ЦÆРГÆСЫ ЛÆЕППЫН
Иу чысыл цæргæс уыди
Денджызæй дард, тъæпæнтæй дард,
Хæхты сæрыл, айнæджы уæлæ.
Йæ фыд кæм райгуырд, кæнæ йæ фыдыфыд
Бацагурут-ма уымæн йæ хæдзар,
Гыццыл цæргæсы лæппынæн.
Йæ хæдзары цард,
Йæ мадæй æнæ хабарæй
Айнæджы сæрты тахти.
Айнæг уымæн – йæ бæстæ,
Уый та – айнæджы хъæбул.
Сæрибар уыд цæргæсы лæппын уым.
Тъæпæн зæхмæ куынæ `рхиза,
Денджыз куынæ фена, уæддæр
Йæ айнæджы сæрыл йæ сагъæсæй
Йæ цинимæ сæрибарæй цæры!
30.07.1978