МÆ АРФÆТÆ СЫЛГОЙМÆГТÆН!

0
293

О, Стыр Хуыцау, дæ хорзæх радт мæ ирæн,

Ды ацы дзырдты ма бауадз мæлын:

МАД!, ХО!, ЧЫЗГ!, ЧЫНДЗ!, СЫЛГОЙМАГ!, ÆФСИН!, ФАЙНУСТ!, ХОДЫГЪД!

Легендарон Амазонкæты æмæ Нарты Сатанайы фæдонтæн стыр æхсызгонæй арфæ кæнын Сылгоймæгты Бæрæгбоны!

Æнæниздзинад æмæ Къонайы Фарн кæддæриддæр æмдзу кæнæд уæ царды дæргъвæтин фæндагыл!

Алæмæтау æрттивæд уæ бахудт æмæ цæхæр калæд уе ‘ввахс адæмты зæрдæты! Рæсугъд хæххон дидинæгау уæд уæ сомбон æмæ сыгъдæг суадонау згъорæд уæ разæй Ирон Сылгоймаджы Кад! Мады-Майрæмæй фæдзæхст ут!

Кæд уæ искæмæн Украинæйы тохы быдыры йæ хъæбул, æфсымæр кэнэ сæры хицау ис, уæд уыл тагъд рæстæджы æнæфыдбылызæй, Уæлахизимæ сымбæлæд!

Божественных, Лучезарных, Красивых, Прекрасных, Стройных, Прелестных, Женственных и Изумительных потомок Легендарных Амазонок и Нарт Сатаны с огромным удовольствием поздравляю с Днем Женщин !!! Пусть ваши души всегда будут вознаграждены радостными каждодневными событиями и Божья Любовь наполняет всю вашу жизнь!

PS. Мæнæ мын Къоста мæ хъусы афтæ дзуры, æз дæр дам сæ бирæ уарзтон æмæ дам сын мæ бæсты дæр РААРФÆ кæн!

ДЫУУÆ САУ ЦÆСТЫ

Дыууæ сау цæсты Маниторай худынц,
Гипнозкæнынмæ а лæппуйы хъавынц.
Куы мæм, тызмæг, æртхъирæнтæ фæкæнынц,
Куы та мам, хатгай, худгæйæ фæкæсынц.
Рæсугъд цæстытæ Маниторай худынц,
Куы Хонгæ кафт мæ алыварс æркæнынц.
Куы мæм сæ иу, йæ галиу цæст ныкъулы,
Куы та мæм иннæ, мустучъи нытилы
Вæййы цæссыг мæ цæсгомыл æркалынц,
Куы рухсы тын мæ зæрдæйы нытадзынц.
Дыууæ сау цæсты Маниторай худынц,
Æхсæвæй-бонæй Бонвæронау ‘ртивынц!

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz