) ивд æрцыд зæрдæвæрæнæй. Зæрдæвæрæны кæндмæ æрцæуынц хæрз хионтæ, сыхæгтæ. Фынгыл – алы хæринæгтæ, арахъ, бæгæны æмæ æндæр нозтытæ. Хистæр сæ ныххæлар кæны, стæй фынгмæ æрæвналынц. Сылгоймæгтæ цалдæрæй ацæуынц уæлмæрдтæм. Фæкæуынц, фæхъыг кæнынц, семæ ахæссынц цыппар кæрдзыны, адджинæгтæ, халсартæ, дыргътæ, нозтытæ æмæ сæ ныххæлар кæнынц, стæй дзы саходынц. 

  

29 Хуыцаубоны – Згъудеры Уастырджи 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz