Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Йæ цардæй ахицæн киноаивады зындгонд архайæг, нæ хуыздæртæй иу, Джусойты Геогоргйы Фырт Мурат

Режиссер, сценарист, монтажер… 64 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн киноаивады зындгонд архайæг Джусойты Мурат. Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, аивадон æмæ документалон кинонывты автор 2008-æм азы онг фæкуыста Цæгат Кавказы кинохроникæйы студийы. Критикты ныхæстæм гæсгæ, йæ кинолентæтæ сты философон æмбисæндты хуызæн. Киноаивады рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй Джусойты Муратæн саккаг кодтой «Ирыстоны Намысы» майдан. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Джусойты Мураты куыстытæм кæсгæйæ, зын бауырнæн у, кæддæр сæ авторы, 5-аздзыд лæппуйы бæллиц кæй уыди йæхи кинонывтæм кæсын. Уæд æй нæма зыдта, кинойы дуне йæ йæ алæмæты тыхæй йæхимæ кæй балвасдзæн, уый. Аивадмæ уарзондзинады фæрцы киноуарзджытæ аргъ скодтой Мураты ахæм куыстытæн, куыд: «Хохаг», «Рудник», «Человек в зеленом кимоно», «Курьер на восток», «Похищение Европы», «Къоста»…

Хъантемыраты Барис Джусойты Муратимæ базонгæ 1980-йæм азы, кинематографийы æппæтуæрæсеон институтмæ ахуыр кæнынмæ куы бацыд, уæд. Мурат ма уыд хъæбысхæстæй спорты мастер, уæдæ Барис дæр спортмæ æмхиц у йæ сабибонтæй фæстæмæ. Афтæмæй тынг хæлæрттæ систы. Барис куыд зæгъы, уымæ гæсгæ Мурат кæддæриддæр йæ размæ æвæрдта бæрзонд нысантæ, æмæ сæм цыди уæндон къахдзæфтæ кæнгæйæ. Уыйбæрц зонындзинæдтæ йæм æнæмæнг уыди. Бирæ хъуыддæгты йын уыд дæнцæг. Суанг ма йæ ахуыргæнæг дæр хуыдта.

Джусойты Мураты кинонывтæ сты философон æмбисæндты хуызæн, – зæгъынц критиктæ. Зæгъæм йæ киноныв «Рудник» сси Италийы Æппæтадæмон кинофестивалы дипломант. Ирыстоны киноавиадмæ бирæ азты дæргъы стыр æвæрæн кæй хаста, уый тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд «Ирыстоны Намысы» майданæй. 1999-æм азæй 2008-æм азы онг куыста Цæгат Кавказы кинохроникæйы студийы. Мурат йæ цардæй æнæнхъæлæджы кæй ахицæн, уый йе мкусджытæн уыди тынг зын.

Джусойты Мурат райгуырд 1959-æм азы. Режиссеры æмæ сценаристы цард рауад цыбыр, фæлæ уыцы-иу рæстæг мидисджын. Каст фæци ВГИКы экономикон уый фæстæ та сценарон факультеттæ. Киноиндустрийы фыццаг къахдзæфтæ акодта 1989-æм азы. Уæд сценарий ныффыста аивадон киноныв «Фанат»-æн. 2009-æм азæй фæстæмæ режиссерæй куыста хæдбар студиты. Йе ппæт куыстытæн аивадуарзджытæ скодтой стыр аргъ. Афтæмæй йæ ном, куыд режиссер, афтæ зæгъæн ис, æмæ сæнусон кодта. Режиссеры кустытæн стыргъ аргъ кæнынц Уæрæсейы æмæ æппæтадæмон кинофестивальты. Ахæм адæймаджы тыххæй иу зæгъынц- хæзнаты хæзна зæгъгæ. Уый та уымæн æмæ кинойы фæрцы Джусойты Мурат ссардта йæхи царды æмæ адæмы зæрдæтæм фæндаг.

Фæндиагæй нæ загъæм фæндараст, фæлæ цы нæ бон у, нæ рухсагæй дæ фæндараст кæндзыстæм. Рухсаг у, Мурат. Рухс дзæнæты дæ хай!

(Пелиты Сабинæ, AIaniatv)

Yazarın Diğer Yazıları

Erdoğan Aydın ve Bülent Bilmez’in yeni kitapları raflarda

Tarih araştırmacısı, gazeteci ve yazar Erdoğan Aydın’ın “Yanlış İliklenen Düğme” adlı kitabı SRC Kitap’tan çıktı.   Arka kapak yazısı “Resmi tarih, hâkim sınıfların bilinmesini istediği tarihtir... Geçmişte yaşanmış...

İmamoğlu’nun gözaltına alınması Türkiye’yi ayağa kaldırdı

Yüz binlerce kişi sokaklara çıktı İstanbul Büyükşehir Belediye (İBB) Başkanı Ekrem İmamoğlu’nun hakkında İstanbul Cumhuriyet Başsavcılığı tarafından lisans diplomasının sahte olduğu iddiasıyla başlatılan soruşturma sonunda...

Suriye’de Alevi ve Hıristiyanlara yönelik saldırılar

Suriye’de 8 Aralık 2024’te gerçekleşen yönetim değişikliği, ülkedeki mezhepçi şiddetin yeniden tırmanmasına yol açtı. Heyet Tahrir el-Şam’ın (HTŞ) yönetimi ele geçirmesinin ardından, Alevi ve...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img