Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Æртхъирæны Мæй-ы 21 Бон, Мадæлон Æвзаджы Бон

Адæмон сабырдзинадæн бындур æвæрын æвзæгты разыдзнадыл баст у.

Адæймагады истори æмæ культурон бынтæ фидæнмæ ахæссыны ахсджиагдæр элемент у æвзаг.

Рæстæджы цыдимæ æхсæнадтæ райдыдтой райсын сæхи æууæлтæ, цы æвзæгтыл дзырдтой, уыдоны бындурыл. Æвзæгты æнкъуст æмæ æмкуст уыдгоймæкты размæ тæры. Мадæлон æвзагæй скъуйынта уыдгоймаджы æнуд кæны.

Ивгъуд æнусы, хицау æвзæгтæ серуадзы цæрæг æвзæгтæн зын уавæртæ саггаг коттой æмæ цын паддзахадон æнувыд закъонтæ равдыстой. Дин æмæ политикон тых кæнынтæ, марынтæ, тæрынтæ райдайæн, æнæ кæрон карз æгъатыр æмæ фыдхæрындзинад сæвзæрыд. Карз централизм цы доминантон элементтыл бындуриуæг кæны, уыдонæй иу, æнæдызæрдыгæй, уыдис национпаддзахады концепци.

Уымæ гæсгæ, ЮНЕСКО 21-æм бон Æртхъирæны мæйы Мадæлон æвзæгты бонæн саггаг котта. Æмæ сæфыны тас кæмæн ис уыцы æвзæгты бахъахъхъæнын æппæт адæмæн стыр хæс у зæгæ Фæдзæхста.

Ахæм тыхгæнæг митæ 20-æм æнусы Туркмæдæр фæзынд æмæ фыццагдæр Курттæгтæ сæ мæгур хай айстой. Севзаг æмæ културæ къулымп æрцыд. Курттагау зарын, дзурыны бар фæндæгтæ сæхгæттой. Уыдонимæма бирæ æвзæгтæ. Курттаг æвзаги-мæма Турчы иннæ æвзæгтæ дæр сæ хай айстой. Ныртæккæ 18 æвзагæн сæфыны тас ис. Æртæ Æвзаг: Убых, Мылах-со æмæ Анатолийы Грекъаг æвзæгтæ дзурæг нал ис. Ирон æвзаг (Иронау æмæ йæ бынæттон диалект Дыгуронау), Черкесаг, Ныгуылæн Сомыхаг, Цигайнаг, Хæмсинаг, Мегрелаг, Понтусон Грекъаг, Абхазаг æмæ Сурæтты (Ассириаг) æбзæгтæ тæссонд бынатысты. Зазаты æвзæгтæдæр тæссонд бынат ахсынц æмæ сæфты уæлмæрттæм хæстæгысты.

Зæххы къорийыл цыдæриддæр æвзæгтæ ис, уыдон сты æппæт адæмты хæзна, æмæ дзы иу куы фæхъæуы, уæд уыцы хæзна фæкъахыр вæййы. æппæт æвзæгтæ иумæ сты иу егъау оркестры хуызæн, æмæ дзы иу куы фæхъæуы, уæд ын иу хъæлæс нал фæфаг кæны.

Адæмыхатты дзыхы амард йе ‘взаг — амард адæ-мыхатт дæр”. Мадæлон æвзагæн ис стыр ахадындзинад, у не стырдæр хæзна. Йæ бахъахъхъæнын, дарддæр æй рæзын кæнын у нæ иумæйаг хæс.

Мадæлон æвзаг у адæмы фарн æмæ æгъдау иу фæлтæрæй иннæмæ адæттыны сæйрагдæр фæрæз. æвза-джы хъысмæт у адæмы хъысмæт. Адæмы фидæн баст у æвзаджы фидæнимæ. Уый у йæ сæйраг æууæл. Уый йын куы нал уа, уæд нал ис йæхæдæг дæр.

Æвзæгтæн цард амонд саразын æмæ фидар паддзахадон закъонтæ сæвæрын хъæуы. Иу хатма зæгъæм сабырдзинад иунæг нæ фæлæ бирæ æвзæгтимæ фидауы.


Уадз, зæлæд ирон ныхас æнустæм зæххыл!


Адæмон сабырдзинад æвзæгты разыдзинад у. Нæ уынаффæ у:

1) Мадæлон æвзæкты ахуырад ацы хъуыддæкты алы рандæр дзурыны хæд-бардзинады законтæ саразын хъæуы.

2) Сæфыны тас кæмæн ис ахæм æвзæкты бахъахъхъæнын æмæ хъахъхъæнджыты фарсмæ лæууын хъæуы.

3) Паддзахаты мидæг цæрæн æвзæкты ахуырад университеты сæвæрыны фадат саразын хъæуы.

4) Дунеон паддзахæтты кьорды 2 Рухæн 1990 азы æвæрд æмæ 2 кæфты 1995 азы Турчы кьухæвæрд сывæллæтты хайады уынаффæйæн йе’ртæ зын къуылымпытæ сисын хьæуы.


2025-æм азы, Æртхъирæны Мæйы 21 бон.


Бацæттæ йæ кодта: Бады Муаммер æмæ Ацæты Уфук

Yazarın Diğer Yazıları

KAFDAV Yayınları’ndan yeni kitaplar

Kafkas Araştırma Kültür ve Dayanışma Vakfı (KAFDAV) Yayınları, beş yeni kitabı okurlarla buluşturdu. Bislan Salih Hurmi’nin kaleme aldığı “Yaşanmış Zamanlar 1965-1999” adlı kitap; yazarın anılarına...

6 ciltte Oset soyadlarının kökeni

Rusya Bilimler Akademisi, Kuzey Osetya Coğrafya ve Sosyoloji Enstitüsü Etnoloji Bölümü’nde başaraştırmacı olan İslam-Bek Marzoev, Oset soyadlarının kökenleri üzerine hazırladığı altı ciltlik araştırmasını tanıttı. Eserde...

Anılara yolculuk

Abaza yazar Oleg Etlukhov’un “Abhaz Şarabı” adlı romanından uyarlanan uzun metrajlı filmin çekimleri Abhazya’da başladı. Çekimlerin ilk günü, Oçamçıra bölgesindeki Gup Köyü’nde gerçekleşti. Film, anne...

Sosyal Medyalarımız

9,251BeğenenlerBeğen
2,745TakipçilerTakip Et
4,012TakipçilerTakip Et
677AboneAbone Ol

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img