РУХСАГ ФÆУÆНТ – Хосонты Рæмзи Огъюн

0
249

Иугæйттæ дыгæйттæ фæуынмæ хъавæм

Зыйантæ фæд фæдыл фæугæ нал кæнынц

Хæдзæрттæ зæххы хай куы нал æндавæм

Дурты быны адæм зæрдæтæ æлхынц

Хъaхъгæнæг куы фесты сæ зонд фыр дихæй

Рысдытæ алы бон фылдæрæй фылдæр

Æртхорттæ кæмысты агурынц джихæй

Æнæ раздæхинаг фæндæгтæй фалдæр

Куынæ уыттайыггам иумæйаг бæргæ

Уыдхæссæг виппайды кæцæй фæзынди

Цымæ чи бафсæсти йæ цардæй цæргæ

Сæ уынæр алыги фæсдаг разынди

Кæдма хъæбатырдæ хæлды бын бабыр

Мæлынæй кæд тæрсыс дергъауцæм фæзил

Йыргъæвын нал комынц цæй зын уы сабыр

Быны пырх зæрдæтæм цæсгæмттæм разил

Ацы мæлæт уæвгæ цæрын цæй нгæс

Сыджытмæ куырхизыс уæдтæ бамбæхсы

Дæ цырты уæлæдын куырбады цæргæс

Цалдæр къæвда фæстæ кæрдæг фемæхсы

Хосонты Рæмзи Огъюн

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz