Мæ Дин

0
358

 

Фæхудæт мыл Модæ, æмбал ын нæ дæн, 

Йæ фæдыл ‘згъорын, мæ бон нæу мæнæн. 

Æз кæйдæртау, диныл мæ ахуырад нæ ивын, 

Гъе, стæй уырнонтау сектæтыл нæ зилын. 

Цырæгътæ Аргъуаны нæ судзын, 

Ариаг динæн – табу æз кæнын. 

Мæзджытты зонгуытыл нæ лæууын, 

Хуыцауы ном мæ кувинæгтæй арын. 

Æз Джер ‘мӕ Хетæгдзуармӕ скувын 

Фыдæлты Зæдтæн кусарт дæр кæнын. 

Æз Сауджын, Муфтитæм нæ хатын, 

Мæ бинонтæн сыгъдæг зæрдæйæ скувын. 

Æз Библи ‘мæ Хъуыраны дæр нæ кæсын, 

Сæ бæсты – Нарты таурæгътæ фæкæсын. 

Æз дзуттаг дины зонгæ дæр нæ кæнын, 

Мæ Уастырджи Еговæйыл нæ ивын. 

Ирон Фæндыр – мæ Библи уыдис рагæй, 

Мæ Хъуыран – Кадджытæ сты Нартæй. 

Мæ Сауджын – номдзыд Къоста Нараг. 

Мæ Муфти та – Темырболат* дзæнæттаг. 

  Казбек Чел-Æхсæртæг

*Фыццаг ирон профессионалон поэт, пысылмон лæг 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz