Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Кавказы иннæ адæмты ’хсæн цæргæйæ, ирæттæн бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый. Æмæ кæд фæстæдæр сарæзтой хæстæг æмæ фидар бастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ, уæддæр ирæттæн сæ фылдæр абон дæр фидарæй хæцы сæ Фыдæлты Фарныл æмæ рагон æгъдæуттыл.
Цæмæндæр, ныхас ирон æгъдауыл куы рацæуы, уæд фылдæр хатт райдайынц ирон бæрæгбæттæ æмæ фынджы æгъдæуттæй. Уыдон дæр ахсджиаг куыд нæ сты. Фæлæ ноджы ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр та сты ирон адæймаджы царды уаг, æфсарм, йæ ахастдзинæдтæ алыварс адæмимæ, сыхбæстæ-хъæубæстæимæ, стæй бинонты æгъдау. Цæй, æмæ мах дæр уыдонæй райдайæм.
Ирон Æхсæнады Æххæстдзинæдтæ
Куыд зонæм, афтæмæй паддзахадон закъонтæ ирон цардмæ æрцыдысты Уæрæсейæ æрæджы, иу-дыууæ æнусы размæ. Æргом зæгъгæйæ та, æххæстæй абон дæр уыйбæрц нæ ахадынц æхсæнады царды, зæгъæм, Ныгуылæн Европæйы æмæ Америчы куыд ахадынц афтæ. Æнусты дæргъы Иры дзыллæйæн æнæфæцудгæ уыдысты æндæр закъонтæ – Ирон Æгъдау, Æфсарм æмæ Фыдæлты Фарн. Æрмæстдæр уыдонмæ гæсгæ арæзтой сæ цард. Уыцы æгъдæуттæ уыдысты рæстдзинад æмæ æргомдзинады бындурыл, цардæн йæхи арæзт. Хъуыдыгонд дзы уыдысты алы адæймаджы сæрибар-дзинад, йæ хæстæ æмæ йæ бартæ дæр. Алы ирон æхсæнады дæр (кæмтты, хъæуты) уыдис царды ахсджиаг уынаффæтæ кæм хастой, ахæм æмбырд – Ныхас. Уыдис сæм ноджыдæр адæмон Тæрхон дæр. Æмæ кæд Ныхасмæ ас нæлгоймæгтæ иууылдæр цыдысты, уæд Тæрхон кæныны бар та уыдис тæккæ дзырдарæхст, фендджын æмæ хиуылхæцæг лæгтæн. Цæвиттон, фидарæй зæгъæн ис – раджы заманты Иры кæмтты æмæ хъæуты цард адæмон демократийы бындурæвæрæн миниуджытæй цух кæй нæ уыдис.
Мæнæ куыд фыста уый фæдыл Кокиты Георги:
«Ирон адæм сæ хъус тынг дарынц сæ бынæттон æхсæнады цардмæ цы хъуыддæгтæ æмæ цаутæ бар дарынц, уыдонмæ. Тыхгæнджытæ куы æрбабырсынц æхсæнады зæххытæм, уæд хæцæнгарз дарын хъом нæлгоймæгтæ иууылдæр сæ кадджын хæсыл нымайынц уыцы æхсæнад бахъахъхъæнынмæ гæрзифтонгæй рацæуын. Иунæг нæлгоймаг дæр фæдисы цæуынæй иуварс не’рлæууы. Алчидæр-иу йæ бæхыл Ныхасы ‘рдæм фæтагъд кодта. Бæхæй нæ рахизгæйæ-иу афарста: «Цирдомæ фæдес» (Диг)? – «Кæцырдæм фæдис?». Хистæртæй дзуапп райсгæйæ-иу æнæкъуылымпыйæ атагъд кодта знæгтæн ныхкъуырд раттынмæ.
Алы ирон хъæуы астæу дæр уыдис, дзырддзæугæ лæгтæ кæм æмбырд кодтой, ахæм бæрæг бынат. Уыцы бынат дæр хуындис Ныхас. Ныхасы хистæртæ бадтысты стыр дуртыл, кæцытæ-иу бирæ æзты дæргъы пайда кæнынæй слæгъз сты, райстой къæлæтджын бандоны хуыз. Ныхасы адæм бадтысты кæмæн кæм æмбæлы уыцы бынæтты. Хистæр хъуамæ бадтаид галиуырдыгæй дыккаг бынаты. Йæ рахиз фарс, кæронæй – дыккаг хистæр. Иннæтæ хистæргай – галиуырдыгæй. Уымæй уæлдай Ныхасмæ цыдысты æрыгон нæлгоймæгтæ дæр. Уыдонмæ бадыны бар нæ хаудис, æмæ æгъдаумæ гæсгæ лæууыдысты Ныхасæн йæ галиу кæрон. Кæстæртæ-иу цымыдисæй хъуыстой хистæрты ныхæстæм æмæ мысинæгтæм. Ныхасмæ адæм цыдысты канд уынаффæтæ хæссынмæ нæ, фæлæ кæрæдзийæн хабæрттæ ракæнынмæ дæр. Ныхасы адæмæй алкæмæ дæр хаудис ныхасы бар. Бахъуаджы рæстæг-иу хистæр хатгай уыцы бар ратта кæстæртæн дæр. Уыимæ, æрыгон лæг хъуамæ рацыдаид Ныхасы астæумæ, цыбырæй æмæ хуымæтæг, æнцонæмбарæн ныхæстæй радзырдтаид йæ зæгъинаг, стæй фæстæмæ йæ бынаты слæууыдаид. Кæстæртæ, Ныхасы хистæртæм хъусгæйæ, ахуыр кодтой дзырдарæхстдзинадыл, æгъдауыл, истой сæ Фарн. «Ныхас» уыдис ирон æхсæнадон парламент, кæцыйæн йæ уынаффæтæ уыдысты æхсæнады уæнгтæн æнæмæнгæй æххæстгæнинаг. «Ныхасы» æвзæрстой æхсæнадон царды ахсджиаг хъуыддæгтæ, лыг кодтой тудджынты бафидауын кæнын æмæ алыгъуызон быцæуты фарстатæ. Уыдоны фæдыл уынаффæ хастой æрмæстдæр ирон æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ.
Адæймаджы кад æмæ намысы бæрæггæнæнтæ ирæттæ сæхицæн сбæлвырд кодтой незамантæй фæстæмæ. Уæд хъæздыджытæ æмæ мæгуыртæ нæма уыдис, иууылдæр уыдысты æмбар, æмсæр. Алы адæймаг дæр йæхи æппындæр нæ хицæн кодта йæ мыггагæй, йæ хъæубæстæйæ, аудытта сыл куыд йæхиуыл, афтæ. Æмæ уыцы æхсæнад дæр йæ хæсыл нымадта фидарæй хъахъхъæнын алкæйы бартæ дæр. Ирон адæймаг-иу кæддæриддæр йæ кад æмæ намыс хъахъхъæнгæйæ, хъахъхъæдта йæ мыггаг æмæ йæ хъæубæсты кад æмæ намыс дæр…
Нæ фыдæлтæ стыр æфхæрдыл нымадтой лæдзæгæй кæнæ ехсæй цæф. «Лæдзæгæй, дам, куыйты нæмынц». Ома, ныццæвæг иннæйы куыдзыл нымайы. Æмæ ахæм быцæу кæддæриддæр цыдис лæгмæрдтæм. Уымæй уæлдай ма ирон лæг æфхæрдыл нымадта, исчи-иу йын йæ худмæ куы бавнæлдтаид, уый дæр. Хæххон адæмы зондахастмæ гæсгæ, лæджы худмæ æвналæн нæй. Кæд-иу иннæ уæлæйы дарæс хатгай цаудгомау уыдис, уæддæр худ хъуамæ уыдаид бæстон æмæ аив. Арæх-иу нæлгоймаджы тæппуд рахонынæн загътой: «Ды худ хæссыны аккаг нæ дæ, сылгоймаджы кæлмæрзæнæй йæ раив». Лæджы худ ирон адæмы æхсæн нысан кæны лæгдзинад, хъару, ныфс. Æмæ йæм хъуамæ искæйы къух ма хæццæ кæна.
Нæ ныббарстаид ирон лæг ныхасæй-иу ын исчи йæ мады, йæ бинойнаджы, йæ хиуæтты мæрдты куы бафхæрдта, уæд. Рагон ирон царды æгъдау адæмы ахуыр кодта сæрыстырдзинадыл, намыс хъахъхъæныныл æмæ æфхæрдæн æнæбароныл. Ирон лæг кæддæриддæр йæ маст иста йæ бафхæрæгæй. Уый уыдис царды æгъатыр домæн – маст исын, туг исын. Иунæг æфхæрд дæр хъуамæ æнæ аккаг дзуаппæй ма баззадаид.
Цымыдисаг у ирон адæмы цæстæнгас адæймаджы æфсарммæ. Æфсармджын уæвгæйæ, ирон адæм хатгай æфсæрмыйагыл нымайынц ахæм хъуыддæгтæ, кæцытæ иннæ адæмтæм сты æрвылбойнаг. Адæймаджы æфсарм фыццаджыдæр бæрæг кодта йæхи хистæрты раз, стæй адæмы æхсæн дарын куыд зоны, уымæй. Хæрзæгъдау адæймаг хъуамæ хистæрты ныхасæн аргъ кодтаид, стæй сын кæмдæриддæр кодтаид лæггад. Хистæры раз кæстæр бадгæ нæ кодта, йæ ныхас ын нæ иста. Хистæры фæнд-иу кæстæртæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кодтой. Дзæгъæлы-иу нæ загътой нæ фыдæлтæ: «Хистæрæн йæ фындз асæрф, æмæ йæ зондæй бафæрс». Ома, хистæр йæ фындз ныссæрфын хъом дæр куынæуал уа, уæддæр дæ йæ зонд бахъæудзæн. Уæдæ хистæр дæр кæстæрты раз хъуамæ йæхи куыд æмбæлы, афтæ дардтаид, йæхи сæ цæсты ма æфтыдтаид.
Стыр худинагыл нымадтой нæ фыдæлтæ хæддзуйæ (æнæхуындæй) куывдмæ, чындзæхсæвмæ кæнæ хистмæ цæуын. Ома, æрвитгæ йæ ничи ракодтаид, фæлæ ахæм адæймагæн алчи йæ цæстæнгасæй æвдыста, худинаг кæй у. Нæ адæм ма ныр дæр фæдзурынц: «Дæ гуыбыны фæдыл макуы ацу! («Дæ губуни фæдбал ма цо!»- Диг). Уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон лæгæн сæйрагдæр хъуамæ уой йе’гъдау æмæ йе’фсарм. Фынджы уæлхъус ирон лæг йæхи куыдфæндыйæ нæ дары. Хъуамæ йæ алы ныхас æмæ йæ алы ми дæр уа нæ фыдæлтæ рæсугъд æгъдаумæ гæсгæ, нывыл. Бадтысты-иу дæргъвæтин рæстæг, фæлæ хæргæ бирæ нæ кодтой. Бирæ хæрын ирон адæммæ у худинаг. «Хуынды фæцу æфсæстæй, дæ хæдзармæ æрбацу стонгæй», – дзырдтой-иу раздæр. Æххормагмæ ирон лæг кастис куыдфæндыйы цæстæнгасæй. Стонджы кой кæнын адæмы ’хсæн уыдис худинаг. Искæмæ-иу уазæгуаты фæндаггон куы бацыдис, уæд-иу ын фысымты бирæ лæгъстæ кæнын бахъуыдис, исты ма нæм ахæр, зæгъгæ.
СКИФТÆ ÆМÆ
АМАЗОНКÆТÆ
Скифты æрвыст фæсивæд, сæ хистæртæ сын куыд бацамыдтой, афтæ бакодтой. Æмæ куыддæр сылгоймæгтæ бамбæрстой, тыхгæнæг не сты, уый, афтæ сæ æнцад сæ уагыл ныууагътой. Афтæмæй дыууæты цæрæн бынæттæ кæрæдзимæ бонæй-бон æввахсдæр кодтой. Лæппутæм дæр амазонкæтау бæхтæ æмæ хæцæнгарз йедтæмæ ницы уыд, æмæ сæ цардыуаг уыд иу – кодтой цуан, цыдысты стæры.
Æмбисбон-иу амазонкæтæ иугай-дыгай фæхицæнтæ сты æмæ цыдысты аууон рæттæм сæхи хъуыдыйы, хи сыгъдæг кæнынмæ. Скифтæ уый куы бафиппайдтой, уæд уыдон дæр афтæ кæнын райдыдтой. Æмæ-иу лæппутæй исчи амазонкæйы хибарæй куы баййæфта, уæд æй уый сургæ нал кодта, фæлæ-иу æрæмуд йемæ. Ныхас кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ бон нæ уыд, кæрæдзийы æвзаг не ‘мбæрстой. Амазонкæ-иу лæппуйæн къухæй бацамыдта, райсом ардæм йе ‘мбалимæ кæй æрбацæудзæн, æмæ-иу ды дæр искæй демæ ракæн, зæгъгæ. Лæппу-иу фæстæмæ куы ‘рбаздæхт, уæд-иу æппæт дæр радзырдта æмæ дыккаг бон амынд бынатмæ цыд æмбалимæ. Уым-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæлмæ кæсгæ баййæфтой дыууæ амазонкæйы.
Афтæ скифты фæсивæд се ‘ппæты дæр сæхицæн къæйттæ скодтой, æмæ иумæ æрцардысты. Уыимæ дзы алчидæр йæхицæн ус кодта, фыццаг хатт дзы цы сылгоймагимæ уыд, уый.
Лæгтæн сæ устыты æвзаг сахуыр кæнын сæ бон не сси, уый хыгъд устытæ базыдтой сæ лæгты æвзаг. Æмæ кæрæдзи æмбарын куы райдыдтой, уæд лæгтæ загътой амазонкæтæн: «Махæн ис ныййарджытæ, исбон. Дарддæр ахæм цард кæнын нæ бон нал у æмæ нæ уы Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Кавказы иннæ адæмты ’хсæн цæргæйæ, ирæттæн бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый. Æмæ кæд фæстæдæр сарæзтой хæстæг æмæ фидар бастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ, уæддæр ирæттæн сæ фылдæр абон дæр фидарæй хæцы сæ Фыдæлты Фарныл æмæ рагон æгъдæуттыл.
Равзæрæн:
Къудухты Маринæ