Марински Театры Сæрлæууæг Уалæри Гæргиæвы Турчы Кансерттæ…

0
430

Бирæ æхсæнад аивад уарзаг адæмы хъудытæм гæсгæ у Гæргиæв дунейы ахсджиагдæр æфсапъæ… Повар Æмæ Турчы адæмæн равдыста цалдæр канцерт. Туркаг Культурæ æмæ туризмы министрады уазæгæй æрбацыд Туркмæ фыццаг хаты.

Призы хицау уырыссаг аркестыр Уалæрийы руаджы 10 æм мæйы 8 æм бон Анталийы, 10 æм бон Анкарайы 11 æм бон Истанбулы Кансерттæ равдыста. Æппæты ахсджиагдæр кансерт равдыста Аспендосы. Туркаг президенты аркестыры сченæйы, Туркаг аркестыримæ иумæ уыдысты. Тынг æнтыст кансерт равдыстой. Уырыс æмæ Беларусы къонсолтæ дæр кастысты. Севдыст уыд Дмитри Состакоуичы до мазор 7 æм сенфони. Немыцы бабырсты 900 бон сæттын чи нæ бакумтта уыцы горæт Ленинграды æмæ сенфоныйы бастдзинады номыл равдыст у нысаныуæг…

Истанбулы Ататурк Культурæ Сентыры кансерт уыдис ахсджиаг. Цæмæн æмæ Гæргиæв ацы кансерты Турчы 2 æм мæйы стыр зæх æнкъусты адæмы кадæн ныффæлдыста. Адæмы зæрдæмæ тынг фæцыд  æмæйæ уырдыг лæугæйæ фемдзæгъд кодтой.

Гергиæв бирæ азты бæрц фæсарæн падздзахæтты аркестыртæн реджисерæй бакуыста. Фæлæ Украйнæ æмæ Уырысы тохы тыххæн путины ныхмæ нæ æрлæууыд зæгæйын Немыцæгты йæ куыст ныууадзын кодтой. Гергиæв Истанбулы канцерты фæдыл Турчы цæрæг Ирон адæмимæ дæр базонгæ ис.

Гергиты (Джерджиты) Абисалы фырт Валери у Марияйы театры сæргълæууæг, аивадон разамонæг, Уæрæсейы адæмон артист, паддзахадон премиты лауреат, дунейы зынгæдæр дирижёртæй иу. 2007-æм азæй фæстæмæ Гергиты Валери у Лондоны симфонион оркестры сæйраг дирижёр.

 

Иронаумæ тæлмацгæнæг Муаммæр БАД-ты..


Гергиты Валери

Гергиты Валери райгуырдис 1953-æм азы 2 майы Мæскуыйы. Йæ сывæллоны бонтæ арвыста Дзæуджыхъæуы.

Каст фæцис Ленинграды Римский-Корсаковы номыл консерватори профессор И. А. Мусинмæ. 23-аздзыдæй рамбылдта Герберт фон Караяны номыл дирижёрты конкурс Берлины æмæ студентæй уæвгæйæ хуынд æрцыд Кировы номыл оперон театрмæ (ныртæккæ хуыйны Мариинский).
1977 азæй — Кировы номыл театры дирижёр.

1981-æм азæй 1985-æм азы онг куыста Сомихы паддзахадон оркестры сæйраг дирижёрæй. 35-аздзыдæй æвзæрст æрцыд оперæйы труппæйы аивадон разамонæгæй, 1996 азæй фæстæмæ кусы аивадон разамонæгæй æмæ сæргълæууæгæй Марияйы театры.

Гергиты Валери абон нымад у дунейы иууыл куырдиатджындæр дирижёрыл. Уый у УСФСР-ы сгуыхт аивадон архайæг (1983 аз); адæмон артист (1996 аз); Æхсæнадæмон организаци «International Classical Music Awards» радтой йын ном «Афæдзы дирижёр»; 1994 азы æмæ 1999 азы Уæрæсейы Паддзахадон премиты лауреат. Цалдæр хатты куыд иууыл курдиатджын дирижёрæн Гергийы-фыртæн лæвæрд æрцыд сæйраг театралон преми «Сызгъæрин маскæ».

Афтæ ма йын лæвæрд æрцыд Бетъырбухы сæйраг театралон преми «Сызгъæрин софит» иууыл хуыздæр дирижёрон куыстыты тыххæй 1997, 1998 æмæ 2000 азты. 1998 азы музыкалон культурæмæ зынгæ бахасты тыххæй Philips Electronics Гергиты Валерийæн балæвар кодта сæрмагонд преми, æмæ йæ уый алæвæрдта æрыгон зарæггæнджыты академийы æххуысæн. 2000 азы Гергийы-фыртæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы иттæг бæрзонд хæрзиуæг — Хæлардзинады орден æмæ Сомихы Республикæйы иттæг бæрзонд хæрзиуæг — Сыгъдæг Месроп Маштоцы орден. Афтæ ма Гергийы-фыртæн радтой Германы хицауады хорзæх — фыццаг къæпхæны дзуар «Сгуыхтдзинæдты тыххæй», Италийы — орден «Цытджын кавалер», Францы — орден «Аивæдты æмæ литературæйы орден». 2002 азы лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Президенты преми — зынгæ сфæлдыстадон æмæ зонадон бавæрды тыххæй. 2003 азы 31 мартъийы радтой ын цытджын ном «ЮНЕСКО-йы Сабырдзинады артист».

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz