Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Джыккайты Шамил

Иры фарны фырт: Джыккайты Шамил

Номдзыд поэт, ахуыргонд, драматург, фыссæг, публицист, æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамилы райгуырдыл сæххæст 85 азы

Ирыстон, фыдæлты æгъдау, мадæлон æвзаг, аив дзырд, зонад уыдысты Джыккайты уæздан Шамилы хотыхтæ йæ наукон, сфæлдыстадон, рухстауæн æмæ æхсæнадон архайды. Уый йæ царды намысджын фæндагыл цыд наукон æмæ литературон зæрдиаг куысты иу æнтыстæй иннæмæ. Зындзинæдты сæрты хизгæйæ, йæ уарзон ирон адæмæн лæгаулæджы зæрдиаг лæггæдтæ æмæ хæрзты цæугæйæ.

Тыхсты бон Иры абон æмæ фидæныл уыд йе стыр сагъæс, маст æмæ ныфсæвæрæн зарæг. Нæ дзыллæйы хъысмæты цины бон та – йе ‘нкъараг уд æмæ уарзæгой зæрдæ йæ алы дадзинæй, арф æмæ фæлтæрд зонд йæ алы чырæгæй-иу фестад фарны зиумæхонæг, амондхæссæг рухс фидиуæг, йæ фарны фæндыр, йæ нæртон алæмæты уадындз!

Номдзыд поэт не ‘хсæн куы нал ис, уæдæй рацыд къорд азы, фæлæ йæ фæстæ йæ уды стыр æмæ хъæздыг фарнæй цы бæркадджын хуынтæ баззад, уыдон сты æмæ уыдзысты агургæ æмæ æнæаргæ удварны хæзнатæ ирон адæмы бирæ фæлтæртæн.

Фидæны Иры фарны фырт Джыккайты Шамил райгуырд 1940 азы 25 февралы Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъæуы. Йæ ныййарджытæ Федыр æмæ Нифа (чызгæй уыд Гæбуатæй) уыдысты хъæуы адæмы æмæ мыггаг, хиуæтты æхсæн нымад, æрдзон зонд æмæ æрхъуыдыйæ хайджын, кад æмæ радыл цæрæг хистæртæ. Сæ кæстæрты, уыдонимæ Шамилы дæр, арæзтой ахуыр, æгъдау æмæ адæмæн хорзы цæуыны зонды фæндагыл.

Сæ хъæбул Шамил райдайæн скъола каст фæци Дзомагъы. Фæстæдæр Джыккайты бинонтæ хуыздæр цардагур Цæгат Ирыстонмæ куы ралыгъдысты æмæ Горæтгæрон районы Камбилеевкæйы хъæуы куы æрцардысты, уæд ам Шамил бацыд астæуккаг скъоламæ. Йæ хистæртæ æмæ йæхи царды фæллой æмæ ахуырæн алкæддæр стыр бынат уыд. Фидæны номдзыд поэт æмæ ахуыргонд, рухстауæг фæлтæрты хъомылгæнæг æмæ йæ адæмы иузæрдион хъæбул Джыккайты Шамилæн йе ‘взонгæй фæстæмæ йæ хæрзгæнджытæ, мадæлон æвзаджы æвдадзы суадæттæ уыдысты адæмон сфæлдыстады хæзнатæ Нарты кадджытæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, хъæбатырты зарджытæ, аргъæуттæ. Хъуыста сæ йæ куырыхон фыдыфыд, туджджынты фидауынгæнæг, фендджын æмæ зондджын Дауитæй æмæ йæхи фыд Федырæй, йæ мад Нифайæ, йæ райгуырæн хъæуы хистæртæй.


Джыккайты Шамил–Æмдзæвгæтæ

Мæ Ир, цы маст зоныс мæнæй,

Мæ уд цæй охыл дарыс артмæ?

Кæд мын цæрæн дæ риуыл нæй,

Уæд дзы кæдæм фæлидзон дардмæ?

Дæ дзыхъхъ къуындæг куы у уæрмау,

Уæд дзы куыд бирæ ис цагъартæ!

Кæнынц дæ фыдгултæн козбау,

Сæ ныхтæй сау зæхх хойынц нартæ.

Куы фенынц калмы комы сом,

Уæд ын кæнынц æхцонæй пъатæ.

Æгадæй нал хизынц сæ ном,

Хæссынц зæрин худау сыкъатæ.

Мæ фæдыл гамхудты хъуызынц,

Цæвынц мæ аууонæй æмбæлттæ.

Цæгъдын дæ фарны хуымы сындз,

Уæддæр кæм ихсийынц хæмпæлтæ!

Уæдæ кæдæм сафон мæ сæр,

Лæгау кæм цæрдзынæн дæ фæстæ?

Кæд мыл уæлæхох дæ,

уæддæр Ды дæ мæ удлæууæн, мæ бæстæ.

2009 азы 23 май


Лæгæн дзæвгар вæййы фыдгултæ,

Куыйдзыхтæ хуры дæр хæрынц.

Хæрамæй амбулынц мæ хъултæ,

Мæ артыл доны къус кæнынц.

Нæ халы сау халон йæ ахуыр,

Сынтæн хæдмæл хæрын — йæ цин.

Зæххыл æнусон низ у хахуыр,

Нымудзын сау лæгæн — йæ дин.

Дæ ныхыл Бонвæрнон куы хæссай,

Уæд дзы æхсæвдзутæ тæрсынц,

Сæ сæфт у рухс,

æмæ йæ тæссæй Дæ разы байтаудзысты сындз.

Хъызæд! — сæ азарæй нæ тæрсын,

Фæдзæхст у рухс Фарнæй мæ цард.

Мæн фурды баппарæд,

уæддæр сын Хуыссын нæ бакомдзæн мæ арт.

Йæ рухсы сæфдзысты сæ хинтæ,

Уыдзæн сæ мæрдтæмвæндаг сыгъд.

Хæссы мын ног уæлахиз цинтæ,

Кæны мæ тохы монц æвзыгъд.

2009 азы 15 мартъи


Цард йæ мæты аргъ нæу,

Нæй дзы фарн æмæ мидис.

Низау бадомдзæн дæу  Маст,

хæрам кæнæ фидис.

Лæг бæлццон у, хæтой,

Уый йæ нысан нæ зоны;

Нæй йын царды æнцой,

Ис йæ фысым зындоны.

Нæй сæрæн гæды, — уæд

Гон мыстытæн — хæлæттаг.

Адæм фесты фыдвæд,

Намыс нал у сæ фæтæг.

Нæй нысан, æмæ зонд Сонтау адзæгъæл тары.

Куырм нæ уыны бæрзонд,

Кад нæ тавы хъайтары.

Уарзт, цы сфæлдыста дæу?

Цардау цинтыл æлгъин дæ.

Де ссыгъд амондæн нæу,

Сты дæ тавицтæ хинтæ.

Хъæд куы басудзы,

уæд Сурыл ахуыссы арт дæр.

Ныр тыхсаст дæн, — мæ фæд

Кæртæй нал зыны дарддæр.

Фæлæ цардæй æфсис Нæй мæ удæн нырма дæр.

Уарзт, — æрхуым æмæ рис

Ды мæ зæрдæйæ ратæр.

2003 аз 


Куыд æмбаргæдæр кодта, афтæ Шамил йæ зæрдæмæ арфдæр исын райдыдта дунеон, уырыссаг æмæ ирон классикон литературæйы уацмысты хъуыды. Дунейы æрдз, адæймаг, чиныг, фæллой æмæ рæстудæй цæрыны зондахастæй кодтой йæ дарддæры ахуыр, сфæлдыстадон æмæ наукон куысты æнтыстытæм.

Камбилеевкæйы астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд дарддæр уæлдæр профессионалон ахуырад райсыны тыххæй бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты (ныры университеты) ирон-уырыссаг филологийы хайадмæ. Йæ лирикон æмæ царды алыхуызон фæзындтытыл фыст арфмидисджын æмæ æнкъарæнджын æмдзæвгæтæ арæх зынын райдыдтой газеттæ «Рæстдзинад», «Ленинская смена», журнал «Мах дуг»-ы.

Фæстæдæр, 1962 азы, Джыккайты Шамилы поэтикон уацмыстæ бацыдысты æрыгон авторты иумæйаг æмдзæвгæты чиныг «Бонвæрнон»-мæ. Сæ фыццаг сфæлдыстадон фæлварæнтæн сæ аивдæртæ ацы æмбырдгонды Шамилæй уæлдай адæммæ рахастой Хуыгаты Сергей æмæ Ходы Камал.

Сæрмагонд æмбырдгондæй Джыккайты Шамилы æмдзæвгæтæ рухс федтой 1964 азы. Чиныгæн автор ратта, лæджы зæрдæ рухс æмæ уæздан æнкъарæнты тыхыл тынг чи æууæндын кæны, ахæм аив ном «Æфсарм». Ирон чиныгкæсæг стыр зæрдиагæй кæддæриддæр æмбæлд йе ‘нкъарæнджын поэзийы иннæ чингуытыл «Цæф сæгуыты мæт», «Амраны зæрдæ», «Сагъадахъ», «Æхсæвы æртытæ», «Саст дзæнгæрæг», «Намыс»-ыл. Йæ адзалы фæстæ, 2015 азы, рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рацыд Джыккайты Шамилы æвзæрст уацмысты иумæйаг æмбырдгонд. Разныхас ын ныффыстой зындгонд фыссæг Хуыгаты Сергей æмæ адæмон поэт Ходы Камал.

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институт каст фæуыны фæстæ Шамил йæ зонд æмæ хъарутæ æппæтæй дæр ратта сфæлдыстадон æмæ зонадон куыстæн. Куыста Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынынады комитеты редакторæй. 1965-1968 азты ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институты аспирантурæйы. Каст æй куы фæци, уæд къорд азы бакуыста телеуынынады аивадон-литературон равдыстыты редакторæй.

Зындгонд поэт Джыккайты Шамил 1970 азы æнтыстджынæй бахъахъхъæдта филологон наукæты кандидаты диссертаци. Равзæрста дзы ирон советон поэзийы фольклоры традициты фæрстытæ. Йæ зонадон куыстæн ын стыр аргъ скодта номдзыд ахуыргонд Абайты Васо.

1970-1971 азты Джыккайты Шамил сси Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон æвзаг, литературæ æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы ассистент, фондз азы фæстæ та – доцент. Йе сфæлдыстадон куыст, куыд поэт æмæ драматург, прозаик æмæ публицист хæрзарæзт æмæ хæдбындурæй иу уыд йе стыр æмæ бирæвæрсыг зонадон æмæ рухстауæн удуæлдай архайдимæ. 1990-1992 азты лæууыд Ирон литературæ æмæ журналистикæйы кафедрæйы сæргъы. Уыцы азты йын лæвæрд æрцыд профессоры кадджын ном. 1992-1996 азты уыд Ирон литературæйы кафедрæйы сæргъы. Йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд æмæ æнтыстджынæй куыста Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон литературон сфæлдыстады кафедрæ. 2002 азæй 2011 азмæ уыд ирон филологийы факультеты декан.

Йæ зонадон удуæлдай фæллойы ахадгæ бæркадыл дзурæг сты, сæ ахадындзинад, куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр æмæ астæуккаг национ ахуырады нырыккон историйы стыр кæмæн у, уыцы монографитæ «Фольклоры традицитæ 1917-1941 азты ирон советон поэзийы», «Ирон литературæ» (цыбыр очерк) «Уацтæ», «Ныхасы фарн», «Разагъды лæгтæ», «Рагон ирон цард æмæ адæмы зондахаст» (Миф. Фолькор. Æгъдау, «Ирон литературæйы истори 1917-1956 азты», «Ирон аив дзырды поэтикæ» (æмавтортæ – Гуæздæрты Азæ æмæ Джыккайты Зæринæ) «Нигер» (ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн æххуысæн») æмавтор – Гуæздæрты Азæ.

Зындгонд поэт æмæ ахуыргонд Джыккайты Шамил бацæттæ кодта, разныхас æмæ фиппаинæгтæ ныффыста æмæ хицæн чиныгæй рауагъта ирон литературæйы классиктæ – Хетæгкаты Къоста, Коцойты Арсен, Барахъты Гино, Брытъитаты Елбыздыхъойы уацмыстæ, «Нарты кадджытæ» авд томæй, «Ирон таурæгътæ», «Ирон аргъæуттæ».

Сарæзта ахуыргæнæн чингуытæ уæлдæр æмæ астæуккаг сколаты студенттæ æмæ ахуыргæнинæгтæн «Ирон литературæ» Хрестомати 8-æм къласæн. Мыхуыры рацыд дыууæ хатты, «Ирон литературæ 1917–1956 азты) Хрестомати (æмавтортæ – Хъантемыраты Римæ, Хозиты Барис), «Ирон адæмон сфæлдыстад» (æмавтортæ – Бекъойты Валодя, Бзарты Руслан, Айларты Зарæ æмæ Гуæздæрты Азæ).

Иры фарны фырт æмæ зонды лæг Джыккайты Шамил йæ ахадгæ æмæ барджын ныхас загъта æмæ мидисджын уацтæ ныффыста нæ национ литературæ æмæ ахуырады зæрдиаг зиууæттæ Хъаныхъуаты Инал, Байаты Гаппо, Æмбалты Цоцко, Гæдиаты Секъа æмæ Цомахъ, Малиты Георги, Темырханты Сослан, Дзанайты Иван, Боциты Барон, Дзесты Куыдзæг, Цæрукъаты Алыксандр, Плиты Грис, Бестауты Гиуæрги, Джусойты Нафи, Мыртазты Барис, Æгъуызарты Æхсарбег æмæ Колыты Виталийы тыххæй.

Йæ ирд сфæлдыстадон бирæвæрсыг хъæздыг курдиаты цæхæр равдыста ирон драматургийы дæр. Йæ драмæтæ «Хъодыгонд зæд», «Цомахъ», æмæ трагикомеди «Санаты Сем» сты национ драматурги æмæ театры хуыздæр æмæ ахадгæдæр уацмыстæ, хицæн чиныгæй та рацыдысты 1993 азы. Хаст цæуынц Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон профессионалон театрты репертуармæ.

Йе сфæлдыстадон цæхæр зындгонд æмæ ахадгæ у, куыд курдиатджын тæлмацгæнæг. Ирон æвзагмæ раивта дунеон поэзи, драматурги æмæ прозæйы зынгæдæр æмæ ахадгæдæр уацмыстæ.

Нæ дуджы галиу æмæ зæрдæйы фæндиаг фæзындтытæ, нæ дзыллæ æмæ нæ бæстæйы историон цаутæ, фыдæлты цыргъзонддзинад, фæтк æмæ фарн, рацарæзты рæстæг адæмы зондахасты ивддзинæдтæ Джыккайты Шамил, канд йæ поэзи, драматурги æмæ публицистикæйы нæ равдыста, фæлæ ма сæ чиныгкæсджыты фæлтæртæ уынынц æмæ æнкъарынц йæ фыст радзырдты æмбырдгонд «Арт æмæ æртхутæг»-ы.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы фидæны ахуыргæнджытæ, национ литературæйы, зонады зиууæттæй ахæм нæ разындзæн, Джыккайты Шамил, куыд æцæг зæрдæджын адæймаг, ахуыргонд, рухстауæг, поэзийы зæрингуырд, драматург, публицист, йæ адæмы иузæрдион хъæбул, йæ бæстæйы æцæг гражданин æмæ зынгзæрдæ æхсæнадон архайæг, афтæ хорзæй кæмæн нæ сахадыдта. Йæ лекцитæ уыдысты, студенттæ-иу æз фæраздæронæй кæмæ тагъд кодтой, царды, ахуырады, æрдзон æмæ æхсæнадон уагыл стыр рæзтадон удварнон, хуры рухсау, аив тых кæмæй истой, ахæм ахуыртæ.

Йæ адæмы иузæрдион хъæбул Джыккайты Шамилы уарзт Ирыстонмæ, ирон адæммæ, Фыдыбæстæмæ ирдæй зынд газеттæ «Рæстдзинад», «Хурзæрин», «Северная Осетия», «Южная Осетия»-йы, журналтæ «Мах дуг», «Фидиуæг»-ы æнкъарæнджын, арфмидисджын æмæ истори æмæ цардæй ист дæнцæгты бындурыл фыст уацтæй.

Йæ ныхас æмæ хъуыдытæ-иу барджын æмæ фидарæй загъта радио æмæ телеуынынадæй, æхсæнадон æмбырдтæ æмæ фæсивæдимæ фембæлдтыты, цард, политикон уавæр, ахуырад æмæ удварны рæзты тыххæй.

Йæ наукон æмæ рухстауæн бирæвæрсыг архайд æмæ зонд хорзæй зынд Ирон æвзаг æмæ йæ рæзтыл архайæг паддзахадон къамисы, нæ республикæйы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы къамисы куыстыл, Цæгат Ирыстон-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады зонадон методикон советы, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты Ахуыргæндты советы æнтыстджын æмæ арфæйаг хъуыддæгты.

Нæ бæстæ æмæ Ирыстоны культурæмæ, наукæмæ, удварны рæзтмæ Джыккайты Шамил зынгæ æмæ ахадгæ æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон поэты, Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисты кадджын нæмттæ. Уыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, номдзыд уырыссаг поэт Александр Пушкины райгуырды 200 азы боны кадæн æмæ «Ирыстоны намысæн»-ы майдантæ хæссæг, нæ республикæйы Журналистты цæдисы, Æмбалты Цоцкойы преми æмæ газет «Рæстдзинад»-ы Гæдиаты Цомахъы æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы номыл премиты лауреат.

Номдзыд поэт, ахуыргонд, публицист, драматург, æхсæнадон архайæг, рухстауæг, йæ адæмы иузæрдион хъæбул Джыккайты Шамилы цард у райгуырæн уæзæгмæ уарзт æмæ патриотизмы ахъаззаджы дæнцæг. Йæ хъæздыг æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон бынтæ, рухстауæн архайды бæркæдтæ сты нæ адæмы удварны рæзты æнусон хæзнатæ.

ГАСАНТЫ Валери, Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы хистæр зонадон кусæг, rastdzinad.ru

Yazarın Diğer Yazıları

Асҭамыр Кәыҵниа имултфилм ҿыцқәа

Амультипликатор Асәамыр Кәыәниа мышқәак раәхьа ахәыҷы рацәа еизигеит. Иара иаәиәаз аәсуа мультфильмқәа әба: «Риәа алегендеи», «Ахьча Чаҳмаәи Аәсәаа Қәамзачи» рәыргараәы азал азна әәын. Амульфильмқәа...

«Дзакәыда Миҳри» Анҭалиаҿы

Анҭалиа Азиндырҩыцәа Рнаплакы, Аҳәса Рзинқәа Ауаажәларратә Хаҵеи-Ҧҳәыси Реиҟарара Акомиссиа еиҿнакааз, Аҳәса ирызку Акинофилмқәа цәыргара иҭагӡаны, адокументард фильм «Дзакәыда Миҳри» гьы иыубарҭан. Хәажәкрамза 13 рзы,...

Акоманда Нарҭ чемпионхит

Аҧсны Супер Куп Ашьапылампыл Чемпионат аҿы, акоманда Нарҭ аиааира агыит. Афинал мач, Динамо астадиум аҿы, Хәажәкрамза 20 амш, акомандақәа Ерцахәы’и Нарҭ’и ирыбжьан. Ҭашәарада инҵәаз 90...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img