Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ, “Хуымгæнæны мæй / Хумгæнæн” “Дзывырдарæнты мæй” (Фæлтæр 1)

0
1121

03 Лауызгæнæнтæ / дыккаг

Вæййынц Стыр комбæттæны фæстæ æртыккаг сабаты. «Лауызгæнæнты бинонты фынгмæ хастой лауызтæ, нурыдзæхдон, луаситæ, дзæрна, къæлуа, арахъ, къуымæл, бæгæны æмæ алыхуызон мархойы хæринæгтæ, -фыссы Хозиты Федыр йæ чиныг «Ирон фынджы æгъдæутты» Дины (чырыстон дины) амындмæ гæсгæ, афæдз иу хатт, мархойы дыккаг сабатæхсæвы мæрдтæн рацæуыны бар вæййы сæ бинонты фенынмæ æмæ Хуыцауы размæ ацæуынмæ. Алчи-иу бафснайдта йæ хæдзар, йæ кæрт, йæ уынг». Сæ разы сын-иу фынгтыл æрæвæрдтой цæттæ хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ. Хæдзæртты дуæрттæ дардтой гомæй. Цæттæ фынгтæ сын-иу ныххæлар кодтой.

07 Астæумархо / Кæфхæрæн

10 Зазхæссæн / Нæзуихист

Куадзæны хæдразма йу къуыри фæудзан, уый размæ къуыри сабаты (йæ райдиан сабатæхсæв).

Зазхæссæн-Мардæгъдау. Кæнынц æй Куадзæнæй дыууæ къуырийы раздæр сабат боны афæдзы дæргъы чи амард, уыдоны рухс ном æрымысынæн. «Зазхæссæны бон мыггаг, сыхæгтæ æмæ хæстæджытæ марды ном ардтой мархойы хæринæгтæй, -фыста Хозиты Федыр йæ чиныг «Ирон фынджы æгъдæуттæ»-йы -Хæлар ын кодтой йæ дзаумæттæ æмæ йæ дарæс. Фынгыл æвæрдтой арахъ, бæгæны, бæзджын æмæ тæнæг къуымæл, суары къус, доны къози, кæфы фыд æмæ цæхджын кæсæгтæ, æнхъизæнджынтæ, цуанитæ, тыппырæттæ, задынтæ, лакъамитæ, скъудаджынтæ, хъæдурджынтæ, нартхор, мæнæу æмæ хъæдуры дзæрнатæ, ихын æмæ хуымæтæджы сæкæртæ -цыбыр дзырдæй, мархойы хæринæгтæй къухы цы уыди, уыдон се’ппæт дæр. Семæ-иу фынгыл æнæмæнг æрæвæрдтой цæхх æмæ кард дæр. Хæлар сæ кодтой ацæргæ лæгтæ æмæ зæронд устытæ. Фæйнæ сыкъайы-иу банызтой хæдзарвæндаг æмæ сыхаг лæгты къорд».

Fælværa

Уыцы бон-иу, стæй ныр дæр иуæй-иу хъæуты зазы стыргомау къалиу сфæлыстой алыхуызон дыргътæ æмæ адджинæгтæй. Сауыгътой-иу ыл къаффеттæ, дыргъты хустæ, æнгузтæ æмæ æндæр хæрзад хæринæгтæ хæлттæгондæй. Хуыдтой йæ Æлæм. Зазы къалиу-Æлæм -иу мардæн куы ныххæлар кодтой, уæд æй хастой уæлмæрдмæ. Ацы марды фæдыл бæрæгбон Зазхæссæн дæр уымæн хуыйны. Зазы къалиу -Æлæм уæлмæрдмæ хаста барæг, ныр та-устытæ. Фæндагыл ын йæ дыргътæ, адджинæгтæ байуарынц сывæллæттæн. Хæларгонд хæринæгтæй сывæллæтты барæвдауын ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ мардæн мæрдты бæсты æхцон у. Зазы къалиуыл ма цы чысыл муртæ аззайы, уыдонимæ йæ уæлмæрдмæ бахæццæ кæнынц. Уым дæр та мардæн Æлæм æмæ сæ хæссинæгтæй, рухсаг у, фæзæгъынц. Стæй йын зазы къалиу йæ цырты фарсмæ ныууадзынц.

11 Къутyræнæнтæ

Комахсæнæй 6 къуырийы фæстæ, хуыцау боны Уалдзыгон, хоры бæркады бæрæгбон. Уыцы бонмæ-иу сцæттæ кодтой, бæрæгбонæн цы фæхъæуы хæрд æмæ нозтæй, уый. Уæлдай цинагдæр уыд сывæллæттæн. Уыдонæн æфсинтæ мæнæу кæнæ хъæбæрхоры ссадæй фыхтой, алыхуызон хæдзары фосы æмæ кусæнгæрзты хуызтæ чи æвдыста, ахæм гуылтæ. Сæйрагдæр та дзы уыдысты къутутæ, хорæфснайæн къутуты, гонты хуызæгтæ. Бæрæгбон дæр афтæ уымæн хуыйны. Хоры бæркады охыл-иу цы бирæ къутутæ сфыхтой, уыдон хæрздзаг бакодтой мæнæу, хъæбæрхор æмæ сысджыйæ, ома ацы аз хортæй афтæ байдзаг уæнт нæ къутутæ, хордæттæ, гонтæ. Уый уыд зæхкусæджы стырдæр бæллицтæй иу æмæ, цæмæй æрцæуа, уымæн кодта фæзмæгой нымд митæ. «Хæдзары хистæр-иу бацыдис къæбицмæ æмæ-иу хордоны къутуйы фарс бакъуырц-къуырц кодта кувгæ-кувын æмæ-иу загъта: нæ хордон афтæ дзаг уæд хорæй, -фыссы Цыбырты Людвиг. -Уый фæстæ æвзонг фæсивæд ерыс кодтой милмæ æхсынæй». Ноггуырдты, ног чындзыты хæдзæртты кæртыты кæнæ сыхты бæрæг рæтты-иу сывæллæттæ мысанæн æрæвæрдтой сæ фых къутутæ, хæдзарон фосы, стæй хоры куыстгæнæн дзаумæтты хуызæгтæ æмæ сæ фатæй æхстой радгай. Фылдæр хъавыдысты къутутæм. Мысан-иу чи акъуырдта, уый йæ-иу амбылдта æмæ дзы-иу цингæнгæ ныккомдзаг кодта. Уымæн æмæ хъуыды кодта: иуæй мысан акъуырдтон, иннæмæй та хоры бæркад рамбылдтон. Хъæлдзæг æмæ æхцон бæрæгбон-иу ахаста суанг изæрмæ.

19 Зæриноных

къурисæр æхсæв Комахсæнæй

7 къуырийы фæстæ (Хилачъы)

19 Тыхост

Ук. къуырисæр æхсæв Комахсæнæй 7 къуырийы фæстæ Тыхост у ирон адæмы рагондæр бæрæгбæттæй иу. Кодтой йæ хуымгæнæны мæй, Куадзæны размæ хуыцаубоны æнæхъæн хъæубæстæй.

Тыхостмæ адæм куывтой, зын, æвзæр, тыхст уавæры-иу куы бахаудысты, уæд. Kæд ма сын исчи баххуыс кæна, уæд æрмæстдæр Тыхост, уымæй ма-иу сæ уыди ныфс.

…Хæссы тæвд рæстæг, быдыртæ бахус сты, бæстæ судзы, сæфынц хортæ. Адæм цъысымы бахаудысты, сæ фæстаг ныфс ма Тыхост у. Æмæ йæм кувынц, цæмæй фæлмæн къæвда рауадзæ: сæфынц адæмæй, фосæй, сæрвæтæй, уыгæрдæнæй. Æмæ-иу къæвда рацыд, фæлмæн къæвдæ..

Искæйы тагъд æххуыс бахъуыд, уæд-иу ныхъхъæр кодтæ «Фæдис, Тыхост, дæ сæр мæ бахъуыд!» Æмæ, дам-иу, Тыхост барæджы хуызы йæ цуры февзæрд.

Иу лæппу, зæгъы, йæ фыстæ хызтæ Бафæндыд æй Тыхосты фенын æмæ ныхъхъæр кодтæ:

-Фæдис, Тыхост! Дæ сæр мæ бахъуыд.

Тыхост йæ цуры фегуырд æмæ йæ фæрсы:

-Кæцæй дыл цæуы тых?

-Никæцæй. Дæ фенын мæ фæндыд æмæ дæм уымæн ныхъхъæр кодтон.

Уæд ын Тыхост загътæ:

-Æз хынджылæггаг нæ дæн. Цавддур фест. Мæнæн та гъе уый у мæ бон.

Æмæ, дам, лæппу цавддур фестад…

Адæмон сфæлдыстады Тыхост у Уациллайы хорз æмбал. Æмæ-иу æм куывтой: «О Тыхост, зоныс нын нæ тыхст уавæр, бахус сты нæ зæххытæ, сæфæм æмæ дæ курæм, зæгъ Уациллайæн æмæ къæвда рауадза».

22 Цæуæггаг

цыппæрæмы, Куадзæны фæстæ

Цæуæггаг -ивгъуыд дуджы æппæты диссагдæр æгъдæуттæй иу, йæ хæс уыдис, æртæ азы-иу цы лæппуйыл сæххæст, уыдон æгас Ирыстонæн иумæйаг æмæ, фыццаджыдæр, «нæлгоймæгты» дзуæрттыл бафæдзæхсын, лæгты рæнхъытæм сæ бахæссын. Уыцы сабиты нæлгоймаг æхсæнадыл банымайыны фæтк æххæстгонд цыдис, сæрмагондæй-иу уыцы хъуыддаджы тыххæй цы æхсæны бæрæгбон -Цæуæггаг куывд скодтой, уым. Куывд-иу уыдис Куадзæны къуыри. Цæуæггæджы сæйрагдæр миниуæг уыдис бæлвырд фæткмæ гæсгæ лæппуты сæртæ зыгъардаст акæнын. Хъæугуывд-иу скодтой æхсæны кувæндæтты бын, кусарт акæныны æмæ кувинæгтæ скувыны фæстæ. Лæппутæн-иу сæ сæртæ куы адастой, уæд-иу сыл скодтой «нæлгоймаджы дарæс», бахуыдтой-иу æй сæрмагондæй уыцы бонмæ. Бæрæгбон-иу фæцис хъæугуывдæй. Куывды-иу уыдысты, лæгты рæнхъытæм кæй бахастой, уыцы чысыл лæппутæ дæр.

25 Бæлдæрæн

йæ кæнæн бон у Куадзæны фæстæ, хуыцабон

Бæлдæрæн (ир.), бæлдæрæбос (диг.) -ирон зæххы куыстыты къæлиндары уалдзыгон циклы бæрæгбæттæй иу, бæрæг æй кодтой Куадзæны фæстæ фыццаг хуыцаубон. Скодтой-иу хъæугуывд, уыдис дзы-иу кусарт дæр. Куывтой аграрон дзуæрттæм æмæ куырдтой, цæмæй радтой стыр хорæрзад, бирæ фос, бахизой сæ алыхуызон низтæй æмæ æндæр фыдбылызтæй. Бæлдæрæн уыдис æппæты хъæлдзæгдæр ирон бæрæгбæттæй; адæммæ афтæ кастис, зæгъгæ Бæлдæрæн куыд арвитай, æнæхъæн афæдз, цæргæ дæр афтæ кæндзынæ. Бæлдæрæн уыдис æхсæны бæрæгбон, æмæ йæм æндæр хъæутæй никой уагътой, уыцы хъыубæстæй рацæуæг адæмæй фæстæмæ.

26 Аларды / Сырх дзуар

Сырхдзуар – къуырисæры, Бæлдæрæны фæстæ

Аларды. Ирон мифологийы æппæты карздæр бардуаг, сывæллæтты низ фадынæджы бардуаг. Рагон Ирыстоны-иу фадынæгæй сабитæ дзæвгартæй цагъды кодтой, цы сывæллон-иу дзы фæрынчын, уымæн-иу сдзæбæх æнхъæл ничиуал уыд. Афтæ карз уыд ацы низ, æмæ дзы ирон адæм тынг тарстысты. Уый тыххæй дзы нымд кодтой, йæ фæсномыгæй йæ хуыдтой «дзуар». Дзуары бынаты йæ сæвæрдтой. Аларды та уыд йæ бардуаг. Уымæ куывтой, уымæй агуырдтой, цæмæй сын сæ цотмæ фадынæг ма æрбауадза. Алардыйы хуыдтой рухс, сыгъзæрин. «Рухс, сыгъзæрин Аларды, табу дæхицæн, -куывта-иу хистæр. -Зæхмæ куы æрцæуыс, уæд-иу нæ хъазгæ-худгæйæ ныууадз! Де ‘ргом нæм макуы равдис. Дæ чъылдыммæ дæм сыгъзæрин тæбæгъты кувдзыстæм».

Лауызгæнæнтæ

Алардыйы бæрæгбон афæдз вæййы дыууæ хатты: уалдзæджы æмæ рагвæззæг, къуырийы бонтæй та -къуырисæры. Ирон адæммæ-иу уæлдай кадджындæр уыд, сывæллæттæ-иу фадынæгæй рынчын кæнын куы райдыдтой, уæд. Рынчыны цур хъæрæй ныхас нæ уагътой, чи йæм каст, уый та хъуамæ уыдаид хæрз сыгъдæг æмæ аив уæлæдарæсы. Алардыйæн æргæвстой урс уæрыччытæ, кæнæ афæдздзыд фыстæ. Цæмæй йын йæ хорзæх ссардтаиккой, уый тыххæй-иу йæ номыл куывдтæ адаргъ сты мæйы бæрц дæр.

Алардыйы куывдты кæд устытæ нæ бадтысты, уæддæр ыл уыдонæй тынгдæр ничи аудыдта: цотгæнæг уыдон сты, сомы дæр дзы уыдон кодтой. Ногбоны-иу Фыссæн æхсæвы чызджытæ куывтой, цæмæй сын Аларды сæ фидæны цот фадынæгæй бахъахъхъæна. Уæдæ æппæты тынгдæр æлгъыст та уыд: «Алардыйы фыдæх ссар».

Фадынæгæй-иу цы сывæллон амард, ууыл Алардыйы тæсæй кæугæ дæр нæ кодтой. Алардыйы зарæг кæнгæйæ-иу æй баныгæдтой.

Аларды -дзуары (стæй фадынæджы æмæ цæсты низты) бардуаг ирон мифологийы. Ирон адæмы хъуыдымæ гæсгæ Аларды у сырх, хаттæй-хатт та æбуалгъ урс базырджын цæрæгой, адæмы стыр тас чи уадзы, ахæм æвирхъау фыдуынд цæсгомимæ. Цæры уæларвы, фæлæ хатгай æрхизы зæхмæ сызгъæрин кæнæ æвзсит асиныл. Дзуары зæрдæ балхæныны тыххæй йæ ирон адæм хонынц сызгъæрин, рухс дзуар. Ирыстоны алы комы дæр Алардыйы номыл уыдис хъæубæстæн иумæйаг æмæ ма суанг мыггаджы кувæндæттæ дæр. Уæлдай кад ын кодтой Захъагом æмæ Садонгомы цæрджытæ. Алардыйы бæрæгбон кодтой майы майы кæрон -июны райдианы. Фылдæр хатт ын æргæвстой урс уæрыкк. Кувæг адæм Алардыйы куырдтой, цæмæй сæ сывæллонæй, хъомылæй бахиза дзуарæй æмæ ма йæ бар чи у, уыцы иннæ низтæй дæр. Аларды у, ирон адæм цы дзуæрттæм кувынц, уыдонæн сæ тæккæ тызмæгдæр æмæ мæстыгæрдæр. Алардыйы дзуары хицæндзинæдтæй иу у уый, æмæ йын йæ кувæндæттæ арæзтой, се ‘ргом хъæуты ‘рдæм куыд нæ уа, афтæ.

27 Фæлвæра

Дыццæджы, Аларды/Сырхдзуары фæстæ

Ирон адæмон сфæлдыстады стурвосы, бæхты, фысвосы æмæ сæгъты бардуаг. Йæ фырт Дзудзумар у Хуры сиахс. Фæлвæрайы бæрæгбон-иу уыд уалдзæджы кæрон. Уыцы бон уæлдай бæрæгбонхуыздæр уыдысты фыййæуттæ. Алы хæдзар дæр сын кодта бæрæгбоны хуын. Уым хъуамæ уыдаид фысы цыхты гуымбыл. Бæрæгбоны кадджындæр хæринаг уыд цыхтæй дзыкка. Ныр цыфæнды бæрæгбоны дæр фынджы уæлхъус æнæмæнг ссарынц Фосы Фæлвæра æмæ Хоры Уациллайы ном. Туалтæм та фыс æргæвст цы хæдзары вæййы, уым фысыммæ нуазæнимæ раттынц йæ «Фæлвæрайы хай» -фысы къæдзилы кæрон.

Фæлвæра нæ фосдарæг фыдæлтæм стыр кадджын зæд уыд. Уымæ гæсгæ ирон адæмон сфæлдыстады зæдтæ æмæ дауджыты хыгъды уæлиау бады. Уæлдайдæр та Нарты кадджыты. Хæларæй цæры Нарты гуыппырсартимæ. Рæдауæй сын хай кæны йæ фосæй, амоны сын, бирæгътæй сæ куыд бахъахъхъæнын хъæуы, уый.

Ирон адæмы цæстытыл Фæлвæра уайы зæрдæхæлар, тæригъæдгæнаг зæдæй. Йæ фосæй аргæвдын дæр æй нæ фæнды, тæригъæд сын кæны, æмæ йæм йæ бæрæгбоны кусарты фыдæй нæ, фæлæ цыхтæй дзыккайæ дæр уымæн куывтой. Ирон ныхасы хуымæтæджы нæ баззад сабыр æмæ хæларзæрдæ адæй-маджы Фæлвæрайыл барын, уый Фæлвæрайы хуызæн куы у, зæгъгæ. Бæрзонд, аив нæлгоймагæй та фæзæгъынц: «Арвуациллайы хуызæн у».

Фæлвæра æмæ Тутыры хæстæ æнгом баст сты. Фæлвæрайы фосмæ æмхиц сты Тутыры бирæгътæ, лæбурынц сæм, æргæвдынц сæ, æмæ сыл цæмæй къаддæр фыдбылызтæ цæуа, уый тыххæй хæларзæрдæ Фæлвæра уæлдай хæлардæрæй цæры Тутыримæ. Фæлæ йыл Тутыр хинæй цæуы. Уый фæдыл В. Миллер Ирыстоны фехъуыста æмæ ныффыста ахæм таурæгъ:

-Иуахæмы Тутыр уазæгуаты уыд Фæлвæрамæ. Фæсхæрд дыууæ зæды фæбыцæу сты, кæй фос сæ кадджындæр у, ууыл. Фæлвæра бузныг загъта Хуыцауæн, фысвос ын йæ бар кæй бакодта, уый тыххæй. Æппæт адæм дæр фос бирæ уарзынц, стæй Хуыцау æмæ зæдтæ дæр нывондаг уыдонæй равзарынц. Гъе, уымæ гæсгæ Фæлвæра йæхи рахуыдта зæдтæй æппæты амондджындæр.

Тутырæн хъыг уыдысты Фæлвæрайы æппæлæн ныхæстæ, уый загъта, зæгъгæ, йæ бирæгътæй разы кæй у. Фæлæ йæ ныхас æргом нæ уыд. Зæрдæйæ нæ цыд, уымæн æмæ йæхимидæг хæлæг кодта Фæлвæрамæ. Йæ хæлæгдзинадæй куыд фервæзтаид, уый нæ зыдта æмæ йæ фысымимæ хъазгæйæ хъæбысæй хæцын райдыдта, æмæ, цыма барæй нæ уыд, афтæ йын йæ галиу цæст тымбыл къухæй бацавта. Уый фыдæй дзы Фæлвæра æвзæр уынын райдыдта. Фæсохъыр. Уæд дзы Тутыр æфсонæн хатыр куры. Зæрдæхæлар Фæлвæра йæ йæ хъæбысы æрбакодта æмæ йын ныххатыр кодта.

Уыцы ахаст дæр не ‘рсабыр кодта Тутыры. Сæхимæ куы æрбаздæхт, уæд фæдзырдта бирæгъты бодз Цъæхоймæ. Бабар ын кодта, Фæлвæрайы галиу цæст кæй фæсахъат, уый æппæт бирæгътæн дæр фехъусын кæнын, æмæ йын йæ фосмæ галиувæрсты куыд бырсой.

Афтæ Тутыр гадзрахатæй рацыд Фæлвæрайыл. Адæмы ‘хсæн та баззад ныхас, галиу цæсты ‘рдыгæй йæм бацу, зæгъгæ.

Фæлвæрай кувд

-Хуцау! Фиццаг Дæхе хуарзæнхæ,

Уæдта нæ Де сконд изæдти хуарзæнхæ уæд.

-Амменæ!

-Фæлвæрай рохс дзиуарæ, Табу дин фæууæд! .

-Амменæ!

-Дæ лæварæй нæ хайгин искæнæ!

-Амменæ!

-Де ставд лæдзæг æмæ нæ дæ тумугъ уесæй

Макæд фæццох кæнæ!

-Амменæ!

-Дæхе хуарзæнхæ Æма нæ дæ фурт Бузунай хуарзæнхæ фæууæд!

-Амменæ!

-Дæ лæвар фонси фæсте ка хæтуй, Йе рæствæндаг кæнæд зæрдæрохсæй!

-Амменæ!

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz