Зианы Кæндтæ Кæнгæйæ, Кад Кæнæм Нæ Зиæнттæн?

0
172

Ирон Æгъдæуттæ – 7

Нæ адæм даргъ историон фæндагыл рацыдысты æмæ абон мах сæрыстыр цæмæй уæм, ахæм хъуыддæгтæ сæм бирæ уыд.

Цард æгъдауæй фидауы, æгъдæуттæ аразæг та адæм сты, нæ адæммæ та тæхудиаджы æгъдæуттæ бирæ уыд æмæ абон дæр сты.

Куыд зонæм, афтæмæй адæймаджы царды иууыл стырдæр цаутæ сты райгуырды бон, чындзæхсæвы бон æмæ йæ мæлæты бон.

Ахсджиаг сты ирон адæмы царды ацы æртæ æгъдауимæ баст хъуыддæгтæ. Фæлæ уыдонæй абон нæ дзырды сæр у зианы кæндтимæ баст æгъдæуттыл.

Зианимæ баст æгъдæуттæ тынг рагон сты. Махы онг куыдæй æрхæццæ сты, уымæй бæлвырд у зианæн кад кæнынимæ баст кæй уыдысты. Уыцы æгъдæуттæ афтæ карз æмæ æххæсткæнинаг уыдысты æмæ-иу бирæ хатт зианы хицауæн йæ къухмæ мæгуыры лæдзæг радтын кодтой. Нæ дуджы ма уыимæ цы уынæм? Зыгъуыммæ цæуы сæ мидис. Зианыл æрхонгæ адæмæй мæтгæнæг стæмтæ разыны. Адæм бахæрынц, баназынц æмæ стæй сæ хæдзæрттæм афардæг вæййынц. Бирæтæ ма хъастгæнгæ дæр фæцæуынц, сæ фынг хуыздæрхъуаг уыдис, зæгъгæ. Зианджынæн ма фынджы фæстæ цы баззайы, уый йæ рæстæджы хорз загъта номдзыд фыссæг Хъаныхъуаты Инал. Уый фыста: «Фысымæн ма-иу баззадысты афтид мигæнæнтæ, æхсыд стджытæ уынгты калдæй, хъæуы куыйтæ æхсæв-бонмæ кæрæдзи кæуыл тыдтой.

Адæм ацы хъуыддæгтæ куынæ хатыдаиккой æмæ куынæ æмбæрстаиккой, уæд сæм мæнæ ахæм æмбисонд дæр нæ фæзындаид: «Мард удгæстæн – хæринаг» кæнæ «Мæ фыдзæрдæ адæмæн хæринаг фод».

Ис ахæм æмбисонд дæр «Зианджын мæгуыр у», — зæгъгæ. Зæрдæрыст хæдзары сæ зианы мæт нал вæййы, фæлæ сæ сæйрагдæр мæт свæййы æрцæуæг адæмæн куыд хуыздæр балæггад кæндзысты, ууыл. Æмæ зианмæ та куыд цæуæм, уый тыххæй ирон адæмы гени Хетæгкаты Къоста афтæ загъта:

«Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты…

Фезмæлæн нал уыдис абон нæ уæлмæрдты…

Стырæй, чысылæй, —

Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон иу зианмæ

Хохæй, быдырæй…».

Къоста уыдта æмæ зыдта æппæт дæр. Уый зыдта, æгъдæуттæ цавæрдæр хъуыдыимæ баст кæй сты æмæ уый тыххæй та афтæ зæгъы: «Афтæ мæм кæсы, ирон лæджы сæры иунæг æгъдау дæр афтæ тынг нæ ныффидар, куыд мæрдты бæсты цардыл æууæндын. Фæлæ цы у уыцы æууæндындзинад? – фæрсы Къоста æмæ йын дзуапп дæр дæтты йæхæдæг: Ау, зæгъы ирон лæг, уымæн царды сæрд нымæт кæмæн нæ уыд, зымæг та – кæрц, уый дæр, дам, цæры уыцы бæсты».

Ирон адæмы интеллигенци сæ хъус раджы æрдардтой нæ фыдæлты ацы æгъдаумæ. Фæлæ дзы йæ фарс иу дæр нæ рахæцыд, се ‘ппæт дæр æй банымадтой зианхæссæгыл. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты абон дæр адæм, фæлæ йæ уæддæр аразынц худинагæй тæрсгæйæ.

Марды кæндты ныхмæ тох раджы райдыдта, фæлæ тыхджындæр цы кæны, æндæр дзы къаддæрдзинадæй ницы ис. Уый тыххæй зынгæ историк Уанеты Захар йæ рæстæджы зæрдæрисгæйæ фыста, зæгъгæ, горæт хъæуты фæстейæ ныууагъта.

«Зиан адæмæй фидауы», — ирон адæммæ ис ахæм æмбисонд дæр. Мардмæ æрцæуын, марды йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнын – уый кады хъуыддаг у, фæлæ дарддæр фынгтæ… гаджидаутæ… æнæкæрон рæгъытæ. Æмæ ма расыг лæг уый бæрц рæгъыты фæстæ фæхаты, зианы фынгыл кæй фæбады, уый æмæ сын уæд бацайдагъ вæййы хъæрæй хъæлдзæг ныхас кæнын. Зианы фынгыл та уымæй худинагдæр цы хъуамæ уа.

Хъыгаг хабар у, абон зианы фынгыл бадгæ фенæн кæй вæййы æвзонг лæппутæ æмæ чызджыты дæр. Нæ фыдæлтæм уыцы æгъдау нæ уыд. Уый æгады хъуыддагыл нымад уыд æмæ ныр та…

Кæддæр зианджынæн баххуысы охыл фынджы фарсмæ бадджытæ сабæттаг лæвæрдтой фынгыл. Абон уыцы æгъдау хуыздæрæн аивтой, зæгъгæ, афтæ аив нæу. Æмæ дзы цы рауадис? Абон иуæй-иу хистхортæ пайда кæнын райдыдтой уыцы хъуыддагæй. Хист бахæрынц, фысымæн мæсæллæй дæр нæ ракæнынц æмæ афтæмæй афардæг вæййынц. Фенæн дзы вæййы ахæм сылгоймæгты дæр, фынгæй нуæзт æмæ дзидзайы кæрдихтæ дæр чи адавы.

Марды кæндтæн ма се ‘взæрдзинад уый мидæг ис æмæ æгæр бирæ кæй сты. Уанеты Захар банымадта марды бонты æмæ йын сты ахæмтæ: йæ ныгæнæн бон, æвдæм бон, дыууиссæдзæм бон, куадзæн, зæрдæвæрæн, май-рæмкуадзæн æмæ афæдзы бон. Захармæ не сты сабатбонтæ. Нæ фыдæлтæ дæр сæ нæ нысан кодтой. Абон сæ махмæ кæцæй æрхастой, уымæн хæйрæг йæ зонæг. Кæн-нод нæ фыдæлтæ нæ нысан кодтой дыууиссæдзæм бон дæр. Ныр æрымысыдысты, йæ уд, дам, уæдмæ хæдзары вæййы…

Марды кæндтæ ирон адæмы сæфтмæ кæй кодтой, уый æнæрахатгæ нæ фесты Кавказмæ цæуæг бæлццæттæ дæр. Уыдонæй сæ иу — зынгæ ахуыргонд Скачков та фыста: «Фаг у дыууæ-æртæ хисты скæнын бинонтæн, цæмæй дыууæ-æртæ азы дæргъы мæгуырмæ æркæна цыфæнды хæдзары дæр.

Афтæ йæ зæгъы ирон адæмы сæрхъызой Къоста дæр: «Хистытæ арæх кæй кодтой ирон адæм, уымæй дæр хъæздыг хистытæ, уымæ гæсгæ-иу хæдзар мæгуырмæ æрцыд». Кæм уыд сæ рæдыд, цы уыд сæ сафæг, уыдæттæ дæр нымайы Къоста. «Иу бон 30 стуры куы аргæвдай, иу 150 бæрц та фырытæ, 500 ведрайы бæгæны куы сфыцай, иу 100 ведрайы та арахъ, 300 бæрц та кæрдзынтæ – уæд уый æнцон хъуыддаг нæ уыдис Нары комы цæрджытæн». Къоста ракодта æрмæст Нары комы кой, фæлæ Ирыстоны алы комы цæрджытæ дæр ахæм уавæры уыдысты.

Абоны бон дæр адæм хуыздæр уавæры не сты. Уæззау дуджы цæрæм. Фæзынынц иуæй-иу æбуалгъдæр низтæ æмæ медицинæ, æгæрыстæмæй, 21 æнусы дæр æдых у сæ разы. Æмæ скъуыйынц адæм. Фæлæ нæ уый дæр нæ уромы. Уæддæр кæрæдзимæ кæсгæйæ архайæм æз бæркадджындæр фынг æрæвæрыныл. Марды кæндтæ та дзадджынæй дзадджындæр кæй кæнынц, уый нæ хорзмæ не ‘ркæндзæнис.

Арæх нæ адæмæй фехъусæн ис, зæгъгæ, Цæгат Ир зианы фынгмæ æрхæссынц цæхх, кæрдзын æмæ фыдызгъæл, стæй, дам, иу фондз рæгъы йеддæмæ нæ ракæнынц. Уыдон раст кæнынц, уый нæ фыдæлты æгъдау уыд æмæ йæ абон Хуссар Ир сæхирдыгонау кæй рацарæзтой, уый та мæгуырау хъуыддаг у. Абон хуссайраг ирæтты хисты фынг нал хицæн кæны чындзæхсæв æмæ куывды фынгæй æмæ уый цас раст хъуыддаг у. Хуссар Иры зианы фынгыл вæййы бирæ рæгъытæ æмæ уыдон чи баназа, уый ма йæхи зианы фынгыл хатдзæн, кæнæ æгъдауыл хъуыды кæндзæн?

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фыдæлтæм аппаринаг æгъдæуттæ дæр бирæ уыд æмæ сæ хъуамæ нæхи хъахъхъæнæм. Кæддæр, дам, ирон адæм сæ марды æндæр зæххыл нæ уагътой ныгæнын, хъуамæ, дам, æй йæ фыды зæххыл сæмбæлын кодтаиккой. Абон пайда кæнын райдыдтой уыцы æгъдауæй дæр æмæ уый та йæ фæстæ бирæ хатт расайы стыр фыдбылызтæ. Хорз ма лæууы зæрдыл, цалдæр азы размæ Дзæуджыхъæуæй иу хæдзары бинонтæ сæ фырты мард арвыстой Космæ ныгæнынмæ. Фæстæмæ здæхгæйæ, автобус ахауд былæй, фæмард сты, чи дзы уыд, уыдон се ‘ппæт дæр – 38 адæймагæй. Уыдонмæ — кæй баныгæдтой, уымæн йе ‘фсы-мæр дæр. Уый стыр трагеди у. Адæймаг амардис æмæ ма йæ ногæй цæмæн къахыс, кæм æй баныгæдтой, уым æй ныууадз, сыджыт кæмфæнды дæр иу сыджыт у.

Уæдæ, æгъдау кадыл баст у æмæ сæ хъуамæ кадимæ æххæст кæнæм. Уымæй æнæгъдаудæрдзинад ма цы хъуамæ уа æмæ фынгыл кæй кæм æрæййафы, уым сбады. Ферох кодтам хистæр æмæ кæстæры. Раздæр-иу кæстæр фæсивæд фынджы фарсмæ уырдыг лæууыдысты. Уый хорз хъуыддаг уыд. Абон уыцы æгъдау дæр хæлд цæуы. Нал дарæм рæгъгæнæг. Дæ разы дын агуывзæ æрæвæрдзысты æмæ дæхицæн кæн, нуаз цас дæр фæнды, уыййас. Афтæмæй та уырдыглæууæгæн стыр нысаниуæг уыдис. Уыдон-иу цалынмæ фынгæн йæ сæрæй йæ кæронмæ хæццæ кодтой, уæдмæ-иу рæстæг цыдис æмæ адæм уыйбæрц нæ нуæзтой расыгæй никæй федтаис. Æцæг, расыг лæг еныр дæр арæх фенæн нал ис, уы-мæн æмæ адæмæн се ‘нæниздзинад тынг фæцу-дыдта æмæ сæхи хизын райдыдтой нозтæй.

Ирон адæммæ стыр худинагыл нымад уыд, ца-лынмæ мардæн рухс нæ зæгъой, уæдмæ фынгмæ æвналын.

Никуы мæ ферох уыдзæнис иу ахæмы, советон дуджы, гуырдзиаг хъæу Чъехы ирон лæджы зианы фынгыл бадт фæдæн. Кувæг нæма ракуывта, рухс дæр нæма загъта, афтæмæй фынгыл бирæтæн се ‘рбадт æмæ сæ зыд хæрд сиу сты, раст, цыма, къуыридæргъы хордоны хъæстæ нæ уыдысты. Уымæ гæсгæ уайтагъд ахъуыды кодтон, зæгъын, æвæццæгæн, ирон лæджы хист у æмæ фыдæнæн кæнынц æндæра уанцон зыд хæрд нæу. Уый та цы æгъдау у, фарстон мæ гуырдзиаг хæстæджы уый фæстæ. Уый мыл ныххудт. Махмæ, зæгъгæ, фынгыл куывдмæ ничи æнхъæлмæ кæсы. О, фæлæ, уыдонæн се ‘мбисонд сæхи. Махæн та ацы æгъдау цæстыгагуыйау хъахъхъæнинаг у.

Абайты Уасо æнæхъуаджы нæ фыста: «Ирон фынг у академи».

Академи уыдзæн алы хатт дæр, кæд ын йе ‘гъдæутты хъахъхъæнæм, уæд.

 

Бестауты Валя

 

https://xurzarin.ru/ziany-kaendtae-kaengaejae-kad-kaenaem-nae-ziaenttaen/

 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz