МÆ ФЫД

0
1160

Хъæбатыр уыд, уæздан лæг
Мæнæн мæ фыд цæргæйæ
Ирон æгъдау, ирон уаг
Кады номыл хæсгæйæ.

Нырма уыдис дзыхъхбынног
Æртисæдз азы фæцарди
Бинонты уæз йе уæхскæй
Феппæрста ‘мæ фæмарди

Рухсаг у, мæ зынаргъ фыд
Æгæр бирæ дæ уарстон
Мæртты де стæг ма ризæд:
Дæ уаргъ уæхскмæ ‘схастон.

Фæстаг уынд дæ фæкодтон
Сисы рæбын куы бадтæ
Бирæ хъарæг фæкодтон
Æвиббайты фæмард дæ…

1986
Муаммæр Текин (Бад’ты)

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz