Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ

0
1022

Зæрдæвæрæны Мæй/Ханси Мæйæ – Цийнæмæйæ

1 Сабаты – Уалдзæг æмæ Куысты Бæрæгбон

Ацы бæрæгбон фæзынд рагон Италийы. Бынæттон знæмтæ 1-æм майы кад кодтой зайæнады дауæг Майяйæн. Майы мæй дæр схуыдтой йæ номы тыххæй. Афтæ нымадæуыд, ома, зæгъгæ, цас хъæрдæр æмæ бæрæгбонгъуыздæр банысан кæнай 1-æм май, уыйас фылдæр райсдзынæ тыллæг.

Муртатдзинад аивды фæстæ ацы бæрæгбон рохуаты аззад, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ та йæ сног кодтой æмæ та йæ райдыдтой нысан кæнын XIX-æм æнусы. 1886 азы америкæйаг горæт Чикагойы бынæттон кусджытæ рацыдысты митингмæ æмæ домдтой, цæмæй сын сæ куысты бон фæкъаддæр кодтаиккой 8 сахаты онг. Æртæ азы фæстæ, ацы тугæйдзаг цауты мысыны тыххæй Парижаг конгрессы II интернационал схуыдта 1-æм май кусæг къласы æхсæндунеон æмуддзинады бон. Советон 1-æм май. Куыд уыдис. Советон дуджы ацы бæрæгбон фæзынд 1917 азы Октябры революцийы фæстæ.

1 Сабаты – Кастутæ 

Куадзæнæй дыууæ къуырийы фæстæ вæййы Касуты бон, хонынц ма йæ Донмæцæуæн бон дæр (кæс Касутæ). Бæрæгбон хъæубæстæ арæзтой иумæ, хъæугуывд-иу скодтой. Изæрмæ-иу фæбадтысты, фæкуывтой, фæзарыдысты, фæкафыдысты. Фидæн аз фысым чи уыдзæн, уый-иу равзæрстой æмæ-иу ын йæ хæдзармæ æртæ чъирийы, сгуы æмæ нозт арвыстой.

Уымæй уæлдай алы хæдзары дæр кодтой æртæ чъирийы. Скодтой-иу алыхуызон кастæ, æмæ-иу сæ сылгоймæгтæ кувинæгтимæ ахастой хуымтæм, доныбылмæ. Уыцы бон æрыгон сылгоймæгтæ æмæ чызджытæ ног чындзы хуыдтой донмæ. Сылгоймæгты хистæр-иу чындзы бафæдзæхста Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл, куырдта-иу ын бирæ цот – авд лæппуйы авдæны куыд ауза, батабу-иу кодта Доны чызджытæм, адæмы фыдбылызæй куыд хизой, дæттæ куыд нæ ивылой, ног чындзы сæ хорзæх куыд уа.
Нæлгоймæгтæй ног чындз æмæ иннæ сылгоймæгтимæ доны былмæ цыд къухылхæцæг, æмдзуарджын æмæ хызисæг.

Чындз-иу доны былæй сæ хæдзармæ дон схаста. Йемæ чи ацыд, уыдонæн-иу хæдзары хистæр сылгоймаг фæарфæтæ кодтæ «Доны чызджыты хорзæх уæ уæд, Донбеттыры фæдзæхст ут, цардæй бафсæдут, донарæхæн уæ цард уæд…»
Касутæ кæнæ Донмæцæуæн бон мах рæстæджы фыццаджы хуызæн нал кæнынц, рох кæнын райдыдта, фæлæ ма йын кæм кувынц, ахæм хъæутæ æмæ мыггæгтæ ис.

3 Къуырисæры – Аларды

Аларды, дыгур. Алаурди — ирон адæммæ фадынæг æмæ цæстыты низы бардуаг. Алардыйы бæрæгбоны размæ иу куывтой Рыны бардуагмæ цæмæй сæ бахъахъхъæна рынæй. Раздæр Рыны бардуаг уыдис ахъаззагдæртæй иу, фæлæ Алардыйы бардуаг у ноджы карздæр.

Рын æмæ цæстыты низ уæлдай æмхицдæр уыдысты сылгоймæгтæм æмæ сывæллæттæм.

Ирыстоны зæххыл йæ номыл ис бира кувæндæттæ. Фæхъыг æй кодтай – дæ сывæллæтты æмæ дæхи хъахъхъæн. Адæм куывтой тæрсгæ-ризгæйæ, сæ сывæллæтты фæдзæхстой.

Сæрмагондæй иу уыди Алардыйы хуымтæ. Уырдыгæй иу цы хор æрæмбырд кодтой, уымæй арæзтой æхсæны куывдтæ. Бæрæгбоны иу ног чындзы ахуыдтой кувæндонмæ, бафæдзæхстой иу æй, цæмæй йын цы цот рацæуа, уыдон цæринаг уой.

Хуыдтой иу æй Сырх Аларды, Рухс Аларды, Сыгъзæринбазыр Аларды æ.а.д.

Нывонд йын кодтой урс уæрыкк. Куывтой иу: дардæй дæм кувдзыстæм, хæстæг нæм ма ’рбацу, куы ’рцæуай, уæд та хъæлдзæгæй – худгæйæ нæ куыд ныууадзай.

Ныртæккæйы рæстæджы Аларды у, адæм арæхдæр табу кæмæ кæнынц, уыцы дзуæрттæй иу.

Алардыйы Зарæг

Табу дæуæн кæнæм, рухс Аларды!
Хуссары мæнæуæй – дæ чъирийаг.
Уæй, табу – дæ бæгæныйаг
Табу дын фæуæд, рухс Аларды!
Фæлвæрайы фосæй дын урс уæрыкк нывондаг!
Табу дын кæнæм, сыгъзæринбазырджын рухс Аларды!
Фæрвы хуымæллæгæй – дæ бæгæныйаг,
Мысираг æвзист – дæ мысайнаг.
Меретаг бæмбæг – дæ æвæрæн.
Æй! Табу, табу дын кæнæм, рухс Аларды!
Уæй! Фидинаг чи у, уыдон дзæбæхæй бафидын кæнай,
Уæй! Табу, табу дын кæнæм, рухс Аларды!

Алардыйы куывд

-Аларды, табу дын уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Hæ сабитæ де уазæг уæнт!
-Оммен, Хуыцау!
-Хуссары мæнæуæй дын чъиритæ кæндзыстæм,
Æвзаргæ хорæй дын бæгæнытæ фыцдзыстæм,
Бурхъус нæл уæрыччытæ дын нывондæн хæсдзыстæм.
-Оммен, Хуыцау!
-Усгур лæппутæ – дæ кусартгæнджытæ.
-Оммен, Хуыцау!
-Чындздзон чызджытæ – дæ чъиригæнджытæ.
-Оммен, Хуыцау!
-Кæстæр фæсивæд – дæ омменгæнджытæ,
Æмæ сæ де уазæг бакæн.
-Оммен, Хуыцау!
-Хъазгæ нæм æрцу, худгæ нæ ныууадз,
Дæ рынтæ бахæрæм.
-Оммен, Хуыцау!
-Фиддæгтæ-иу ратт,
Де зæлы дысæй-иу сæ расæрф, афтæмæй.
-Оммен, Хуыцау!
-Дæ чъылдымæн дын кувдзыстæм,
Де ‘ргом нæм ма раздах,
Афтæмæй дын табу, рухс Аларды!
-Оммен, Хуыцау!

9 Хуыцаубоны – Уæлахизы / Уæлахези бон
9 Хуыцаубоны – Таранджелос 

Ирон адæмы рагондæр бæрæгбæттæй иу у Таранджелоз. Нарты хъæбатыртæй иу Батырадз – куы фæмард, уæд Хуыцау æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдон кæм æрхаудысты, уым арæзт æрцыд æртæ кувæндоны: Реком, Мыкалгабыр æмæ Таранджелоз.

Таранджелоз у хорарæх æмæ хосарæхы бардуаг. Йæ кувæндон ис Тырсыгомы, бæрзонд хохы сæр. Бæрæгбон фæкæнынц Куадзæнæй æртæ къуырийы фæстæдæр хуыцаубоны.

Хъæубæстæ сæ бæрæгбон арæзтой иумæ, бирæ бинонтæ та йæ кодтой сæхæдæг. Ныр дæр æй фылдæр адæм кæнынц хи бинонты æхсæн, æрхонынц сыхæгты.

Таранджелозæн нывонд кодтой фыс кæнæ уæрыкк. Кувæндонмæ-иу æй аластой æмæ-иу æй уым аргæвстой. Бæрæгбон-иу ахаста цалдæр боны. Арахъ æмæ-иу бæгæны рагацау скодтой æмæ-иу хъæлдзæгæй, æхсызгонæн фæбадтысты; зарыдысты, кафыдысты. Æрыгон фæсивæд-иу бæхтыл хъазыдысты, æвдыстой сæ арæхстдзинад, сарæзтой-иу дугъ. Хистæртæ цин кодтой сæ кæстæрты арæхстдзинадыл. Куывтой Таранджелозмæ, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, уæд хор æмæ хосхъуаг никуы уыдзысты.

Таранджелозы бæрæгбон ныр дæр бирæ адæмтæ бæрæг кæнынц.

10 Къуырисæры – Никкола (Гулуй кувд)

Ирон адæмы рагондæр бардуæгтæй иу у Никкола. Афтæ рагон у, æмæ махмæ æрбацыд алантæй. Уый у, зæххыл адæмы хорздзинадæн цы зайы, уыдоныл аудæг бардуаг. Зæххон адæммæ у тынг хæстæг. Kæд зæдтимæ цæры, уæддæр зæхмæ æрцæуы æмæ хуымгæнджытимæ хуым фæкæны, хосгæрдджытимæ хос фæкæрды, æндæр хъæууонхæдзарадон куыстытæ куы бахъæуы, уæд та уыдон фæкæны.
Алы уалдзæг дæр хуымгæнæнты размæ алы хъæу дæр Никколайы бæрæгбон æргæвстой æхсæны мысайнæгтæй æлхæд нæл фыс. Амæ дзуармæ куывтой, цæмæй хорз рæстæг скæна, цæмæй сæ уыгæрдæнты, сæ сæрвæтты хорз кæрдæг æрзайа, сæ хуымтæй фæззæг хъæздыг тыллæг сисой, сæ фос æнæфыдбылыз уой, адæм æнæниз æмæ амондджын уой.

15 Сабаты – Ирон Æвзаджы Бæрæгбон

Зæрдæвæрæны мæйы 15 бон æппæт ирон адæм дæр бæрæг кæнынц сæ мадæлон æвзаджы бæрæгбон.

Фыстæг Расулмæ

«Æмæ кæд ме ‘взаг фесæфдзæнис райсом,
Уæд абон æз мæлæтмæ дæн цæттæ!». (Расул Гамзатов)
Хæлар, дæ дзырд зæрдæбынæй кæд райстон,
Мæ сагъæс мын нæ айсæфта, уæддæр:
Кæд ме ‘взаджы цард аскъуыйдзæни райсом,
Уæд абон æз — мæлынмæ дæр цæттæ!..
Æрмæст фыдæлтæй баззади ныхасæн:
Хъæбулы мард уромы мад зынæй,
Куы ракæнай йæ къалиутæ бæласæн,
Уæд зæнгæн дæр æнæхусгæнгæ нæй.
Уадз, ме ‘взаг ма уæд, а-зæххау, æгъуыстаг,—
Тъымы-тъымамæ ницы ис зæххыл, —
Истори та лæджы фæндмæ кæд хъуыста,
Æхст нæмыгау, йæ нысанмæ тæхы…
Фæлæ уæдмæ цыбæл дуджы тымыгъты
Бæрзонд лæджыгъæд равдисæнтæ ис,
Цæмæй кæной нæ зæрдæйы риуыгъдыл
Фæстагæттæ, Орфейы цагъдау, дис.
Æз ме ‘взагæн æгъуысты хос куы ссарин,
Уæд амæлын зын нæу! Мæ мæлæт циу?..
Мæ нымд æвзагыл уый тыххæй куы зарын,
Кæд бафтауин йæ цæрæнбонтæм иу.
Джусойты Нафи, Январь 1960

16 Хуыцаубоны – Хуыцауы Дзуарæ, Хъармани
16 Хуыцаубоны – Устур Хуцауи кувд, Задæлески ковæндони
23 Хуыцаубоны – Гагабарзы Бæрæгбон
27 Цыппæрæмы – Зæрдæвæрæн 

Зæрдæвæрæн у ног зианы кæндтытæй иу. Куыд равзæрд, уый ахуыргæндтæ амонынц дыууæ хуызы. Иутæ зæгъынц, бæрæгбон афтæ уымæн хуыйны, æмæ уыцы бон аргæвдынц фыс, далыс кæнæ уæрыкк æмæ йын йæ зæрдæ цырты цур баныгæнынц. Уый дзуры ууыл, æмæ мард йæ бинонтæ æмæ йæ хæстæджытæй рох нæу, мысынц æй, уæлæуыл куыд уыди, афтæ йæ нымайынц сæ бинойнагыл.

Бæрæгбон Зæрдæвæрæн цæмæн хуыйны, уый тыххæй иннæ ахуыргæндтæ зæгъынц, зæгъгæ, ис дыгурон дзырд – зæлдæ – нæудзар. Уыцы бон, марды æгъдаумæ гæсгæ, зылдысты ингæнтæм, сагътой дзы дидинджытæ, аив сæ кодтой, нæуу сыл æвæрдтой. Æмæ бæрæгбон нæууæвæрæн (зæлдæвæрæн) ивд æрцыд зæрдæвæрæнæй.

Зæрдæвæрæны кæндмæ æрцæуынц хæрз хионтæ, сыхæгтæ. Фынгыл – алы хæринæгтæ, арахъ, бæгæны æмæ æндæр нозтытæ. Хистæр сæ ныххæлар кæны, стæй фынгмæ æрæвналынц.

Сылгоймæгтæ цалдæрæй ацæуынц уæлмæрдтæм. Фæкæуынц, фæхъыг кæнынц, семæ ахæссынц цыппар кæрдзыны, адджинæгтæ, халсартæ, дыргътæ, нозтытæ æмæ сæ ныххæлар кæнынц, стæй дзы саходынц.

30 Хуыцаубоны – Згъудеры Уастырджи

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz