Мæ Ир
Мæ Ир, цы маст зоныс мæнæй,
Мæ уд цæй охыл дарыс артмæ?
Кæд мын цæрæн дæ риуыл нæй,
Уæд дзы кæдæм фæлидзон дардмæ?
Дæ дзыхъхъ къуындæг куы у уæрмау,
Уæд дзы куыд бирæ ис цагъартæ!
Кæнынц дæ фыдгултæн козбау,
Сæ ныхтæй сау зæхх хойынц нартæ.
Куы фенынц калмы комы сом,
Уæд ын кæнынц æхцонæй пъатæ.
Æгадæй нал хизынц сæ ном,
Хæссынц зæрин худау сыкъатæ.
Мæ фæдыл гамхудты хъуызынц,
Цæвынц мæ аууонæй æмбæлттæ.
Цæгъдын дæ фарны хуымы сындз,
Уæддæр кæм ихсийынц хæмпæлтæ!
Уæдæ кæдæм сафон мæ сæр,
Лæгау кæм цæрдзынæн дæ фæстæ?
Кæд мыл уæлæхох дæ, уæддæр
Ды дæ мæ удлæууæн, мæ бæстæ.
2009 азы 23 май
Джыккайты Шамил