Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ, «Тæргæйтты Мæй / Кæрдæгæзмæлæн»

0
1210

1 Аларды Фыццаг, Къуырисæры

7 Аларды Фæстаг, Хуыцаубоны

Алардыйы бæрæгбоны хæдразмæ фæкæнынц Рыны бардуаджы бæрæгбон.

Рыны бардуагæн йæ ном -йæ миниуджыты хуыздæр æвдисæн. Адæм æм куывтой, цæмæй сæ рынæй хъахъхъæна, æвирхъау низтæй хызт уой. Раздæрты Рыны бардуаджы бæрæгбон уыд стырдæр, ахъаззагдæр бæрæгбæттæй иу.

Аларды у ноджы карздæр бардуаг, фадынæг æмæ цæсты низты бардуаг. Уæлдай æмхицдæр у сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæм. Ирыстоны йæ номыл ис бирæ кувæндæттæ.

Аларды у тынг карз бардуаг. Йæ хъыджы бацыдтæ, уæд дзы дæ сывæллæтты, дæхи хъахъхъæн. Адæм æм куывтой тæрсгæ-ризгæйæ, хатыртæ кургæйæ йыл фæдзæхстой сæ сывæллæтты.

Хохаг хъæутæй бирæты уыди «Алардыйы хуымтæ». Уырдыгæй цы тыллæг, цы хор æмбырд кодтой, уымæй арæзтой æхсæны куывдтæ. Бæрæгбоны-иу ног чындзы ахуыдтой Алардыйы кувæндонмæ, æмæ-иу æй хистæр сылгоймæгтæ дзуарыл бафæдзæхстой, цæмæй йын, цы гуырдтæ рантыса, уыдон цæринаг уой, æнæниз, æнæфыдбылызæй рæзой.

Алардымæ кувгæйæ адæм ссардтой фæлмæн, уæздан, зæрдæбын ныхæстæ. Хуыдтой йæ «Рухс Аларды», «Сызгъæринбазыр Аларды», «Сызгъæрин Аларды», «Сырх Аларды» æмæ афтæ дарддæр.

Алардыйæн чъиритæ кодтой, зæххы хуссар хайы цы мæнæу зади, уый ссадæй. Нывонд ын кодтой урс уæрыкк. Кувгæйæ-иу дзырдтой: «Уæ, рухс Аларды, табу дæуæн! Нæ чысылтæ -де уазæг, не стыртæн цæсты рухс ратт. Уæ, Аларды, табу дæуæн! Дардæй дын кувдзыстæм, хæстæгмæ нæм ма рцу, куы рцæуай, уæд хъæлдзæгæй, фæстæмæ куы цæуай, уæд та нæ худгæйæ ныууадз».

Ныры рæстæджы дæр Аларды у, адæм арæхдæр кæмæн табу кæнынц, уыцы дзуæрттæй иу. Сылгоймаг кувы æмæ йын йæ ном ма ссара, йæ кæстæрты йыл ма бафæдзæхса, уый арæх нæ вæййы.

Алардыйы бæрæгбон иутæ кæнынц тъæнджы кæнæ æртхъирæны мæй, иннæтæ зæрдæвæрæны мæй, чи та йæ кæны сусæны, майрæмы, рухæны мæйты.

Алардыйы куывд

-Аларды, табу дын уæд!

-Оммен, Хуыцау!

-Hæ сабитæ де уазæг уæнт!

-Оммен, Хуыцау!

-Хуссары мæнæуæй дын чъиритæ кæндзыстæм,

Æвзаргæ хорæй дын бæгæнытæ фыцдзыстæм,

Бурхъус нæл уæрыччытæ дын нывондæн хæсдзыстæм.

-Оммен, Хуыцау!

-Усгур лæппутæ -дæ кусартгæнджытæ.

-Оммен, Хуыцау!

-Чындздзон чызджытæ -дæ чъиригæнджытæ.

-Оммен, Хуыцау!

-Кæстæр фæсивæд -дæ омменгæнджытæ,

Æмæ сæ де уазæг бакæн.

-Оммен, Хуыцау!

-Хъазгæ нæм æрцу, худгæ нæ ныууадз,

Дæ рынтæ бахæрæм.

-Оммен, Хуыцау!

-Фиддæгтæ-иу ратт,

Де зæлы дысæй-иу сæ расæрф, афтæмæй.

-Оммен, Хуыцау!

-Дæ чъылдымæн дын кувдзыстæм,

Де ‘ргом нæм ма раздах,

Афтæмæй дын табу, рухс Аларды!

-Оммен, Хуыцау!

13 Рудзгуыты Бон, Сабаты, -Уыцы бон дуартты, рузгуытæы, тарвазтæ сæрстой сойæ.

ХУРЗÆРИН, Хуры бардуаг. Хурмæ кувгæйæ ирон лæг дзуры Хурзæрины ном. Уымæй куры æхцон хуры хъарм, ууыл фæдзæхсы йæхи, цæмæй зæхх бахиза хурфæлтæрæй, хурсыгъдæй.

-Ирон æппæты рагондæр хуры бардуаг; уæлдай кадджын уыдис Иры хæхбæсты. Хурзæринæн уыдис йæхи сæрмагонд бæрæгбон Рудзынджы бон, кодтой йæ æгас хъæубæстæ дæр мартъийы фыццаг æмбисы фыццаг хуры тынты номыл. Фæстæдæр иуæй-иу хохаг хъæуты Хурзæрины бæрæгбон кæнын байдыдтой хуым райдайыны бæрæгбонимæ иумæ.

15-17 Комбæттæн, Къуырисæры

Цæрвхæрæнты къуыри куы ахицæн вæййы, уæд къуырисæры райдайы Комбæттæн. Раздæр ирон адæмæй бирæтæ дардтой ком, хордтой æрмæстдæр урсагæй конд хæринаг. Дыццæджы мархо дардтой Уастырджийы тыххæй. Мархо дардтой нæлгоймæгтæ дæр æмæ сылгоймæггæ дæр. Æртыццæджы ком дардтой æрмæстдæр сылгоймæгтæ, хуыдтой йæ цъиуты комдарæн. Сæ ком-иу куы суагътой, уæд-иу скуывтой, цæмæй сæ мæргътæ æнæфыдбылыз уой, фылдæрæй-фылдæр кæной, хорз хъуыддæгтæн хъæуой. Цыппæрæм уыд Рæстмæйы бон. Ком дардтой нæлгоймæгтæ дæр, сылгоймæгтæ дæр. Сæ ком-иу куы суагътой, уæд скуывтой, цæмæй сын рæстмæгæнджытæ, ома дзуæрттæ сæ хъуыддæгтæ рæстмæ кæной, фидæн аз сыл хуыздæрæй æрцæуæ.

17 Цъиуты Комдарæн, Æртыццæджы

18 Рæстæйы Бон, цыппæрæмы (кодтой-йæ сылгоймæгтæ)

20 Уалдзыгон Бонæмиасад, Сабатæхсæв

21 Рагон Ирон Ногбон, Хуыцаубоны

23 Хор-хоры бон (Рæмон Бон), Дыццæджы

Бæрæгбон хорæрзады номыл, кодтой йæ фæззыгæндты хуымзæххыты анаулийы размæ. Хоры боны куывд-иу скодтой æхсæны дзуары бын кæнæ Ныхасы, йе та фысымы хæдзары, кусæрттагæн æргæвстой сæгътæ кæнæ нæл фыстæ, фæтк æмæ-иу æгъдау куыд амыдта, афтæ-иу скуывтой Уацилламæ æмæ иннæ «хоры» дзуæрттæм, стыр арфæтæ сын-иу ракодтой цы хорæрзад сын радтой, уый фæдыл æмæ сæ куырдтой, цæмæй фидæны дæр адæмæн уой рæдау, цæстуарзаг. Афæдзы дæргъы-иу лæппутæ цы бинонтæн райгуырдис, уыдон-иу хъуамæ Хоры боны куывдмæ бахастаиккой хъалон (дзидза, арахъхъ, чъиритæ). Тыллæджы бæрæгбон, уыдис-иу Стыр комбæттæны фæстæ дыккаг къуырийы дыццæджы.

Рæстæйы бæрæгбон

Хорыбон у уалдзыгон куыстыты райдайæн бæрæгбон (кæс Хоры бон). Стыр ахадындзинад ын уыди ирон адæмы фыдæлты царды. Бæрæгбонæн уыди цалдæр номы: «Зæхмæ бавналæн бон», «Нæмыгхæссæн бон», «Хоры Уациллайы куывд».

Бæрæгбон вæййы, Комбæттæнæй дæс боны куы рацæуы, уæд. Хъæубæстæ кодтой иумæйаг куывд, фæлæ уымæй уæлдай алы бинонтæ дæр сæ хæдзæртты куывтой æртæ чъирийæ. Адæм-иу æрæмбырд сты бæрæг ранмæ æмæ-иу иннæ азæн куывды лæг равзæрстой. Куывды фысым чи уыд, уыдон-иу, хъæумæ хæстæгдæр цы зæххы гæппæл уыд, уырдæм ацыдысты. Зæххы гæппæлыл-иу дзывырæй æртæ зылды æркодтой, куывды лæгæн кæй авзæрстой, уый-иу дзы хор байтыдтæ Скуывтой-иу хуыцаумæ, Уацилламæ, иннæ зæдтæм æмæ-иу хъæумæ, куывдмæ æрбацыдысты…

Хистæрмæ сыкъа радтой æмæ скуывта Хуыцаумæ, хъæубæсты бафæдзæхста Уациллайыл, ног хуымзæххы цы гага ныппарой, уый куыд фæрæстмæ уа, фæззæг хъæздыг тыллæг куыд сисой, чындзæхсæвтæ, чызгæрвыстытæ, куывдтæ куыд кæной.

Фæстагмæ лæппуты рдæм разылд:

-Цы курут, лæппутæ?

-Хор, хор, хор!

-Цы курут, лæппутæ?

-Хоры Уациллайæ хор курæм.

Фидæн аз куывд кæмæ уыдзæн, уымæн ацаходын кодтой, йæ сæрыл ын, цы сæм и -быламыхъ кæнæ къуымæл, уый парахатæй рауагътой. Уыцы рæстæг хистæр кувæгау дзуры: ацы къуымæл (быламыхъ) куыд парахатæй кæлы, афтæ парахат уæд хор, афтæ бæркадджын уæнт аз-азы дæргъы, афæдзæй афæдзмæ.

Фидæны куывды фысымæн-иу хæдзармæ арвыстой æртæ чъирийы, нозт, кусартæй кувæггаг. Хуыцау æмæ-иу æй Йе сконд зæдтыл бафæдзæхстой.сконд зæдтыл бафæдзæхстой.

27 Лауызгæнæнтæ / Фыццаг, Сабатæхсæв

Хорыбоны фæстæ сабатизæр вæййы Лауызгæнæн. Уый у зæронд мæрдты мысæн бон.

Ирон адæмы фыдæлтæм гæсгæ, майрæмбоны зæронд мæрдтæ уыдысты сæрибар. Ног мæрдтæй уый зæгъæн нæй: уыдон фæтæрсынц, сæ бынат сын исчи куы байса, исчи йæ куы бацахса, зæгъгæ, æмæ никуыдæм фæцæуынц. Зæронд мæрдты ницы фæуромы æмæ рацæуынц сæ бинонты, сæ хæдзæрттæ фенынмæ. Се ссыдмæ бинонтæ бафснайынц, ныссыгъдæг кæнынц хæдзар, сцæттæ кæнынц алыхуызон хæринæгтæ, фæлæ сæйрагдæр вæййынц лауызтæ.

Изæры бинонты хистæр фынджыдзаг ныххæлар кодтæ Иууылдæр сбадтысты. Бинонтæм афтæ кæсы: сæ зиан дæр фынджы уæлхъус бады æмæ хæры, нуазы, ныхæстæм хъусы. Боныцъæхтæм хæдзары фæуыдзæн, стæй дымгæйы фыццаг улæфтимæ йе цæг дунемæ атæхдзæн.

Уыцы фæндаг та у даргъ, зын, бирæ цæлхдуртæ, бирæ фыдæбæттæ кæм бавзардзысты мæрдтæ, ахæм фæндаг. Фæлæ йыл ацæудзысты, азы дæргъы цы хæрдзысты, цæмæй цæрдзысты, уыцы «дзыджын» агурæг. Фæцæудзысты æнæхъæн къуыри æмæ бафæллайдзысты, бастайдзысты, сæххормаг уыдзысты æмæ сын се ссыдмæ саразын хъæуы фынджыдзаг. Уый та вæййы дыккаг Лауызгæнæн.

Ис æндæр хъуыды дæр. Лауызгæнæнтæ вæййынц Комбæттæны. Æмæ-иу уæд ирон адæм сæ мæрдты тыххæй скодтой мархойы хист, ома нæ мæрдтæ дæр ком дарынц æмæ сын мархойы хæринæгтæ ныххæлар, кæнæм, зæгъгæ. Фынгыл-иу æрæвæрдтой лауызтæ, цæкуытæ, дзæрна мæнæу æмæ хъæдурæй, фых картæфтæ, картофджынтæ, хъæдурджынтæ, лакъамитæ, кæф, арахъ, бæгæны, къуымæл.

Аланты Хъæлæс

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz