Дæ Ацыд

0
247

Дæ Ацыд

Ды ацыдтæ. Дæ нымæг къахдзæф тары

Мæ хатæнмæ æмыр уазал хæссы.

У къуым афтид. Зынггур гæлæбу царыл,

Уæхствад галау тыгъд базырæй хуыссы.

Изæрмилтæ. Хъызы мæ уды хохыл.

Тæссар бæрзæндтæ ехсæй арв хынцы.

Ды ацыдтæ… Æмæ дæуæй у рохы

Дæ пъаты рис, дæ узæлды хъынцъым.

Тæхынц пырх мигътæ. Рудзгуытыл сæ фæрстæ

Гæдыйау хафынц. Ацыдтæ мæнæй…

Ды фæззæгимæ диссаджы æнгæс дæ:

Фæрныг рæстæг, фæлæ дзы зарæг нæй…

Æцæгæлон, æвæлмон, хъулон, барджын,

Къæйных дуне мæ рудзгуыты цæуы.

Цыма мæ раджы ферох дæ ды, раджы,

Фæлæ дæ сурæт цæсты раз лæууы.

Тæхынц пырх мигътæ. Рацахсын фæнды

Мæн урс æфсургътау уыдонæн сæ идон.

Фæлæ дзæгъæлы… Аууæрд сæ, уæд дзы

Ныллæдæрсы мæ уды бынмæ ихдон…

Хаджеты Таймураз

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz