Хоситы Бурхан Турчы Фæдисы тыххæй

0
232

Стамбулы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн зианбаййафджыты ‘хсæн нæй Турчы ирон диаспорæйы минæвæрттæ. Уый тыххæй Sputnik радзырдта Хуссар Ирыстоны ФХМ æххæстбарджын минæвар Турчы Хоситы Бурхан.

“Райсом куы сыстадыстæм, уæд фехъуыстам Турчы зæххæнкъуысты хабар. Дысон 4 сахатыл Анатолийы районы горæт Кахраманмараш æмæ æндæр дæс горæты æрцыд зæххæнкъуыст. Йæ магнитудæ уыд 7,4. 300-мæ æввахс адæм амардысты, дыууæ мин адæймаджы та фæцæф ис. Ирон адæмы минæвæрттæй æвзæр хабар ницы фехъуыстам”, – радзырдта Sputnik ныхасæмбал.

Æххæстбарджын минæвар куыд банысан кодта, афтæмæй горæт Кахраманмарашы ныккалд тынг бирæ хæдзæрттæ. Паддзахады уæнгтæ æмæ æфсад адæмæн æххуысмæ ацыдысты, цатыртæ сарæзтой, адæмы фервæзын кæныныл архайынц калд хæдзæртты бынæй.

“Нæ паддзахад, сæ хæдзæрттæ кæмæн ныпырх сты, уыдонæн фатертæ аразы. Адæмы уазалæй фервæзын кæнынмæ архайы. Цæфтæ чи райста, уыдоны та рынчындонмæ бахастой æмæ сæ дзæбæх кæныныл архайынц дохтыртæ”, – банысан кодта Бурхан.

Æххæстбарджын минæвар ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Турчы зæххыл арæх вæййы зæххæнкъуыстытæ, Стамбулæн тынг тæссаг у уыцы хабар.

 

https://sputnik-ossetia.com/20230206/khosity-burkhan-turchy-iron-diasporyy-uavry-tykhkhy-zkhkhnkuysty-fstiugn-21367361.html

 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz