Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ Сусæны Мæй /Сосæн

0
1007

11 Хуыцаубоны – Хетæджы Уастырджи

Раджы заман алантæй къордтæ-къордтæ цæргæйæ баззад Кæсæджы, Хъæрæсе æмæ Хъубаны зæххыл. Хъубаны доны къабаз Стыр Зеленчукы был уыдонæй цард къниаз Инал. Уыд ын æртæ фырты: Биаслан, Аслæнбег æмæ Хетæг. Биаслан у, Кæсæджы къниазтæ Биаслантæ кæмæй равзæрдысты, уый. Аслæнбег уыд æнæзæнæг. Кæсæджы пысылмон дин куы стыхджын, Зеленчукы зылды ирон чырыстон аргъуан та цаудмæ куы æрхаудта, бынтон куы сæдых, уæд дæр Хетæг йæ диныл йæ къух нæ систа. Уый тыххæй йæм суанг йæ бинонтæ дæр сфыдæх сты, сæхиуыл æй нал нымадтой. Уæд Хетæг йæхи райста Ирыстонмæ. Уый йе знæгтæ куы базыдтой, уæд æй, сæ дин сын кæй нæ райста, уый тыххæй марын фæнд скодтой æмæ йæ фæсте расырдтой.

Тербаты Дзуар

Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон вæййы сæрды, мæнæугæрдæнты хæдразмæ, Кæхцгæнæнтæй къуыри раздæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ йæ бынмæ сылгоймаг нæ цыд, йæ ном ын ныр дæр нæ дзурынц, Тымбылхъæды дзуар æй уыдон хонынц. Сæ кувинæгтæ æмæ мысайнæгтæ-иу мидæмæ, дзуары лæг сæ скува, сæ бинонты, бæлццæтты, рынчыны йыл бафæдзæхса, уый тыххæй барвыстой нæлгоймæгтæй искæмæн, суанг чысыл лæппутæн дæр. Хетæджы бынмæ нæлгоймæгтæ ефс бæхтыл дæр нæ цыдысты.

Хæсты тызмæг азты нæлыстæг тохы быдыры цагъды куы кодта, æмæ алчи йæ бæлццоны, мæлæтæй йын тæрсгæйæ, Хетæджы Уастырджийыл бафæдзæхсынмæ йæхи куы ивæзта, афтæмæй йын йе ‘ртæ æртæдзыхонæй йæ быны скувæг нæлгоймаг куы нал уыд, уæд ирон сылгоймаг ахызт ацы æгъдауы сæрты. Ныййарджытæ, устытæ, чызджытæ сæ хæстонты Тымбылхъæды кувæндоны Лæгты дзуарыл фæдзæхстой сæхæдæг.

Хетæджы къохы бæлæстæн ам æввахс хъæдты æмбал нæй – бæрзонд фæцыдысты, уæрæх ныззылдысты. Иуæй йæ ран хъæздыг у мæрæй, иннæмæй кувæндон у, адæмы фарнæй – æвæджиау хайджын. Цард-цæрæнбонты йæ ирон адæм цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой, къалиу расæттын, сыф рахæссын дæр дзы нæ фæтчы. Къохы алыварс ныллæг хъæдгæндтæ бирæ уыд. Уыдонæй, стæй стыр хъæдæй дæр æм сырд арæх æфтыд, æмæ уый амарын дæр не ‘мбæлд. Къохмæ хæстæг хъæды мард сырдæй та дзуары бын кодтой куывд, хæдзармæ хæссæн дзы нæ уыд. Хетæджы хъæдæй нæй ракæнæн, нæдæр дзы ис раласæн, æмæ йæ хъæд схорз. Ис дзы дыргътæ, æмæ уыдонæй дæр иæ фæтчы хæдзармæ ахæссын, зæгъгæ. Æрмæстдæр дзы хæр йæхи мидæг. Уыцы ран исты куы фыцай, уæд дзы ракæн суг дæр, фæлæ дзы хæдзармæ ничи ласы.

11 Хуыцаубоны – Ныхасы Уастырджи

Ныхасы Уастырджи

Уастырджийы номыл Ирыстоны бирæ кувæндæттæ ис. Уыдонæн сæ зындгонддæртæй иу у Ныхасы Уастырджи. Уæлладжыргоммæ бæлццон цæуы кæнæ фæстæмæ здæхы æмæ Тæмисчъы сæрмæ, Ныхасы Уастырджийы кувæндон кæм ис, уым ма ‘рлæууа, Уастырджийыл йæхи ма бафæдзæхса, уымæн гæнæн нæй. Циндзинады фынгыл хистæр кувы, æмæ Ныхасы Уастырджийы ном ма ссара, уымæн уæвæн нæй.

Ныхасы Уастырджийы кувæндон фæзынд нудæсæм æнусы астæу. Уæд арæзт æрцыд Ирыстонæй Фæскавказмæ фæндаг. Уый стыр цау уыди канд ирон адæмы царды нæ, фæлæ æппæт Цæгат Кавказы адæмты царды дæр; фадат сын фæци кæрæдзийы базонынæн. Уыцы рæстæг адæм хæхбæстæй быдыртæм ивылын райдыдтой. Фæндагыл арæх цыдысты зæйтæ, æрдзон фыдбылызтæ, æмæ-иу бæлццæттыл æрцыд зиантæ.

Ныхасы Уастырджи

Кувæндонмæ хæстæг къардиуы цур стыр лæгæт, бæлццæттæ арæх æхсæвиуат кодтой уым. Æхсæв-бонмæ сыл-иу ныхас бацайдагъ, райсомæй та-иу дарддæр сæ балцы кой кодтой.

Афтæ равзæрд Ныхасы Уастырджийы кувæндон. Алы аз дæр Ныхасы Уастырджийы тыххæй сусæны мæйы фыццаг хуыцаубонтæй иуы арæзтой куывд. Уæлладжыргомæй дзы-иу тынг бирæ адæм уыд. Ныхасы Уастырджийыл-иу фæдзæхстой сæхи, сæ бæлццæтты, амондджын фæндæгтыл куыд цæуой, сæ къахфындз дæр куыд никæд ницæуыл скъуырой, æнæфыдбылыз, æнæмаст куыд уой.

11 Хуыцаубоны – Идауæг, Устур-Дигори зилди гъæути

Идауæг

Табу, табу, не `Дауæг!

Алтаматæн, не `Дауæг!

Нæ сæр хезæг, не `Дауæг!

Нæ нез сорæг, не `Дауæг!

Не знаг сорæг, не `Дауæг!

Нæ бæлццæнттæ æмбурд кæмæ кæнунцæ, не `Дауæг!

Нæ мæнгæйтæ стур кæмæ кæнунцæ, не `Дауæг!

Не `знæгутæ федаунгæнæг æма хæстæгутæ æмбурдгæнæг,

Не `Дауæг!

Уосгор лæхъуæнтæ дæр æнгьуд ци бæрæгбонмæ кæнунцæ,

Е дæр не `Дауæг!

Уæ нæ сосæгхуар, не `Дауæг!

Уæддæр дин табу кæнæн, не `Дауæг!

Райдзурдта Гетъоти Дзанхот, 1899 анз, Хæрес. Нийфинста Событи Инал. ЦИГСÆИ- й архив, фольк. No: 75, 36 n., 103-104 ф.


11 Хуыцаубоны – Голя (Силгоймæгти бæрæгбон), Устур-Дигори ковæндони

11 Хуыцаубоны – Рæхис, Донифарси ковæндони

11 Хуыцаубоны – Дзирийы-Дзуар / Иры Дзуар

Дзирийы Дзуар

Кувæндон Куырттаты комы, Цымытийæ Хæрисджыны æхсæн бæрзонд хохы сæр. Йæ бон вæййы Хетæджы Уастырджийы бæрæгбонимæ иумæ. Куывды йæм цыдысты æмæ цæуынц Цымытийы, Къадаты, Хидыхъусы, Хæрисджыны, Къора æмæ Уыры-хъæуы цæрджытæ. Раздæр-иу бæрæгбоны размæ нæлгоймаг кæстæртæ дзуары лæгтимæ кусарт акодтой Дзуары бын, стæй-иу ссыгътой цырагъ, цæмæй кувæндон æнæхъæн æхсæв рухс кодтаид. Уым-иу бахсæвиуат кодтой уæйлаг нымæттыл. Райсомæй-иу сæм адæм ссыдысты куывды. Алы хæдзарæн дæр дзуары лæг лæвæрдта, афæдзы дæргъы кувæндоны бæрцуаты цы фæдзæхсæн бæгæны æвæрд уыд, уымæй. Сæ бæгæныйыл-иу сын дзы æркалдта. Афæдзмæ-иу йæ ад уæлдайхуызон дæр нæ фæци.

Цъæх нæууыл-иу хъазт скодтой. Кувæндонмæ раздæр къахыдарæсы ничи цыд. Фæстæдæр уыцы æгъдау ферох.

Уалдзæджы-иу Дзуары лæг хъæутыл æрзылд, хæлттæ-иу сæппæрстой, æмæ-иу кæй хал схаудта, уыцы хæдзар сæрдмæ хаста æхсæны кусæрттаг. Ныр æй æлхæнынц мысайнæгтæй æмæ йæ цæттæ æргæвстæй сласынц дзуары бынмæ.

11 Хуцаубони – Гæлиаты Авд Дзуары, Гæлиати ковæндони

12 Къуырисæры (Авдисæри) – Габонæ (Гулæри Габонæ)

Диг. К., Дзинагъа æма Гулæри

Дыгургомы Гуылæры хъæуы кувæндон. Габонай кувд, гулари габони (диг.) хорарæх æмæ хосарæхы бæрæгбон, кодтой йæ Дзинагъа, Ногхъæу æмæ Гулары цæрджытæ. Габонай кувд йæ миниуджытæм гæсгæ ирæтты аграрон бæрæгбон Нафмæ хæстæг лæууы.

17 Сабаты (Сабати) Фæроны Дзуар, Диг. К., Гæлиати Ковæндони

17 Сабаты Узунæг (Фарни фурт), Уæхъæци ковæндони

17 Сабаты (Сабати) Дигори Изæд, Ковæндони (Задæлескæмæ хæстæг)

Кæддæр, дам, Астанты мыггагæй чидæр федта зæд тæхгæ æмæ сфæнд кодта йæ фæдыл ацæуын. Бафтыд иу стыр лæгæтмæ. Лæгæты астæу рæхысыл уыд аг ауыгъд. Уæдæй фæстæмæ уыцы бынат ссис Дыгуры зæды кувæндон. Кувæндон ис Задæлескы цæгатварс Седанты мæсыгмæ хæстæг æрдзон лæгæты. Иæ фæзуат у цыппарыссæдз квадратон метры.

САУБАРÆГ, Инал Джуссоев

Дыгуры зæды бæрæгбон вæййы сусæны мæйы. Алы аз дæр куывдмæ бацæттæ кæныны æгъдау фæкæнынц радыгай, æртыгай хæдзæрттæй. Раздæр-иу сабаты изæрæй æргæвстой нывонд гал. Ныр та, йæ рад кæмæн у, уыдон раттынц фæйнæ фысы. Æртæ хæдзары нæлгоймæгтæй къухæй хуыздæр чи арæхсы, уый рæсугъд къæбæл скæны æмæ йыл аз ныффыссы, стæй йæ кувæндоны нывæрынц.

Азы дæргъы лæппу кæмæн райгуыры, йæ бæлццон æфсадæй кæнæ æндæр искæцæй кæмæн ссæуы, уый бæрæгбоны кувæндонмæ сæрмагондæй æрбахæссы кусарт, чъиритæ, арахъ, бæгæны. Хистæртæ фæкувынц, цæмæй адæм æнæниз, æнæфыдбылызæй цæрой, Дыгуры зæды хорзæх сæ уа.

18 Хуыцаубоны – Сосланы Бæрæгбон, Нари ковæндони

Ирон адæмы рагфыдæлтæ Нартæ сæ байзæддæгтæн дзуæрттæ кæй систы, уымæн æвдисæн у Дыгургомы Сосланы кувæндон. Куыд дзурынц, афтæмæй обауы уыд дыууæ метры дæргъæн лæджы стæгдар.

Сосланы кувæндон ис дыууæ Нары астæу, Mæцутæмæ ‘ввахс. Бæрæгбон вæййы сусæны мæйы фыццаг хуыцаубоны. У хоры, фæллойы бæрæгбон. Кувæндонмæ цæуыны бар ис алкæмæн дæр: нæлгоймагæй, сылгоймагæй. Куывды фысым-хæдзар бæрæгбонмæ скæнынц бæгæны, рауадзынц арахъ.

Бæрæгбоны кувæг адæм Сосланæй фæкурынц боны хорзæх, рæстæджы хорзæх. Фæкувынц, цæмæй сын ног бон ивгъуыд бонæй фылдæр амæндтæ радтæ Адæммæ Нартæ афтæ кадджын уыдысты, æмæ-иу куывды рæстæг Нары хъæуы цæрджытæй искæмæ фæдзырдтой, уадз нæ кувинæггæ нын уый скувæд, зæгъгæ. Сосланы бæрæгбон Дыгургомы абон дæр кæнынц.

18 Хуыцаубоны Кæхцгæнæнтæ:

Кæхцгæнæн

Ирон адæмæй ацы бæрæгбон чи нæ зоны, æвæццæгæн, ахæм нæй. Вæййы сусæны мæйы дыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбон афтæ кадджын уыди, æмæ бирæтæ уыцы мæй Кæхцгæнæны мæй хуыдтой.

Алы ноггуырд лæппуйæн дæр скæнынц кæхц. Раздæрты æрмæстдæр фыццаг лæппуйæн кодтой кæхц, фæлæ куыдфæстæмæ кæхц кæнын райдыдтой алы ноггуырд лæппуйæн дæр. Ноггуырд лæппуйы фæзынд ирон хæдзары стыр хъуыддаг уыди, уымæн æмæ хæххон фыдуавæрты сæйраг уæз нæлгоймагыл хауд, уый уыди бинонтæн сæ ныфс, сæ дарæг.

Кæхцгæнæны бонмæ ма-иу дыууæ къуырийы куы баззад, уæд-иу, фыццаг лæппу кæмæн райгуырд, уыцы сылгоймаджы йæ сывæллонимæ хуынимæ йæ цæгатмæ кæхцагур арвыстой. Чызджы бинонтæ-иу хуынмæ сыхæгты æрхуыдтой, чызгæн йемæ чи уыд, уыдонæн-иу фæарфæтæ кодтой, хорз-иу сæ сбуц кодтой.

Чызджы цæгат-иу, сывæллонæн цыдæриддæр хъуыд, уыдон сцæттæ кодтой. Бонджындæртæ сæ хæрæфыртæн лæвар кодтой бæх кæнæ байраг, науæд гал. Mæгуырдæр чи уыд, уыдон та-иу ын йемæ арвыстой хуын, кусæрттаг – фыр. Чызгæн-иу хæстæджытæ, зонгæтæ, сыхæгтæ алы лæвæрттæ кодтой.

Æрыгон мадмæ-иу цы æрæмбырд, уыдон-иу уæрдоны сæвæрдтой, лæвар байраг кæнæ гал-иу уæрдоны фæстæ бабастой, лыстæг фос дæр скъæрдтой фæсте, æмæ-иу æй йæ хæдзармæ арвыстой.

Кæхцагур сылгоймæгтæ сæ хæдзæрттæм здæхтысты хуыцаубоны, æмæ-иу адæм æнхъæлмæ кастысты, уæдæ сывæллонæн йæ мадырвадæлтæ цы балæвар кодтой, зæгъгæ.

Кæд æмæ-иу сывæллонæн ницы балæвар кодтой, уæд-иу йæ бон уыд, куы бахъомыл, уæд йæ мадырвадæлтæй бæх аскъæрын. Афтæ дæр-иу уыд, æмæ, мадырвадæлтæм бæх нæй, зæгъгæ, уæд-иу лæппу, мадырвадæлты рдыгæй уæнгхæстæгдæр чи уыд, уыдонæй аскъæрдта бæх.

Лæппуйы хæдзар дæр-иу сцæттæ кодтой сæхи кæхцгæнæнтæм, аргæвстой-иу уæныг, кæнæ фыркъа, кæмæн йæ фадат куыд амыдта, афтæ. Куывдмæ-иу æрхуыдтой хъæубæсты, сывæллоны мадырвадæлты. Фынджы хистæрмæ-иу бахастой лæппуйы ногнадæй, ног уæлæдарæсы, æмæ-иу ын йæ мадырвадæлтæ цы хуын рарвыстой, уый скуывтой. Фылдæр куывтой Мады Майрæммæ, Уастырджимæ. Хистæр-иу куы фæци куывд, уæд-иу сывæллоны райста, йæ рахиз къухы æнгуылдз ын-иу дзыккайы къусы атъыста.

Куыдфæстæмæ сылгоймаг йæ цæгатмæ кæхцагур нал цыд, цæгат сæхæдæг райдыдтой кæхц хæссын. Чызджы бинонтæ хуын саразынц, ноггуырдæн алы дзаумæттæ æмæ хъазæнтæ балхæнынц, семæ æрбаласынц кусæрттаг – фыс. Лæппуйы хæдзармæ æрæмбырд вæййынц хионтæ, сыхæгтæ æмæ сæ уазджыты сбуц кæнынц.

19 Къуырисæры Рагъы Дзуар -T.k.

Кувæндон Хуссар Ирыстоны. Йæ бæрæгбон вæййы Кæхцгæнæнтимæ иу бон.

20-23 Дыццдæжы-Геуæргибони, Хъурмантæ, Хæдзæртти

20 Дыццдæжы Бызы Саубарæджы Бон – Сау хонхи бадæг Сау Кизгæ

Саубарæг

Саубарæджы дзуар мах рæстæджы бирæтæй ферох, фæлæ раздæр, суанг ма ссæдзæм æнусы райдайæны дæр тынг хъуыстгонд уыд. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæм адæм кувын райдыдтой æвддæсæм-æстдæсæм æнусты. Уыцы рæстæг Ирыстонæн йæхи мидæг дæр цыди быцæутæ, фæлæ йын уæлдай тæссагдæр уыди æддагон лæбурджытæй, Кæсæджы æлдæрттæй (кæс Сау бæрæджы дзуар).

Саубарæджы дзуары кувæндон и Уæлладжыргоммæ бацæуæн хъæу Бызмæ хæстæг, адæймаджы къах кæдæм нæ хæццæ кæны, ахæм лæгæты. Саубарæджы дзуар у къæрныхты æмæ абырджыты бардуаг. Бады сау бæхыл, йæ уæлæ – сау дарæс. Давынмæ æмæ марынмæ чи фæцæуы, уыдонмæ бæрзонд къæдзæхæй кæсы, хъахъхъæны сæ. Фæсивæд балцы цæугæйæ сæхи фæдзæхстой Саубарæджы дзуарыл, фæндараст куыд фæуой, сæ хæдзæрттыл дзагармæй куыд сæмбæлой, æнæфыдбылыз куыд уой. Уырныдта сæ, Саубарæджы дзуар сæ æхсæвы тары фæфæндараст кæндзæн, сæ фæнд сæ къухы бафтдзæн. Фæлæ сæ балц нæ фæрæстмæ, уæд сыл Саубарæджы дзуары зæрдæ фæхудт, цæуылдæр сæм фæхъыг, цæуыл-дæр сæм смæсты.

Алы аз дæр уалдзæджы Бызы æмæ Уæлладжыргомы бирæ хъæутæ Саубарæджы дзуары номыл кодтой хъæугуывдтæ, аргæвстой-иу гал, сфыхтой-иу бæгæны, иумæйагæй-иу скодтой арахъ. Алы хæдзар дæр бæрæгбоны æргæвста нæл фыс. Бæрæгбон-иу ахаста цалдæр боны.

Ис ахæм таурæгъ. Иу хатт, дам, куывдыбадæг хъæу сфæнд кодтой, Саубарæджы лæгæты цы ис, уый базонын. Сусхъæды мæцъæй сбыдтой бæндæнтæ æмæ иу лæджы уæлейæ бынмæ æруагътой.

Цы лæджы æруагътой, уый, дам, лæгæтмæ куы æрхæццæ, уæд бакуырм æмæ скуывтæ «Хуыцау, мæ рæгъауы ис саубæрзæй урс гал æмæ дын уый нывонд фæуæд, æрмæст мæ, Саубарæг, дæхимæ кæсын бауадз». Æмæ, дам, уæд лæг йæ цæстытæй ракаст æмæ лæгæты федта æртæ лæджы. Уыдон сызгъæрин бандæттыл бадтысты, сæ разы арт сыгъд æмæ йыл физонджытæ фыхтысты. Лæг уыдон куы ауыдта, уæд та фæстæмæ бакуырм. Фæлæ йæ хæрдмæ куы сластой, уæд та йæ цæстæй ракаст. Æмæ цы бон загъта, уымæн, дам, йæ къуырийы бон гал аргæвста æмæ хъæубæстæн куывд скодта.

Фыдæлтæ дзырдтой, Саубарæджы кувæндонмæ хæстæг, дам, фос куы ныууадзай, уæд сын ма фыдгæнджытæй тæрс, ма бирæгътæй. Фосыл, дам-иу бирæгъ куы бамбæлд, уæд, дам-иу цавддурæй баззад. Сау бæрæджы дзуар – къæрныхты æмæ абырджыты бардуаг ирон мифологийы. Куыд дзурынц, афтæмæй Сау бæрæджы дзуар кæддæриддæр сау бæхыл æмæ сау дарæсы вæййы, давынмæ æмæ стигъынмæ цы фыдгæнджытæ фæцæуы, уыдон разæй.

21 Æртыццæджы Тербаты дзуар / Хохы дзуар

Ирыстоны кæмтты бирæ ис Хохы дзуары кувæндæттæ. Дзуары бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы сусæны мæйы æртыккаг хуыцаубонмæ. Кувæндонмæ аласынц æртæ чъирийы, арахъ, бæгæны, кусæрттаджы рахиз фарсы æртæ фæрскæй физонæг. Кувинæгтæ дзуары лæгмæ раттынц, æмæ сæ уый скувы, цæмæй бинонты, адæмы Хохы дзуары хорзæх уа, нæ фыдæлтæй нæм цы фарн, цы хорз æгъдæуттæ бæзад, уыдон ма фесæфой, хæхтæ æнусты дæргъы куыд фидар лæууынц, афтæ фидар лæууой адæм, цыфæнды зындзинæдты дæр макæд фæцудой, хор æмæ фосæфсæст уой.

Раджы дæр Хохы дзуары бæрæгбон хъæлдзæг уыд. Адæм зарыдысты, кафыдысты, лæппу-фæсивæд бæхтыл сæ арæхстдзинад æвдыстой. Бæрæгбон-иу ахаста цалдæр боны. Хохы дзуары бæрæгбон ныр дæр адæмæй рох нæу.

29 Цыппæрæмы Хуыцауы Дзуар

Хуыцауы Дзуар

Ирон адæм сæхи цы дзуæрттыл фæдзæхстой æмæ фæдзæхсынц, уыдонæн сæ кадджындæртæй иу у Хуыцауы дзуар. Хæхбæсты ахæм хъæу нæй, æмæ йæ номыл кувæндон кæм нæ ис. Иутæ бæрæгбон кодтой сусæны мæйы æртыккаг кæнæ цыппæрæм хуыцаубоны, иннæтæ та кæфты мæйы. Уæлдай тынгдæр ыл сæхи фæдзæхстой сылгоймæгтæ. Чындз-иу чи æрхаста, йæ хæдзары сывæллон кæмæн фæзынд, уыдон-иу Хуыцауы дзуары бæрæгбоны сæрмагондæй акодтой кусарт.

Хуыцауы дзуары номыл арæзтой хъæугуывд, æргæвстой гал. Адæм дзуары бынмæ цыдысты кувинæгтимæ. Фæсивæд-иу сарæзтой стыр хъазт, лæппутæ-иу бæхтыл хъазыдысты, алчидæр архайдта йæ арæхстдзинад равдисыныл. Хуыздæр-иу чи ахъазыд, дугъы-иу чи фæразæй, бæхыл бадынæй хуыздæр арæхстдзинад чи равдыстаид, уыдонæн лæвæрдтой кады нуазæн – бæгæныйы къус. Хуыцауы дзуары бæрæгбон уыцы лæппу йæ бæхыл стыр арæхстдзинад равдыста, зæгъгæ, уый стыр кад уыди.

Ныртæккæ дæр Ирыстоны бирæ рæтты ис Хуыцауы дзуары кувæндæттæ. Фæстаг рæстæг уæлдай хъуыстгонддæр у, Дзæуджыхъæуы сæрмæ цы кувæндон ис, уый. Hæ бæрæгбон æм алы аз дæр æрбацæуы бирæ адæм. Æмæ канд горæтæй нæ, фæлæ горæтмæ хæстæг хъæутæй дæр. Адæм вæййынц хъæлдзæг, фæзарынц, фæкафынц. Хуыцауы дзуары бæрæгбон ссис Дзæуджыхъæуы ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон.

31 Сабаты – Елиа, Æхсæвы

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz