Ирон Aдæмон Æгъдæуттæ – l7
Боныгъæдмæ Кувыны Æгъдау Нæ Фыдæлтæм
Нæ фыдæлты цардæй абон махæн алцыдæр цымыдисон у. Стыр цымыдисон у, нæ фыдæлтæ боныгъæдмæ куыд куывтой, уыцы æгъдау дæр.
Раджы заманы адæм уыдысты бынтон æдых æрдзон фæзындты раз. Сæ хортæ-иу гæныстон фесты, сæ фыдæбон, сæ уæззау куыст-иу дзæгъæлы фæцис æгæр хурбонтæ, кæнæ-иу къæвдатæ бирæ рæстæг куы ахастой, уæд.
Ирон адæм хорз зыдтой, цæмæй хъæздыг тыллæг райсой, сæрвæттæ æмæ угæрдæнтæ кæрдæгджын уой, уый тыххæй хъуамæ хъæуæг боныгъæдтæ скæна. Йæ афоныл хъуамæ æруара къæвда, йæ афоныл та хурбонтæ ахæссой. Æмæ цæмæй нывыл боныгъæдтæ скодтаид, уый тыххæй æдзух куывтой бардуæгтæм. Уæлдай лæгъстиагдæр уыдысты Мигъдау æмæ Елиайæн. Уыдоны номыл æргæвстой сæгътæ. Арæх-иу фехъуыст адæмы куывд уарыны бардуæгтæм. Уыцы бон дæр-иу рауарыди. Куывды фæстæ нæ уары дæргъвæтин бонты, уæд кувæг адæм, зæдтæн сæ цæстмæ даргæйæ уæлмæрдæй (зæппадзæй) цæугæдонмæ хастой сылгоймаджы стæгдарæй исты æмæ йæ уым удæстой дзæвгар рæстæг, стæй-иу æй фæстæмæ бахастой йæ бынатмæ. Уыцы фæтк та æлгъыстау уыд Мигъдау æмæ Елиайæн. Уыдис ма сæм ахæм æгъдау дæр æмæ-иу æрвдзæф марды ингæны дуртæй сылгоймæгтæ хастой цæугæдонмæ æмæ сæ хостой дойнаг дуртыл, Елиайæн сæ тæригъæдтæ хъаргæйæ. Æмæ-иу кæд уæддæр не ‘руарыд, уæд-иу æрвдзæфы ингæнмæ хастой дон, калдтой йыл æй æлгъитгæйæ, зæгъгæ, уый тæригъæдæй æнцой ма фен Елиа, дæлæмæ æрхау. Æппæты карздæр азым хаста уæларвон тыхтæм Рекомы рæхыс доны баудайын, æмæ-иу уæд расайдта дæргъвæтин къæвдатæ.
Ирон адæмы ма уырныдта, рагуалдзæджы-иу арв æгæр раджы куы ныннæрыд, уæд уый хорзы нысан кæй нæу. Сæ хъуыдымæ гæсгæ уал-дзæджы уд бацæуы бæлæсты, кæрдæджы æмæ рагацау куы ныннæры, уæд, зæгъгæ, уый уыдонæн у къуылымпыйы хос. Стыр ахуыргонд А. Яновский куыд фыссы, уымæ гæсгæ Уациллайы бон ирæттæ æргæвстой сæгъ, цæрмыстъыгъд-иу æй бакодтой æмæ-иу ын йæ царм сыгъдæг Ильяйы номыл даргъ хъи-лыл æрцауыгътой æмæ йæм куывтой къæвда æруарыны тыххæй. Уыцы хъилы хуыдтой æвгъил. Цалынмæ-иу æй кæм æрсагътаиккой, уырдæм нæ бахастой, уæдмæ-иу уыцы бынаты бапырх кодтой дон. Ацы æгъдау скæныны фæстæ дæр-иу куынæ æруарыд, уæд-иу æнхъæлдтой, зæгъгæ, нæ нывонд нæ фæбæззыд Уациллайæн. Уыцы рæстæджы-иу кувын райдыдтой Тхосты дзуармæ, уый, зæгъгæ, карздæр дзуар у, стæй дæр Уациллайы хæлар у æмæ нын кæд исты баххуыс кæнид. Аргæвстой-иу йæ номыл уæрыкк, хистæр-иу скуывта. Уый фæстæ-иу суадоны дон калдтой хæдзарыл, кувæндоны къултæ-иу донæй бапырх кодтой, сойæ сæ сæрстой. Ацы æгъдæутты фæстæ дæр-иу куынæ æруарыд, уæд-иу сылгоймæгтæ сасиртимæ, къустимæ æрæмбырд сты æмæ-иу лыгъдысты хъæдмæ кæнæ æфцæ-джы ‘рдæм, сæ сасиртæ æмæ къустæ тилгæйæ. Сылгоймæгты фæстæ-иу арвыстой сæрмагонд æвзæрст лæг æмæ-иу сын лæгъс-тæ кодта, раздæхут фæстæмæ, Тхост нын ратдзæн, цы куырдтам, уый. Ацы æгъдау алы хъæуы цæрджытæ дæр арæзтой алчи йæхирдыгонау.
Къæвда æруарыны тыххæй Ерманы цæрджытæ Таранджелозы кувæндоныл калдтой дон æмæ æхсыр, Едысы та — Тбау-Уациллайы кувæндоныл. Фæлæ уæддæр къæвда рауадзыны æгъдæуттæй иууыл ахсджиагдæр æмæ парахатдæр у Цоппай. Нæлгоймæгты къорд-иу зылдис хъæутыл, кодтой сæрмагонд зарджытæ æмæ ритуалон кæфтытæ. Семæ хастой сырх кæнæ урс хъуымацæй конд тырысатæ. Фæндагыл-иу дон кæм федтой, уым-иу æй калдтой кæрæдзийыл. Алы хъæуы дæр сын лæвæрдтой хор, зад, æхца æмæ-иу куы æрыздæхтысты сæ хъæумæ, уæд-иу бæгæны бахсыстой, гал-иу аргæвстой æмæ-иу куывд скодтой Уациллайы номыл.
Ирон адæмы мифологийы мæрдтæн уыдис стыр культон нысаниуæг. Бирæты уырныдта, марды стæджытæн бастдзинад кæй уыдис къæвдаимæ, хурвæлтæримæ, митуардимæ. Едысы хъæуы цы рагон ингæнтæ ис, уыдон, дам, сты Царциаты ингæнтæ. Хурбонтæ-иу куы ахаста, уæд-иу ацы ингæнтæй скъахтой стæджытæ, донæй-иу сæ ныххуылыдз кодтой æмæ-иу куывтой къæвда æруарыны тыххæй, стæй сæ-иу фæстæмæ баныгæдтой. Уый фæстæ сæ фидарæй уырныдта, къæвда кæй æруардзæнис, уый. Ингæны мидæг-иу стæджыты рафæлдах-бафæлдах кодтой, æнхъæлдтой, зæгъгæ, боны-гъæд дæр афтæ раивдзæн.
Ирæттæ раджы заманы боныгъæды уавæр развæлгъау нымадтой планетæмæ гæсгæ дæр. Æрæджы дæр ма уыдон, цахæм боныгъæд уыдзæн, уый развæлгъау бæрæг кодтой Бонвæрноны уавæрмæ гæсгæ. Кæд-иу Бонвæрнон райсомæй раджы аныгъуылд, уæд-иу дзырдтой, зæгъгæ, уыдзæн къæвда, кæд-иу иннæ хæттытæй фылдæр зынди арвыл, уæд та-иу дзырдтой, зæгъгæ, уыдзæн хурбонтæ.
Хур æмæ къæвдатæй дарддæр ма хуымтæн зиан хастой их æмæ тæрккъæвдатæ дæр. Уымæ гæсгæ ихы номыл дæр арæзтой куывд – хуыдтой йæ Ихы æнцойбон. Их æмæ тæрккъæвдаты рæстæджы арв нæры, цæвгæ дæр кæны, куы ферттивы, уæд. Ацы æрвон тыхтæй адæм тынг тарстысты. Уымæн æмæ-иу арвы цæфæй лæг амард, хæдзæрттæ, къæдзæхтæ-иу пырх кодтой, бæлæстæ-иу рафæлдæхтысты æмæ сыгъдысты. Æппæт уыдæтты тыххæй дæр куывтой Уацилламæ. Йæ номыл кодтой кусæрттæ. Арв-иу кæй ныццавта, ууыл кæуын нæ фæтччыдис, иумæ-йаг уæлмæрды дæр æй нæ ныгæд-той, уый, дам, Уациллайы азарæй мард у. Баныгæдтой-иу æй, арв æй кæм ныццавта, уыцы бынаты æмæ-иу раздæхтысты. Марды хицæуттæ-иу æй æртæ боны бахъахъхъæдтой радгай. Фæлæ-иу уый фæстæ æвзæр бонтæ куы скодта, уæд-иу æй фæстæмæ скъахтой, уæрдоныл-иу æй сæвæрдтой, æмæ-иу ифтыгъд галты ауагътой, кæцырдæм сæ фæндыдаид, уыцырдæм æмæ-иу кæм æрлæууыд, уым-иу æй баныгæдтой. Арвы цæфæй марды ирон адæм ныгæдтой худгæйæ, заргæйæ, Елиайæ æппæлгæйæ.
Цымыдисон уыдысты хурбонтæм кувыны æгъдæуттæ дæр. Хуры тыххæй куывдтæ кодтой хъæугай, комгай, кæм — дзуæртты бынты, кæм — сыхгай, кæм та — хæдзæртты. Иумæйагæй кодтой кусарт, фыхтой бæгæны, хастой алы хæдзар дæр кувæндоны номыл æртæ уæливыхы. Куывтой Хурты Хурзæринмæ, Уацилламæ, Комыбардуагмæ, цæмæй мауал уара æмæ хурбонтæ скæна. Бирæ хæттыты-иу сæ куывды ныхæстæ хъуыстысты æрвон тыхтæм, æмæ-иу фенцади йæ уарынæй. Уарынæй-иу куынæуал æнцади, уæд-иу сылгоймæгтæ гомсæртæй, бæгъæмвæдтæй цыдысты хъæуæй-хъæумæ къордтæй, семæ хастой æрхуы тастæ, дурынтæ. Хастой сæ чысыл дуртæй æмæ æмхъæлæсæй дзырдтой: «Адæмы тæригъæдæй дæлæмæ æрхау, Хуыцау, ацы къæвдаты Æлдараты дæр куынæ фесафай, уæд!», — афтæ дзургæйæ-иу зæххыл æркалдтой цæхх æмæ-иу тымбыл зилгæйæ, йæ фыдæх хъардтой уæларвон зæдтæн, афтæ дзургæйæ:
Уары, уары!
Цы уары?!
Хидыхъусы цæхх уары!
Цæххы мæрты — æртæ къуыртты,
Банцай, науæд тъæппытæ ахау!
Бакуыста йыл
Бестауты Валя
https://xurzarin.ru/bonygaedmae-kuvyny-aegdau-nae-fydaeltaem/