Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

«Нартиадæйы Aз»

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг ТУГЪАНАТЫ Ларисæ скодта «Нартиадæйы аз”-ы фæткмæ гæсгæ республикæйы дзыллон мадзæлттæ саразыны фæдыл организацион комитеты фыццаг æмбырд.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæ къух кæм æрæвæрдта, уыцы Указмæ гæсгæ, ацы аз нæ республикæйы нымад у ирон «Нартиадæйы аз»-ыл. Дзыллон мадзæлттæ арæзт сты республикæйы адæмон аивад бахъахъхъæнынмæ æмæ йæ парахат кæнынмæ.

Регионы культурæйы министр Галазты Эдуардæмбырды архайджытæн бавдыста «Нартиадæйы аз»-ы логотипты цалдæр хуызы (кæронбæттæн хуыз сфидар кæнынмæ хъавынц иннæ æмбырдмæ). Æдæппæт пъланы ис «Нартиадæйы аз»-ы кадæн саразинаг 100 дзыллон мадзалæй фылдæр – армукъатæ, концерттæ, равдыстытæ, конкурстæ, тематикон изæртæ æмæ æндæртæ.

Дзæуджыхъæуы Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы æрбынæттонуæвæг егъау равдыст «Хуры цот» нымад у мидисджындæр культурон цаутæй иуыл. Музейы фондты экспонаттæй уæлдай ам фенæн ис Цæгат Ирыстоны Национ æмæ Театралон аивады музейтæй зынаргъ дзаумæттæ, нывтæ, стæм чингуытæ æмæ æндæртæ.

«Нарты кадджытæ» стыр бынат кæй сфæлдыстады ахсынц, равдыст «Хуры цот» цæгатирыстойнæгты æмæ нæ республикæйы уазджыты зонгæ кæны уыцы нывгæнджыты аивадимæ. Уымæй уæлдай, равдысты фенæн ис къонайы сæрмæ ауындзгæ рæхыстæ, къустæ æмæ ирæтты национ фæлысты хæйттæ.

-«Нарты кадджытæ» æвдисынц нæ адæмы мидисджын æгъдæуттæ æмæ культурæ. Нæ хæс у ацы национ æгъдæуттæ рæзгæ фæлтæрæн ногæй саразын æмæ сæ бахъахъхъæнын. «Нартиадæйы аз»-ы фæрцы нын ис не ‘вæджиауы культурон хæзнатæ равдисыны фадат, æмæ афтæмæй нæ сæйраг хæс у æппæт пълангонд дзыллон мадзæлттæ нывыл уагæй баххæст кæнын, – загъта Тугъанаты Ларисæ.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ГАЗÆТ “РÆСТДЗИНАД” , Хуымгæнæны мæйы 26 бон,

Yazarın Diğer Yazıları

Güreşte altın madalya

Güney Osetyalı sporcu Amaga Zasseeva, 15-16 Kasım’da düzenlenen “Slavyansky Bölge Belediyesi Açık Güreş Yarışması”nın 67 kg kategorisinde 4 maçı kazanarak birinci oldu.

Sambo

Adigey, Takhtamukay 1 No’lu Spor Okulu öğrencisi Rasul Naş, Bişkek’te düzenlenen Dünya Sambo Şampiyonası’nda altın madalya kazandı. 7-9 Kasım tarihlerinde gerçekleştirilen şampiyonaya 73 ülkeden 600’den...

Yüzme

Güney Osetyalı genç yüzücü Alexander Ualyty, 15-16 Kasım tarihlerinde Moskova’da düzenlenen Mad Wave Classic yarışmasında gümüş ve bronz madalyalar kazanarak başarıyla mücadele etti.

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img