Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Тхосдаты Елхан

Тхосдаты Дрисы фырт (Цæлыккаты хæрæфырт) райгуырди 1942 азы Турчы Хамамлыйы хъæуы. Йæ фыдыфыдыфыд Самбæг йæ цардæмбал Цæгæраты Фатимæ æмæ йæ дыууæ фыртмæ 1865 азы алыгъдис Туркмæ. Куыд дзыртта, афтæмæй уыдысты Куындыхаты Муссæйы къорды. Æвæццæгæн, Мамсыраты Темирболатимæ иумæ цыдысты.

Елхан астæуккаг скола æххæстæй кацт нæ фæци, сæ хъæуы æрмæст авдазыккон скола кæй уыдис, уый тыххæй. Бирæ азты дæргъы фæкодта æхсæнадон куыст. Ис ын дыууæ лæппуйы (Гурхан æмæ Тархан) æмæ чызг (Налан). Лæппутæ службæ кæнынц Турчы ’фсады. Сты афицæртæ.

Елхан ныртæккæ рацыд пенсиуы. Цæры Турчы горæт Бурсайы. Йæхæдæг куыд фыссы, афтæмæй “Ме ’рхъуыдытæй æппын чи нæ хицæн кæны, уыцы уарзон Кавказмæ, ме ’мтуг хорз адæммæ арæнты æмæ барзонд хæхты сæрты зæрдиаг хъарм саламттæ æрвитын.”

Æмдзæвгæтæ фыссын кæд райдыдта Елхан, уый бæрæг нæй. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй фыссы иронау дæр æмæ дыгуронау дæр.

фÆСAРÆНÆЙ ЦÆГАТМÆ

Нæ фыдæлты ныхасæй
Мах стæм ирон,
Уарзон Кавказы зæххыл
Цæгатирыстойнаг стæм.

Нæ дард фыдæлтæ — алантæ,
Сæ туг – нæ тугдадзинты.
Нæртон æмæ адæмон
Мыггагыл нымад стæм.

Нæ амонд нæ расайдта
Мадæлон цæрæн зæххæй.
Æцæгæлон бæстæйы
Фæсарæн фæцардыстæм…

Тæрхоны уынаффæ
Ирон уæвынæй хъал стæм,
Афтæмæй та нæ зонæм,
Ирон дæр кæй нал стæм!

Раст дзырдæн нымæхсæн нæй,
Нæхи сайынæй æндæр.
Комкоммæ бæрæг у уый,
Мах кæй ницыуал стæм!

Бандырма, 1989

МÆ ФЫДÆЛТЫ ЗÆXXÆH

Рагон сыджыт дæ ды – тыне рагон цæрæн,
Амонинаг дæ ды æппæт дунейæн.
Бæхы уæлæ дымгæ- зæхыл къæйдур дæ,
Хæхты, кæмтты уайгæдон – сæ сæрыл мигьтæ,

Гъе ахæм хъæбатыр `мæ хъаруджын дæ…
Базæронд дын нæй – бæрæг нæу дæ кар!
Куы атона, уæддæр не `ртасдзæн дæ сæр.
Бæрзонд хохы цæргæс – ды над æмбал у,

Хæхты, кæмтты уайгæдон – сæ сæрыл мигьтæ,
Гъе ахæм хъæбатыр `мæ хъаруджын дæ…
Бирæ зæрдæйæ уайы уыцы уарзты мыд,
Адджын дæ дары дæу йæхимхуызон,

Цæхæртæ калы надыл дæ бæхы цæфхад.
Хæхты, кæмтты уайгæдон – сæ сæрыл мигьтæ,
Гъе ахæм хъæбатыр `мæ хъаруджын дæ…
Дæ дуар æхгæд нæу – дæ зæрдæ хъал у,

Бæрæг у де `рхуыды – тынг раст у дæ барст,
Дæ дзыллæйы маст – дæ зæрдæйы рыст,
Хæхты, кæмтты уайгæдон – сæ сæрыл мигьтæ,
Гъе ахæм хъæбатыр `мæ хъаруджын дæ…

Дæ амонд Кавказы сфыхт, срæзыд,
Дæ тæрныхыл Хуыцауы рухс æрттивы, –
Кондджын æмæ тыхджын дыл фидауы.
Мигъæй дæр бæрзонддæр дæ размæуынæг сæр.
Хæхты, кæмтты уайгæдон — сæ сæрыл мигьтæ,
Гъе ахæм хъæбатыр `мæ хъаруджын дæ…

Бандырма, 2012

Yazarın Diğer Yazıları

Erdoğan Aydın: ‘Bu süreç, sadece Ethem Bey’in rolü ve tasfiyesi değil, aynı zamanda Çerkes toplumunun Milli Mücadele’deki çok ağır fedakârlıklarına rağmen, kendini ifade etmesi...

Şamil Eğitim ve Kültür Vakfı 5 Ocak’ta, tarihçi-yazar Erdoğan Aydın’ı konuk etti. Aydın bu buluşmada “Milli Mücadele’de Ethem Bey: Tarihsel İşlevi ve Tasfiyesi” başlıklı...

‘Mandalina Festivali’

Abhazya'nın ilk kış festivali “Mandalina” 3-8 Ocak tarihlerinde gerçekleştirildi. Hazırlıkları 10 aydan fazla süren renkli etkinliğin organizatörlüğünü “Atlas Sosyal ve Kültürel Projeler Merkezi” üstlendi. Gelenekselleşmesi...

Derneklerimiz – KAFFED – DÇB

Kafkas Dernekleri Federasyonu’nun (KAFFED) uzun yıllara dayalı çalışma sonucu kurulduğunu biliyoruz. 2022 Olağanüstü Genel Kurulu ile başlayan bir tartışma sürecinin içindeyiz. Dünya Çerkes Birliği (DÇB)...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img