Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Ирон Фысджытæ Хæлары Тыххæй

Лæг дæ исты куы кура, уæд ын æй ратт — де ‘мгар у. (Гæдиаты Секъа)

Цыфæнды уавæрты дæр зæронд хæлæртты рох кæнын не ‘мбæлы. (Бекъойты Елиоз)

Хæлардзинад, æфсымæрдзинад… Цæргæсы дыууæ тыхджын базырау сты уыдон. (Цæгæраты Максим)

Хæлардзинадæй зынаргъдæр ницы ис. (Малиты Васо)

Хорз æмбæлтты æхсæн… царды зын уыййас хъуыдыйаг нæ вæййы. (Гæдиаты Цомахъ)

Зын у цæрын æнæ ‘мбалæй. (Багъæраты Созыр)

Хорз æмгар хæстæгæй хуыздæр у. (Брытъиаты Елбыздыхъо)

Удыхъæд æмбарын, æрдхорд ссарын лæгдзинад у. (Мæрзойты Сергей)

Хорз хæлар æвзæр хъуыддæгтæ нæ фæкæны. (Цоциты Резо)

Хæлары цæстытæ, хæлары хъустæ дардмæ уынынц, дардмæ хъусынц. (Гуыцмæзты Михал)

Æмгары сæрты ахизын мæнгард хъуыддаг у. (Дзугаты Георги)

Хорз æмбалæй хуыздæр ницы ис царды. (Боциты Барон)

Æз никуы æрцæуин æнæбон, æдыхмæ,

Нæ банкъарин никуы хъысмæтæн йæ карз,

Мæ цыфыддæр ызнаг куыд уыдзæн мæ ныхмæ,

Куы-иу уаид афтæ мæ хæлар мæ фарс. (Дзасохты Музафер)

 

Ирон Æмбисæндтæ Хæлар Æмæ Лымæны Тыххæй

Лæг лæджы кæддæриддæр бахъæудзæн.

Æнæ æмбалæй куывды дæр ма ацу.

Фондзыссæдз фысæй фондзыссæдз лымæны хуыздæр сты.

Бирæ мулкæй бирæ лымæн хуыздæр у.

Ног æмбал ссарын хорз у, фæлæ зæронды дæр рох кæнын нæ хъæуы.

Алцæмæй æххæст æмгар чи агуры, уый æнæ ‘мгар зайы.

Бирæмгарджын — æнæмгар.

Габаты гал æмæ хъуг (фæзæгъынц мæстæймарынæн, æдзух иумæ чи цæуы, ахæмтæй).

Хъуылæг æмæ бæрдын — æмбæлттæ.

Иу хæдон дæр сын æгæр уæрæх у.

«А» æмæ «О»-йæ цæрынц.

Хæлæртты хъуыддаг исбон нæ фæрсы.

Сæ кæрæдзи цæра кодтой.

Айк дыууæ ‘мбисæй хордтой.

Лæг йæ лымæнæй бæрæг у.

Хорз æмгар зын раны сбæрæг вæййы.

Æмгары тыххæй лæг йæхи дæр мары.

Хорз æмбал æфсымæрæй хъауджыдæр нæу.

Хæлар æрдхорд — æфсымæрæй хуыздæр.

Æрдхæрдтæм паддзах дæр нæ уæнды.

Æргом ныхас хæлардзинад нæ халы.

Лымæны æууæнк макуы фесаф.

Знаджы цæфæй хæлары цæф тынгдæр риссы.

Иу рæдыдыл дæ хорз æмгары макуы ауæй кæн.

Дæ лымæнимæ цалынмæ цæххы пут нæ бахæрай, уæдмæ йæ нæ базондзынæ.

Уæрцц æмæ кæсаджы лымæнау.

Уæрцц æмæ кæсаджы лымæнтæ стæм мах: ды мæнмæ нæ цæуыс, æз — дæумæ.

Уæрцц, дам, донмæ нæ цыди, кæсаг та — сурмæ.

Кæсаг æмæ уæрцц уыдысты лымæнтæ, фæлæ уæрцц донмæ нæ цыди, кæсаг — хуыскъмæ. Сæ астæу хæфс минæвар ныллæууыд æмæ куы донмæ фæцæуы кæсагмæ хонæг: рацу, дæ лымæны дын фенын кæнон, зæгъгæ, куы та хуыскъмæ фæцæуы уæрццы хонынмæ. Фæлæ уæддæр дыууæ лымæны абон дæр ма не ‘мбæлынц кæрæдзиуыл. Уый тыххæй дзырдæн баззад уæрцц æмæ кæсаджы лымæнау, зæгъгæ.

Хæлардзинад æнусмæ хæссын хъæуы.

Юрий Дриати

Yazarın Diğer Yazıları

Şahdağ halklarının anadilinde eğitim hakkı

Şahdağ halklarının Türk kökenli olduklarına dair çeşitli geç dönem versiyonların bilimsel bir değeri yoktur Lezgi dili, Güney Dağıstan ve Kuzey Azerbaycan’ı birleştiren benzersiz bir kültürel...

Yeni çıkan kitaplar

Etnografik makaleler Fransız asıllı etnograf ve dilbilimci Leonti Yakovleviç Lyulye’nin yazdığı “Çerkesya, Tarihi-Etnografik Makaleler (1857-1862-1866)”, Murat Topçu’nun çevirisi ve Koyusiyah Yayıncılık etiketiyle raflarda... 19. yüzyılın ortasında...

Diaspora araştırmaları

İngiltere’deki Routledge Yayınevi’nden çıkan “Şiddet Dolu Geçmişi Hatırlamak ve Üstesinden Gelmek-Diasporik Deneyimler ve Ulusötesi Boyutlar” savaş, soykırım ve zulüm anılarıyla boğuşan diasporik toplulukların yaşamlarına...

Sosyal Medyalarımız

9,251BeğenenlerBeğen
2,745TakipçilerTakip Et
4,012TakipçilerTakip Et
677AboneAbone Ol

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img