Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Нæ фыдæлты цардуаг ФОСДАРД – СÆ ЦАРДЫ ФÆРÆЗ

Незамантæй фæстæмæ адæм сæхицæн царды фæрæз аразынц сæйраджыдæр фосдарды æмæ зæхкуысты руаджы. Ахæм царды уагыл хæст уыдысты нæ раг фыдæлтæ æмæ нæм æрхæццæ ис абоны бонмæ дæр. Фæлæ сæм уæддæр раздæр фæзынд фосдард. Афтæ кæй у, уый лингвистикон æгъдауæй бæлвырд кæнынц ахæм зындгонд ахуыргæндтæ, куыд Всеволод Миллер æмæ Абайты Васо. Уыдон зæгъынц, зæгъгæ, фосдарды бирæ терминтæ ирон æвзаджы сты тынг рагон æмæ сын ис ирайнаг равзæрд. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ ирæтты цардуаджы хицæн фæзындтæ дæр ууыл дзурæг кæй сты. Цæвиттон, рагзамантæй фæстæмæ ирон адæммæ ис фыры культ, æмæ уыцы культ дæр равзæрыд, фосы куыст массон æгъдауæй куы кодтой, уæд.


«Ныры ирæтты рагфыдæлты цæрæнбынæтты цы археологион къахæнтæ ссардтой, уыдон ‘хсæн сты фысы æмæ сæгъы алыгъуызон фигурæтæ, рæсугъдгæнæнтæ. Зындгонд у уый дæр æмæ динон æгъдæуттæ æххæст кæныны стыр бынат кæй ахстой кусæрттæгты сыкъатæ æмæ сæртæ. Рагон кувæндæттæ уыдонæй уыдысты йедзаг. Ритуалон æгъдау у куыд цины, афтæ хъыджы фынгыл дæр хистæрты раз кусæрттаджы фых сæр æвæрын. Фосы культимæ баст динон æгъдæуттæ æххæст кæнын æркодта ирон адæммæ фосы бардуаг – Фæлвæра фæзынынмæ. Фыры æмæ сæгуыты сæр систы традицион ирон адæмон орнаменты иу хай, ныв сæ кодтой куыд дарæ-сыл, афтæ хæдзары кæмæй пайда кодтой, ахæм мигæнæнтыл.

Фосдарды куыст стыр бынат ахсы ирон фольклоры дæр. Нарты эпосы æдзух æмбæлæм фосы дзугтыл, бæхты рæгъæуттыл. Афтæ у ирон адæмон аргъæутты дæр. Аланты дуджы дæр нæ фыдæлтæ фосы куыст кæй кодтой, ууыл дзурæг сты Цæгат Ирыстоны Змеикæйы станицæмæ хæстæг цы археологион къахæггæгтæ ссардтой, уыдон дæр. Цы бирæ стæджытæ дзы ссардтой, уыдон сæйраджыдæр уыдысты лыстæгкъах фосы. Ссардтой дзы фысæлвынæн хæсгæрдтæ, афтæ ма фæсмын дзаумæттæ дæр», — зæгъы этнограф Тедеты Ливæ.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй хæххон бынæттæм æрбафтгæйæ, алантæ-ирæттæн сæ фос дарыны мидис бирæбæрцæй фæивта. Дарддæр кодтой фысдарды куыст. Дардтой хъуццытæ, галтæ, хæрджытæ, хæргæфстæй та пайда кодтой уæзтæ ласын æмæ хæссынæн. Бæхтыл цыдысты бæлцуаты. Фæлæ хæхты бирæ фос дарæн нæ уыдис, уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæттæ кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ. Уалдзæджы æрбалæудимæ хæххон ирон адæм сæ фос скъæрдтой сæрдыгон хизæнуæттæм — ахæм рæттæм, кæцытæ уыдысты æвадат æмæ нæ бæззыдысты куыд зæххы куыстæн, афтæ уыгæрдæнтæн дæр. Сæрдыгон хизæнты фосы æртæ мæйæ фылдæр нæ дардтой, уымæн æмæ уыдон уыдысты бæрзонд рæтты, цъититæм хæстæг æмæ дзы уалдзæджы æрæгмæ хъарм кодта, фæззæджы та иу раджы рауазæлттæ кодта.

Фосдарды куысты ахсджиаг рæстæг вæййы уыдонæн зымæгмæ холлæгтæ цæттæ кæнын. Адæм æм сæхи цæттæ кодтой развæлгъау. Куыстæввонг кодтой æппæт хъæуæг кусæнгæрзтæ. Уыцы рæстæгмæ æфснайдтой хуыздæр хæлц дæр. Хоскæрдын-иу кæй куыд фæндыд, уæд нæ райдыдта. Уыдис сæрмагонд бон – Атынæджы бæрæгбон æмæ уымæй раздæр не ‘мбæлд ацы куыстмæ æрæвналын, кæд-иу кæрдæг исчи раздæр райдыдта кæр-дын, уæд та-иу æй фæивар кодтой, кæнæ та-иу ыл хъоды бакодтой. ХIХ æнусы кæронæй ацы æгъдау тынг хъахъхъæд нал цыд æмæ-иу кæрдæг кæд сбæззыд, уæд-иу ацыдысты кæрдынмæ.

Холлæгтæ цæттæ кæныны куыст уыдис иууыл уæззаудæр æмæ тыхдомæгдæр куыст. Бирæ рæтты угæрдæнтæ ахæм къул уыдысты æмæ сыл хосдзауы къах нæ лæууыд, уыдысты зын ссивæн æмæ кусджытæ хъуамæ куыстаиккой тынг арæхстгай. Уыдис иу афтæ æмæ-иу хосдзау йæхи куы бабаста бæндæнæй фидар ранмæ.

Карст кæрдæг куыд хус кодта, афтæ йæ æмбырд кодтой æмæ дзы амадтой мæкъуылтæ, цъеритæ. Уыдоны, фылдæр хатт, æмбырд кодтой, зæй рацæуынæй тас кæм нæ уыд, ахæм ранмæ, фæндаджы былмæ, æмæ сæ уырдыгæй зымæджы ластой се скъæтты цурмæ.

Хæххон бынæтты адæм сæ фос фылдæр дардтой, кæм цардысты, уыцы бæстыхайы. Астæуккаг цæрджытæ арæзтой дыууæуæладзыг хæдзæрттæ æмæ сын фыццаг уæладзыг уыдис фосæн. Мæгуыр цæрæг та цыран цард, уый дих кодтой дыууæ хайыл æмæ дзы иуы конд уыдысты йæ фос.

Хъæзныджытæн сæ уавæр æндæр уыд – сæ фос дардтой, уыдонæн хицæнæй арæзт сæрмагонд скъæты.

Фосдарды куыст сæйрагдæр кодтой нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæн сæ куыст фæуд кодта хос ссивын æмæ хъуццытæ дуцынæй. Фос зымæгон дарæнæй рацæуынæй зымæгон дарæнмæ бацæуынмæ уыдысты фыййауы бæрны. Йæ уæззау куыстыл дзуры ирон адæмы дзургæ сфæлдыстад, дзурынц ыл аив дзырды дæснытæ дæр сæ уацмысты. Куыд фæтк, афтæ бонджынты фосæн фыййæуттæй цыдысты мæгуыртæ. Мæгуыртæм та цы фос уыд, уыдонæн иумæ æххуырстой фыййау. Уый бæрндзинад хаста, цæмæй дзы ма фæхъуыдаид иу сæр дæр. Зæгъгæ, дзы фесæфт, уæд йæ хицауæн фыста йæ аргъ йæ мыздæй. Мызд та йын фыстой æхцайæ, мæнæуæй, фосæй кæнæ æндæр истæмæй. Иудзырдæй, цæуыл иу бафидыдтой, уымæй.

Фыййауæн хорз æххуысгæнæг уыдис йæ куыдз, кæцы фосы хъахъхъæдта абырджытæй æмæ тугдзых сырдтæй.

Хъæзныджытæм фыййауæй æххуырсты цæуын арæх уыд Ирыстоны.

Цæвиттон, хъæзныг иу йæ фыстæй мæгуыр лæгмæ радта лæскъ цалдæр азмæ. Уыцы рæстæджы сæм мæгуыр лæг зылдис, цы къуымбил сæ æлвыдта, уымæн дæр йе ‘мбис уыдис йæхи. Бадзырды рæстæг-иу куы фæцис, уæд-иу фысты æмæ сæ цоты дих кодтой æмбисыл. Хъæздыгмæ ма цыдысты лæскъ-дзæрæн дæр. Уый та ноджы тынгдæр тыхтона цыдис. Зæгъæм цы фысты дзугтæн иу æй сфыййау кодтой, уыдонæй йæхæдæг иу къорд фысыл кодта гакк. Æхсыры продукттæ уыдыс-ты фысты хицауы. Лæскъдзæрæнæн лæвæрд цыдис æрмæстдæр гакк кæуыл уыд, уыцы фыстæ æмæ сæ къуымбилæн йе ‘мбис. Лæскъ лæвæрдтой ставд фосæй дæр. Хатт иу рауад афтæ æмæ-иу фосæй куы амард, уæд-иу фый-йауæн фидинаг фæцис æмæ-иу мызд нæ, фæлæ-иу йæ хицауы раз хæсджын дæр фæцис.

Фосдард Ирыстоны уæлдай тынгдæр райтынг ХХ-æм æнусы, советон хицауады азты фос дардтой куыд хисæрмагонд афтæ æхсæнадон хæдзарадты дæр. Бынæттон холлæгтæ кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ сæ ластой æндæр æмæ æндæр рæттæй. Фæлæ хъæууон цæрджыты нымæц куыд къаддæр кодтой, афтæ къаддæр кодта фосы иумиаг нымæц дæр. Советон хицауады фехæлдæй фæстæмæ та бынтон фæкъаддæр сты паддзахадон хæдзарадты фосы нымæц. Ныртæккæ хъæууон цæрджытæн арæзт æрцыд хæрзиуæгон уавæртæ фосдард райтынг кæнынæн æмæ даргæ дæр кæнынц, цас сæ бон у, уыйбæрц фос, фæлæ уæддæр, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, хъæууон цæрджытæ фылдæр нæма кæнынц, кæд сæ хъыгдарæг нæй, уæддæр. (xurzarin.ru)

Бестауты Валя

Önceki İçerik
Sonraki İçerik

Yazarın Diğer Yazıları

Avni Lifij’in fotoğrafları 100 yıl sonra sanatseverlerle buluştu

1851.gallery, ünlü sanatçı Avni Lifij’in platin-paladyum baskı tekniğiyle üretilmiş fotoğraflarından oluşan "Affedersiniz ama sanat bir kodak fotoğrafı değildir. Ressam Avni Lifij’in Yeniden Hayat Bulan...

Boston Üniversitesi’nde bir Çerkes masalı

Karaçay-Çerkesli yönetmen, oyun yazarı, kukla sanatçısı ve sahne tasarımcısı Şaukh Evgeny İbragimov 11-16 Kasım tarihleri arasında Boston Üniversitesi’nde gösteri ve atölye çalışmaları yaptı. Üniversite...

Dijital kitap: ‘Dilin Yolu’

Tüm dünyada gündemin öncelikli sıralarına yerleşen eğitimde dijitalleşme çabaları sadece Çerkes cumhuriyetlerindeki eğitim kurumlarında değil Çerkes diasporasında da yürütülüyor. Çetav Merwan, Mışe Hun Su’ad, Ğuç’el’...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img