Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ

0
514

Майрæмы Мæй – Сухи Мæйæ

1 Таранджелоз (Тырсыгомы), къуырисæры 

Ирон адæмы рагондæр бæрæгбæттæй иу у Таранджелоз. Нарты хъæбатыртæй иу Батырадз куы фæмард, уæд Хуыцау æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдон кæм æрхаудысты, уым арæзт æрцыд æртæ кувæндоны: Реком, Мыкалгабыр æмæ Таранджелоз. Таранджелоз у хорарæх æмæ хосарæхы бардуаг. Йæ кувæндон ис Тырсыгомы, бæрзонд хохы сæр. Бæрæгбон фæкæнынц Куадзæнæй æртæ къуырийы фæстæдæр хуыцаубоны.  

Хъæубæстæ сæ бæрæгбон арæзтой иумæ, бирæ бинонтæ та йæ кодтой сæхæдæг. Ныр дæр æй фылдæр адæм кæнынц хи бинонты æхсæн, æрхонынц сыхæгты. Таранджелозæн нывонд кодтой фыс кæнæ уæрыкк. Кувæндонмæ-иу æй аластой æмæ-иу æй уым аргæвстой. Бæрæгбон-иу ахаста цалдæр боны. Арахъ æмæ-иу бæгæны рагацау скодтой æмæ-иу хъæлдзæгæй, æхсызгонæн фæбадтысты; зарыдысты, кафыдысты. Æрыгон фæсивæд-иу бæхтыл хъазыдысты, æвдыстой сæ арæхстдзинад, сарæзтой-иу дугъ. Хистæртæ цин кодтой сæ кæстæрты арæхстдзинадыл. Куывтой Таранджелозмæ, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, уæд хор æмæ хосхъуаг никуы уыдзысты. Таранджелозы бæрæгбон ныр дæр бирæ адæмтæ бæрæг кæнынц. Хорарæх æмæ хосарæхы æппæты рагондæр бардуар ирон мифологийы. Тырсыгомы йын ис сæрмагонд кувæндон. Нарты кадджытæм гæсгæ, Таранджелоз сæвзæрдис, Хуыцау нарты хъайтар Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæн сæ иу кæдæм æрхаудис, уыцы ран (иннæ дыууæ цæссыджы æрхауæн бынæтты фæзындысты Реком æмæ Мыкалгабырты кувæндон). Алы аз дæр майы мæйы Тырсыгомы Таранджелозы номыл кодтой бæрæгбæттæ. Амы цæрджытæм уыдис уæлдай кадджын, нымадтой йæ комы дзуарыл. Йæ кувæндон ис бæрзонд хохы сæр, Четойты хъæумæ ‘ввахс. Дзуары бынмæ-иу æрæмбырд сты Тырсыгомы цæрджытæ, стæй Тырсыгомæй æндæр кæмттæм алидзæг адæм, аргæвстой-иу цалдæр уæрыччы æмæ бæлвырд фæтк æмæ æгъдаумæ гæстæ табугæнгæйæ, Таранджелозæй куырдтой, цæмæй ратта стыр хорæрзад, дзаджджын кæрдæг, æнæниздзинад æмæ амонд кувæг адæмæн сæхицæн, æмæ сæ байзæддæггæн фидæны, фосы бахъахъхъæна алыхуызон низтæй. Таранджелозæн табу кодтой Ирыстоны иуæй-иу хъæуты дæр, зæгъæм: Тиб (Мамысонгом) æмæ Ерманы хъæубæстæ (Хуссар Ирыстон). 

1 Сырх дзуары бон, къуырисæры 

Сырх Дзуары бон æмæ йæ куыст Ирыстоны: https://iryston.tv/teleproject_release/syrh-dzuary-bon-aemae-jae-kuyst-irystony/page/19/

6 Задалесчы Нанайы бон, 1-аг сабати, Задæлески ковæндони 

Ацы хабар раджы уыд. Тæтæр-мангол аланты зæхмæ куы рбабырстой æмæ сын сæ хъæутыл, сæ цæрæндæттыл арт куы бафтыдтой, уæд. Иу ацæргæ сылгоймаг Нана йæ хуыдтой, уæдæ цæмæй аланты мыггаг быныскъуыд ма фæуа, ма фесæфа, зæгъгæ, хъæутыл зылд, æмæ ма дзы цы сидзæр сывæллæттæ баззад, уыдон æмбырд кодта æмæ сæ сусæгæй хæхбæстæм кодтæ Сылгоймаг сывæллæтты хаста алы хъæддаг дыргътæй, уидæгтæй, цыбырдзырдæй, йæ къухы цы æфтыд, уымæй. 

Иу бон Нана æрбафтыд Задæлескмæ, Текъиты хæдзармæ. Фысымтæн цас сæ амал уыд, афтæ йæ барæвдыдтой. Уыдис, дам, ахæм зæгъджытæ дæр, цæй æмæ сывæллæтты хæдзæрттыл байуарæм, науæд фесæфдзысты, зæгъгæ, фæлæ Нана не сразы. Амæ уæд хъæубæстæ бавдæлдысты æмæ сын сарæзтой хæдзар, уый æдде ма кæмæн куыд йæ бон уыди, афтæ æххуыс кодтой сабитæн. Задæлескы Нанайы бæрæгбон фыццаджыдæр баст у сылгоймагимæ, фæкувынц уый амондæн, уый хорзæхæн, йæ хорз фидæнæн. 

  

Задæлески нана 

Тогуарæ æркодта, тогуарæ æркодта 

Тъæпæн Дигорбæл, Тъæпæн Дигорбæл! 

Ахъсахъ Тимури æфсæнцъух борæтæй 

Сæ цъæх будуртæ ку батар æнцæ, 

Æфсæнбид кауæй æнгомдæр, федардæр 

Сæ фалæбулай æртеголæ ‘нцæ. 

Тъæпæн Дигорæн сæ финдзцæуæг адæм, 

Сæ хъал фæсевæд лæгæй лæг хуæздæр 

Се знæгти къохæй тог лæсæн кæнунцæ, 

Кунæг кæнунцæ, мæрдтæмæ евгъуйунцæ. 

Фæстаг лæги уæнгæмæ бæргæ тохунцæ, 

Фал бунцагъд фæцæнцæ Тъæпæн Дигорæ! 

Уæд сугъдæ ку схæцуй, цъæх арт ку сгъазуй 

Тъæпæн Дигорæн се вулд гъæутæбæл. 

Сæ байзайæггаг дæр: силæй дæр, нæлæй дæр 

Хасти ку фæцæнцæ! 

Ку бабун æнцæ Тъæпæн Дигорæ, 

Æвæстаг ку фæцæнцæ; кæугæ, дзиназгæ 

Уæд байзайунцæ дзæгъæл сувæллæнттæ 

Сæ сугъд бундорбæл, сæ сау фунукбæл. 

Уæд ма разиннуй дзилли амондæн 

Силæстæг дуйнебæл æма седзæрти 

Æ разæй ку скæнуй фусти къуари хузæн. 

Æхсæвæй, бонæй сæ гъæуай ку кæнуй 

Гъæддаг сирдæй дæр, фудгæнæгæй дæр, 

Будурæй гъæдæмæ, гъæдæй æрдозæмæ, 

Дигори Æфцæгмæ е рух ку раттуй. 

Цæгатбæл бахезуй æма æд сувæллæнттæ 

Задæлески сæри ку ‘рбунат кæнуй. 

Алли зайæгойæй сæ хæссун ку байдайуй, 

Хæссун ку байдайуй. Ку растур унцæ, 

Сæ еумæйаг мадæ «Задæлески Нанай» мард 

Кадæ, цити хæтдзæ уæд ку байвæрунцæ 

Задæлески фалдзос Морги лæгæти. 

Кадæг ракодта Саулаты Дзæрæх 1894 азы. Ныффыста йæ Ту¬гъанты Махарбег.«Мах Дуг», 1952 аз, № 2, ф. 76. 

Задалески Нана, Фыдæлты Уæзæгмæ:  

https://www.youtube.com/watch?v=l_JxTgnhT-U 

Задалески Нана: https://www.youtube.com/watch?v=l_JxTgnhT-U&t=89s 

Дыгурон Драмæ «Аланти Нана» уацмысы скæнæг: Темиряев Давид Иласович, режиссёр: Роза Бекоева:  

https://www.youtube.com/watch?v=-tnRz17haaU 

Задалески Нана. æххæстгæнæг: Элита Секинаева:  

https://www.youtube.com/watch?v=Mj3EAD2aBjY 

Ария Задалески æххæстгæнæг: Нана, Амаги Готти: https://www.youtube.com/watch?v=UFbgefLoIEE 

Задалески нана, æххæстгæнæг: Тайсаути Олег: https://www.youtube.com/watch?v=LLTHUxXHkUg  

  

7 Гурмехан, Хуцаубони, Мæхчески ковæндони 

7 Елиа, Хуцаубони, Мæстиноки ковæндони 

Задæлесчы Нана, Гасынты-Жорж

Уацилла кæнæ Елиа, дыгур. Уацелла — ирон зæдты, ирон бардуæгты æхсæн ахсы сæрмагонд бынат. У тыллæджы, хоры æмæ адæймаджы хорздзинадæн цыдæриддæр зайы, уыдоныл аудæг бардуаг. Куыд тыллæджы бардуаг, афтæ йæ хуыдтой Хоры Уацилла дæр. Уымæй уæлдай ма у арвнæрыны бардуаг. Уацилламæ куывтой суанг алантæ дæр. Ныртæккæйы рæстæджы дæр цыфæнды куывды хистæр Уациллайы номыл рауадзы гаджидау. Уымæн ис бирæ кувæндæттæ, фæлæ сæ сæйрагдæр ис Дæргъæвсы, Тыбауы хохы. Уациллайы бæрæгбоны-иу йæ мæгуырдзинад ничи æвдыста. Сылгоймæгтæ-иу чъиритæ кодтой æнæдзургæйæ, сæ комытæф куыд нæ цæуа, æмæ-иу сæ дзыхтæ истæмæй бабастой. 

Елиайы бæрæгбон Ахсауы | Фыдæлты уæзæгмæ:  

https://www.youtube.com/watch?v=inS9EFPd0VU&t=616s 

7 Устур Хуцауи дзиуарæ, Хуцаубони, Мæхчески ковæндони 

Стыр Хуыцауы сидт: Дунескæнæг Кадджын Хуыцау, Табу Дæхицæн! Абон Дæ бон у, бирæ адæм Дæм кувынц, хорздзинæдтæ дæ курынц, æмæ хуыздæрæн кæй куывд айстай, мах дæр уый æмбал фæкæн! æнæниз, æнæмаст, хъæлдзæг, амондджын куыд уæм, ахæм амонд нын ратт! Хорздзинадæй кæй зæрды цы ис, уыдон сæ къухы куыд æфтой, уыцы хорзæх ракæн! Фæсивед рæствæндаг куыд уой кæддæриддæр, бæстæ сабыр куд уа, адæм сæ кæрæдзийы куыд æмбарой, ахæм арфæ ракæн! Дунесфæлдисæг Кадджын Хуыцау, фыдбылызтæй нæ бахиз. Нæ кæстæртæн сабыр, рæсугъд фидæн куд уа, уыцы амонд ратт! Нæ кувинæгтæ Дын барст уæд, æмæ нæ Дæ Хорзæх уæд! 

Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг кадджын Хуыцау, табу де ‘стырдзинадæн! Цы кæстæртæ нын радтай, уыдонæй нæ ма фæриссын кæн, фæлæ ма сын фæндон хæрзтæ ракæн. 

7 Беслæны Уастырджийы бон, хуыцаубоны 

13 Уацелла, 2-аг сабати, Къæмунти ковæндони 

Хоры æмæ æрвнæрды Уацилла. Уацилла (ир.), Елиа (диг.) уæларвцæрæг Нарты эпосы. Нартимæ кæны знагиуæг. Кадджыты арæх æмбæлы бирæон нымæцы. Уæларвцæрджытимæ тохгæнæг Батрадзы къухæй дзы йæ мæлæт бирæтæ ссардтой. Иры мифологийы Уацилла у адæмы уарзондæр дзуæрттæй, арвнæрды бардуаг, хоры зайæгхалтæ æмæ тыллæгыл аудæг дзуар. Куыд тыллæджы бардуаг, афтæ йæ хуыдтой Хоры Уацилла дæр, арæх æмбæлы эпитет «хъомысджын»-имæ. Уацилла хорæрцыды дзуар æмæ æрдзы бардуаг кæй у, уымæ гæсгæ йын уыдис цалдæр кувæндоны. Сæ сæйрагдæр у Тыбау Уацилла, Дæргъæвсгомы, Тыбауы хохы сæр. Уацилла бæрæгбон Ирыстоны алы ран дар вæййы июны, хосгæрдæнты размæ. Бæрæгбонмæ сцæттæ кæнынц бирæ кувинæгтæ. Дзуары лæгтæ Уациллайæ фæкурынц бæркад хорæрцыд æмæ хорз фадат йæ бафснайынæн. Уæлладжыры комы хуымгæнæнты размæ бæрæг кодтой Хоры бон. Хор-иу куы бафснайдтой, уæд-иу Уациллайæн йæ рæдаудзинады тыххæй æргæвстой, дзуары лæгтæ-иу рагацау кæй равзæрстой, ахæм нывонд, арæхдæр гал. Иннæ кæмтты йын нывондæн æргæвстой нæл фыс кæнæ сæгъ. Уациллайы куывдтæ кодтой хус рæстаг æмæ дæргъвæтин фыдрæстæджы бонты дæр. Бæрæгбоны сæйрагдæр элемент уыдис иумæйаг табу, магион архайд. Æргæвстой-иу урс нал фыс кæнæ сæгъ. Лæджы-иу арв куы ныццавта, уæд-иу Уациллайы номыл уыдис бæлвырд фæтк цоппай, кусæрттагæн-иу дзы уыдис уæрыкк кæнæ сæныкк. 

Тыллæджы бардуаг Уацилла. Уæлæрвты кæй хæты, уый тыххæй ма йæ хонынц Арв-Уацилла дæр. Хæрзæгъдау, аив, рæсугъд ас нæлгоймагæй хуыздæрæн фæзæгъынц, Арв-Уациллайау йæ бакаст, зæгъгæ. 

  

Уациллайы Зарæг 

Хор-Уацилла, дæ хорзæхæй, уæ-уæй! 

Уацилла мын хор дæтдзæни, уæй! 

Фæлвæра нын фос дæтдзæни, уæй! 

Уæлæ бæрзондыл бадгæ кæныс, уæй! 

Уæ-уæй æмæ, дæ хорзæх, уæ, уæдæ, 

Уæ-уæй, уæдæ, хорз Уацилла, уæй! 

Уæ-уæй æмæ, дæ хорзæхæй, уæй! 

Ракæс æмæ, уæд рафæлгæс, уæ-уæй, 

Дæ хорзæхæй, Хор-Уацилла, уæй! 

Уацилла: https://iryston.tv/teleproject_release/21931/ 

  

14 Дурджын Бæрзонд Уастырджийы бон, хуыцаубоны 

20 Елиа, 3-аг сабати, Æхсæуи ковæндони 

20 Нæлизæд, 3-аг сабати, Уæллаг Фæснæли ковæндони 

21 Рохси дзиуарæ, 3-аг хуцаубони, Фæрæскъæтти ковæндони 

21 Рыны бардуаг (Галзилæн), хуыцаубоны 

21 Зилгæйы Уастырджийы бон, хуыцаубоны 

22 Ног дзуары бон, къуырисæры 

Дæргъæвсгомы Хъæнийы цæрджытæ æмæ ацы хъæуæй рацæуæг адæмыл аудæг бардуаг. Хизы сæ алы фыдбылызтæй. Ирон адæммæ афтæ кæсы, зæгъгæ, Ног дзуар у адæймаджы хуызæн. Дзуар æнувыдæй йæ хъус дары, цæмæй йæ номимæ цы фæтк æмæ æгъдæуттæ баст сты, уыдон се ’ппæт дæр æххæстгонд цæуой. Ног дзуары бæрæгбон-иу уыдис августы фыццаг æмбисы æмæ-иу ахаста æртæ боны, нывондæн ын æргæвстой уæрыкк. Йæ бæрæгбон уыдис дыууæ хайæ: хицæн бинонты (хæдзæртты) куывдтæ æмæ хъæугуывдтæ. Куывдмæ ‘рцæуæг адæм-иу дзуарыл сæхи бафæдзæхстой, табу йын кодтой æмæ дзы куырдтой, хъæубæстæ йæ хорзæхтæй хайджын куыд уой, рохуаты куыннæ баззайой. 

25-26 Рæзахуадæн, Фæстаг цуппæрæни кенæ майрæнбони, Хæдзæртти 

26 Майрæмы куадзæн, майрæмбоны  

Мады Майрæм у Есо Чырыстийы мад. Уый куы амард, уæд, дам, 28 августы йæ фырт Чырыстиау Хуыцауы размæ атахт. Уый фæдыл ирон адæм æрвылаз дæр 28 августы кæнынц мæрдты бон Майрæмы куадзæн. Бирæ æнусты дæргъы Чырыстон дин архайы ирон дины йæ аууоны бакæныныл æмæ йын дзы, æвæццæгæн, Мады Майрæмæй тынгдæр ничи фесгуыхт. Уый иууылдæр айста Мады зæды (Мадизæны) миниуджытæ дæр æмæ фидар бынат æрцахста ирон адæмы царды. Ирыстоны зæххыл Мады зæды фылдæр кувæндæтты сырæзтысты Мады Майрæмы аргъуантæ. Æппæты зындгонддæртæ дзы сты Зруггомы Хозиты Мады Майрæмы, Цъæйы, Куырттаты комы, Мæздæджы æмæ Ирыхъæуы аргъуантæ. 

Уацилла увæндон, Тбау, Даргавс,1926

Мады Майрæм у ирон адæмы рагондæр дзуæрттæй, рагондæр бæрæгбæттæй иу. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй равзæрд аланты дуджы. Ирон адæммæ ныр дæр æмæ раджы дæр сылгоймаг кадджын уыди. Суанг ма Болгарийы дæр ис аланты кувæндон Мады Майрæмы номыл. Мады Майрæмы кувæндæттæ Ирыстоны бирæ уыд, куывтой йæм алы хъæуы дæр. Уæлдай зындгонддæр сты Рекомы Мады Майрæм, Зруджы Мады Майрæм, Мæздæджы Мады Майрæм æмæ æндæр кувæндæттæ. Йæ бæрæгбоны Майрæмы мæйы фæстаг къуырийы кодтой хъæугуывдтæ. Дзуары бынмæ-иу æрцыдысты æрыгон сылгоймæгтæ æмæ чызджытæ. Сæхи йыл фæдзæхстой æнæцот сылгоймæгтæ, цæмæй сæ дзуары хорзæх уа, цот сын рантысæ Мады Майрæмы дзуары бынмæ-иу ног чындзы æрбакодтой æмæ-иу ын уым скуывтой, цæмæй каркау бæдулджын уа, авд лæппуйы æмæ йын иу цъæхдзаст чызг рантыса, ноггуырд сабиты-иу æрбахастой æмæ-иу сæ дзуарыл фæдзæхстой. Мады Майрæммæ сылгоймæгтæ абон дæр кувынц, табу йын кæнынц, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, цы сывæллæттæ сын рантыса, уыдон æнæнизæй, æнæфыдбылызæй рæзой.  

27 Мæрдти комуадзæн, Сабати, Хæдзæртти   

28 Майрæмтæ, хуыцаубоны 

Майрæмтæ сты ног æмæ зæронд мæрдты кæндтытæй иу. Фылдæр хатт æрцæуы мæйы фæстаг майрæмбонмæ. Стъолыл æрæвæрынц дыргътæ, халсартæ, нозт, алы хæринæгтæ, ныххæлар сæ кæнынц. Фынджыдзагмæ æрхонынц сыхæгты, хæрзхæстæджыты. Сылгоймæгтæ уæлмæрдтæм ацæуынц. Фæкæуынц, фæхъыг кæнынц. Цы дыргътæ, нозт, хойраг ахæссынц, уыдон ныххæлар кæнынц æмæ дзы саходынц. Бæрæгбон амоны уый, æмæ мæрдтæн дæр ног дыргътæй, ног халсартæй хай ис. Æмæ уадз, уæлæуыл чи и, уыдоны цур куыд сты, мæрдтæн дæр афтæ сæ разы уæнт.  

28 Ирыхъæуы дзуары бон, хуыцаубоны 

28, Хохы Хъæнайы Ног Дзуар, Хуыцаубоны 

28, Фарныхъæуы Уастарджи, Хуыцаубоны 

ХУЫЦАУЫ КУВÆНДОН: Цины уа, зианы уа, ирон фынджы уæлхъус хистæр фыццаджыдæр ссары Хуыцауы ном.  

Хуыцау сфæлдыста Нарты. Сфæлдыста зæхх, дон æмæ уæлдæф. Зæххыл цыдæриддæр цæуы, уыдон иууылдæр Йæ фæндæй цæуынц. Хуыцауимæ схæцын йæ ныфс никуы ничи бахаста, никуы Йыл ничи фæуæлахиз. «Батрадз зæдтæ æмæ Дауджытыл сегасыл дæр тых уыд, загъд и Нарты кадджыты, Хур æмæ Хуыцауæй фæстæмæ». Нæ Иыл фæтых сты Нарт дæр æмæ «фыдвæды бæсты равзæрстой æвæд». Хуыцауы сызгъæрин хæдзар ис уæларвы æппæты бæрзонддæр ран, сызгъæрин къæлæтджыны бады æмæ фæлгæсы дун-дунетæм. Йæ цæст дары зæхмæ, адæмы цардмæ æмæ амæндтæ уары. Хæрзиуæг ракæнын кæмæн хъæуы, уый дæр зоны. Æфхæрын кæй хъæуы, уый дæр зоны. «Хæрзгæнæг дæр Хуыцаумæ кувы æмæ фыдгæнæг дæр, хæрзгæнæг дæр йæхи Хуыцауыл фæдзæхсы æмæ фыдгæнæг дæр», дзурынц ирон адæм æмæ Йын табу кæнынц. Хонынц æй Стыр Хуыцау, Иунæг Хуыцау, Хуыцæутты Хуыцау. Хуыцауы номыл Ирыстоны бирæ кувæндæттæ ис. Сæ кадджындæртæй иу у, Мæхческы хъæуы кæрон цы кувæндон ис, уый. Хонынц ма йæ Стыр Хуыцауы бæлас дæр. Куывды бон вæййы сусæны мæйы кæрон кæнæ Майрæмты мæйы фыццаг хуыцаубоны. Куывд фæкæнынц радыгай, иу аз дæр цыппар хæдзары, иннæ аз дæр цыппар хæдзары. Йæ рад кæмæн æрхауы, уыдонæй алы хæдзар дæр Хуыцауы кувæндонмæ ратты фыс. Арахъ æмæ бæгæны скæнынц иумæйаг хорæй. Бæрæгбон алы хæдзар дæр кувæндонмæ схæссы æртæ чъирийы. Лæппу кæмæн райгуыры, кæнæ йæ фырт æфсадæй кæмæн ссæуы, уыдон уыцы бон сæрмагондæй кувæндонмæ æрбаласынц кусæрттæ, кувинæгтæ. 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz