Æмдзæвгæскæнæг (Поэт) Цъæхилты Асланбекы Фырт Йахйа-йы Цард æмæ Сфæлдыстад

0
1488

Ацæты Уфук Гюнес

Мах банысан кӕнӕм, нӕ æмдзæвгæскæнæг Цъæхилты Йахйа Алпайы, Йæ райгуырæн сæдæ азы юбилейы. Уый у, Ирон Æвзаджы Ахуыргæнæг, Турчы Цæрæг Ирон Адæмы Æхсæнады сайраг архайджытæй æмæ Турчы цӕрӕг Ирӕтты Æхсæнад Аланы 30 бындурвӕрджытӕй сӕ иу. 

Йахйа Алпайы фыдӕлтӕ уыдысты Ламардоны хъæуæй. алыгъдысты 1864 азы Турчы бæстæм. Иутæдзы ӕрцыдысты Сарыхъамысы, Бозаты хъæумæ. Йӕ фыд Асланбек уыди авд æфсымӕры ӕхсӕн кӕстӕр, йæ фыд Мустафа та, уыди молло. Йахйа райгуырди 1920 азы 17-æм Сусæны Мæйы, Сарыхъамысы, Бозаты хъæуы, зæхкусæджы хæдзары.
Йахйа бакасти Бозаты хъæуы æртæкъласон скъолайы, стæй та Хъарсы иуæндæсазон скъолайы. Скъолайы ахуыры фæстæ, 1941 азы йе’фсæддон хæс сæххæст скодта. Йæ æфсæддоны хæслæвæрды бæхæфсады афицер хуындадæй æххæст кодта ӕмӕ къуылымпы бæхты дугъы Туркы Чемпионат рамбылдта.
Куы фӕци ӕфсад уӕд Йахйа хьӕумæ нал ӕрцыди, Анкарамæ ӕрбацыди, ус ракуртта (Неджмийе хуйны), райгуырдысты сын æртæ сывӕллоны. Тынг æнцад ӕмӕ амондджын бинонты царды кодтой. Бафæзминаг фыд æмæ хæдзары хистæр уыди. 4
Уый фæстæ 30 азы дæргъы уыди паддзахадон куысты. Паддзахадон æрбынæттон уæвын æмæ зæххон къадастырæйы бирæ азты фæкуыста, республикæйы хъæуты æмæ сахарты. Пенсимӕ рахизыны фӕстӕ ирон ӕвзагы ӕмӕ ирон ӕгьдауы ахуыр райдыдта, Турчы цӕрӕг ирӕттӕй фыццагдæр уый уыди кирилл дамгьӕтӕ чи сахуыр кодта ӕмӕ æндæртæн дæр бацамыдта.
Цъæхилты Йахйа йæ фыццаг æмдзæвгæ ныффыста, пенсиисæгмæ рахизыны, 1976-æм азы:

Бауадзут-ма мæн дæр,
Фыссон уын æз дæр,
Пенсийы рацыдтæн,
Цы кусон æндæр?..

***
Æз куы амæлон, уæд мын
Ацы зарджытæ
Арвитæнт Кавказмæ
Уарзон хæлæрттæ.

Ацы рагафон æмдзæвгæ хуйны “мӕ райгуырæнхьæу” Йахйа ныффыста йæ райгуырæн хьæыуимæ: фыррæсугъд къухуавæримӕ:
Цъæхилты Йахйа Кавказæгты Æхсæнæдты федераци ӕмӕ Кавказаг Æхсæнады бындурвӕрджытӕй йу у. Нæ фыдыбæстæйы Ирон адæмимæ хорз ахастдзинæдтæйы сарæзты ногдзауты раздзог уыди. Стæй, Ирыстоны цæрæг нæ хо’тæ æмæ æфсымæртæ йын “ Диаспораимæ нæ хид” ном сæвæрдтой. Йæ ӕмдзӕвгӕты фыста йӕ райгуырӕн зӕххы, Кавказы историйы, ирон ӕгьдæуты.

МАХ ДÆР УЫДЫСТÆМ

Мах дæр уыдыстæм
Кавказаг,
Мадæй, фыдæй, фыдыфыдæй
Мах дæр уыдыстæм
Кавказаг,
Æгъдауæй, кондæй,
Уындæй.
Мах дæр уыдыстæм
Ирон,
Цухъхъайæ, бæрцæй,
Хæдонæй.
Цухъхъа нал дарæм,
Куырæт дæр,
Фæцух стæм
Не ’взагæй дæр.
Цы ма ис амæй
Риссагдæр?..
Уæддæр
Нæма æрцыди
Нæ уарзондзинады
Кæрон…

…æмæ, нæ ирондзинад, нæ фыдæлты фарн бæрзонд хастой, Чи фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гурын кæны уыдон.

ИРОН ЛÆГ

Зынаргъ уæнт
Мæ мæрддзæгтæ зынаргъ,
Уымæн æмæ
Ирон лæг дæн…
Æмæ мын, хъуамæ,
Мæ Мардæн
Сымах скæнат
’Стыр кад…
Уымæн æмæ:
Мæ цæрæнбон
Æз æрвыстон
Ирон лæгæй…
Уымæн æмæ
Сымах номæй
Æз фæхортдтон
Æзухæй ард…

ХИКУЫ МÆМ ФÆКАСТИ

Æнад,
Баууæнд!..

Мæ Ирондзинад…

Бонæй – бонмæ мыл

Тыхджындæр

Фæкæны

Йæ уарзондзинад…

Хæххон адæмты Туркмæ читæ æрцыдысты йæ райгуырæн бæстæй чи фæхауæггаг, уыдoнимæ уыди фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболат. Йахйа, фыццаг Турчы райгуырд Ирон æвдзаджы поэт уыди, фыццаг Иронау мыхуыргонд чиныг кæй кирилей рацыд Алпайы прозаикон æмæ поэтикон чиныг «Ма Ферох Кӕн!» рацыдис 1989-æм азы Дзæуджыхъæумæ. Йахйахæн æндæр æмдзæвгæтæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1995 азы Дзæуджыхъæуы. Ацы фыццаг чиныгмæ æртæ таурæгъгон / аргъауон цыбыр мидис радзырдттæ скодта:
Таурæгъ:
Дысон нæ хæдзары балконы бадтæн иунæгæй. Мæ сæр æнахуыр хъуыдыты ацыд.
Скастæн уæларвмæ, уæларв ранæй-ран – мигъджын; уалынмæ уæларвæй иу стъалы ратахт, йæ фæдыл рухс фæд ныууагъта, афтæмæй æрхауд зæхмæ.
Стъалыйы ратахт мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта мæ сывæллоны бонтæ.
Сывæллонæй-иу мах, æртындæс æмгары, нæ ирон хъæу Бозаты нæ рæстæг æрвыстам иумæ. Бон уа, æхсæв уа, хъазыдыстæм æмбырдæй æнæхъуагæй.
Хъазыдыстæм-иу боныгон хъулæй, лæгамонæй, сæлбæхъхъуройæ, гудтæлайæ; æхсæв та æмбæхсджытæй нæ хъæуы тыгъд быдырты æмæ хосдæтты хъæлдзæгæй.
Иуахæм та быдыры хъазыдыстæм æмæ хъазтфæлладæй не ‘ппæтдæр уæлгоммæ ахаудыстæм цъæх кæрдæгыл. Уыцы рæстæджы уæларвмæ кæсгæйæ не ‘хсæны иу ахæм хъуды фæзынди: «Æртындæс æмгары стæм, æмæ стъалыты æрттивагдæртæй равзарæм æртындæс стъалыйы æмæ сыл сæвæрæм не ‘мгæртты нæмттæ». Алчидæр равзæрста йæхицæн иу стъалы æмæ сыл сæвæрдтам нæмттæ. Хæрзбæрæг сæ скодтам, куыд никуыд сæ ферох кæнæм, афтæ. Абоны хуызæн ма нæ зæрдыл лæууынц, кæцы стъалыйыл нæ кæцыйы ном æвæрд æрцыд, уый.
Стъалыйы ратахты фæстæ мæ цæст ахастон уæларвыл, рацагуырдтон, кæй кой кæнын,уыцы æртындæс стъалыйы; стыр дисы бацыдтæн мæхинымæр, уымæн æмæ уыцы стъалытæй æртæ нал зыны, нал сты сæ бынæтты.
Уæдæ мæм кæд мигъы бынæй нæ зынынц, зæгъгæ, ахъуыды кодтон, æмæ арвыл иу мур дæр мигъ куыд нæ уа, ахæм мæйдар æхсæвмæ банхъæлмæ кастæн.
Æрцыд, скодта ахæм æхсæв. Кæсын та нæ балкъонæй уæларвмæ, æмæ ацыхатт стырдæр дисы бацыдтæн: уымæн æмæ фыццаг æхсæв дæр нæ фæрæдыдтæн. Æцæгдæр нал сты сæбынæтты. Сæ бынæттæ лæууынц афтидæй.
Уыдон уыдысты сæ дунейæ чи ахицæн, уыцы зынаргъ æртæ æмгары Хосонты Халит, Фидараты Дæулæт æмæ Таутиаты Солæманны æмном стъалытæ.
«Уæларвы стъалытæй фылдæр цы ис?» зæгъдзыстут, фæлæ ма дзы зыны мах æвзæрст æмном стъалытæй æрмæстдæр дæс стъалыйы.
Кæсын, æмæ уыдон дæр нал сты сæ зæххон æмнæмтты хуызæн фыццагау хъæлдзæг. Сты уыдон дæр сæ зæххон æмнæмттау æнкъард.
Ау! Æнкъард куыд нæ уой?.. ахæм сахъгуырд æмæ зынаргъ æмгæрттæй чи фæхицæн æнустæм, уыцы æмгæрттæ ма куыд уой хъæлдзæг?.. Куыд ма сæ бандава сæ уалдзыгон хур, куыд ма схъæлдзæг уой сæ ‘нкъардзæрдæтæ?.. Рухсаг фæут, мæ зæххон æмæ мæ уæларвон æмгæрттæ, зæгъгæ, мæхинымæр куыд дзырдтон, афтæ мæм æрдзырдта уæларвон æмном сталыты хистæр:

«Æртындæс нал стæм,
Æртæ фæхъуаг;
Дæсæй ма цæрдзыстæм
Нæхи фæндиаг…».

***
«Æмгæртты фæцухæй
Нæй стырдæр рис;
Уыдон нæ рох кæнын
Нымайдзыстæм хæс…»

***
«Фæуæнт уыдон рухсаг,
Сæ бадæн дзæнæт;
Махæн дæр нæ фæстаг
Фæндаг у мæлæт…»

***
«Зæххон ном хæсджыстæм,
Цалынмæ цæрæм;
Цалынмæ уæларвæй.
Зæхмæ згъæлæм…»

***
«Уалынмæ фехъал дæн
Мæ тар хуыссæгæй,
Лæдæрсти мæ цæссыг
Базмæ тызмæгæй…»
13.08.1989 Анкара

Турчы цæрæг Ирон адæмы æвзаг дзыхæйдзургæ у. Сæ Ирон æвдзаг литературон æазаг нæу, æрмæст диалектон æвзаг у. Фысын нæ зыдтой, æрмæст дзургæ кодтой. Уымæ гæсгæ Турчы Диаспорайы Ирон Æвдзаг баззад 19-æм æнусы хуымæтæг форммæ гæсгæ. Уæддæр, Туркаг дзырдттæ æмæ дзырдбæстытæ хаудта Турчы Диаспорайы Ирон Æвдзаджы мидæмæ.
Цъæхилты Йахйа Ирон литературийы хæдахуыр фæкодта ӕмӕ Туркаг æвзагмæ Ирон литературоны бирæ аивадон тæлмац скодта. Йахйа йæ цæрæнбонты стыр архайд скодта: Нарты кадджытыл ӕмӕ ирон литературайыл. Ирон ӕвзагыл ныффыста ӕмдзӕвгӕтæ дыууæ чингуытæ, кӕдон дӕр ирон ӕхсӕнӕды зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты. Нæ куырыхон ӕмӕ Курдиатджын æмдзæвгæскæнæг Йахйайы лирикон сфæлдыстады ныхасы хицæн æууæлтæ уыди хуымæтæг фæлæ разамындджын.
Турчы цæрæг Ирæттæй Йахйа у, Ирон æвзагджы ахуырады курдиатджын бындyрæвæрæг, нæ Ирон литературæйы рyхсдæттæг иртасæг, нæ фæлтæры зынгæ хъомылгæнæг æмæ куырыхон зондамонæг. Кадджын ӕмӕ уӕздан хистӕр уыди, Ирон æвзагджы амонӕг. Турчы цæрæг Ирон адæмы зæрдæты цæры йæ рухс ном æмæ йæ фæрнджын хъуыддæгтæ. Нæ зынаргь хистæр Йахйа, Стыр бузныг дын зæгъæм æмæ дын арфæ кæнæм дæ бирæ къабазджын фæллæйтты тыххæй.
Ирон адæмы зындгонд хъæбул, нæ рагон культурæ хæссæг Йахйа фӕзиан 2004 азы 24-æм Сусæны Мæйы.
Рухсаг уӕд.

Æрвитæн: Зæрдиагæй бузныг зæгъын мæ баахъазгæнджытæ: Цъæхилты Йахйа Чызг Дзюхал Баран-Алпай, Пухаты Залихан Кусхан, Хоситы Бурхан Джанполат, æмæ Кубаты Айтек Кобат-eн. Кæройнаг, фæлæ нæ иуылкъаддæр: Мæ мад Агуыдзаты Алмасен.

***

АСЕТЫ ХАЛИС

Асеты Халис Алантæн сæ хистæр,
Нæ ирон адæмæн фæндаг амонæг,
Кадимæ уагимæ йæ цард арвыста,
Æгъдау кæнын уымæн йæ кондæй цыди.

Йæ айыв ныхæстæй уынын райдыттам,
Нæ аландзинадæй æппæлыны йас.
Ногæй бауарстам, Ирон ныхасы,
Йе’руаджы нæ аргъы фылдæр бамбæрстам.

Куыддæр иу фæзынди æрттивгæ кодта,
Æнæхъæн дзыллæйæн иæ рухс стъалы.
Йæ фарсмæ æрлæууын ‘стыр иу хъару,
Æнхъæл нæуыдыстæм налуыдзæн зæгъгæ.

Нæртон фынгыл хистæрæй бадгæйæ
Арфæ кæнынмæ дæсны адæймаг.
Йæ уагыл йæ хъæдыл куы иу ‘сдзыртта,
Уый фæстæ иу ныхас æнцон нал уыди.

Æмбырдты йæ хъуаг иудадзыг бæрæг,
Ныр фæзындзæн зæгъгæ цæстæй агуры,
Хистæрæй бадгæйæ
куынуалæй фæнæм
Йæ хъуагдзинадын тынгдæр бамбарæм.

Зноны хуызæн не’хсæны куы царди,
Мæлæтджын дунейæ уыйдæр ауади.
Зæрдæйы мидæг йæ бынат афтид,
Дзæнæты фæбада Асеты Халис.

Хосонты Ремдзи Öгьюн
23.11.2018

Нæ зынаргъ куырыхон хистæр Асеты Халис (1925-08.07.2015)
Турчы æфсады фæкуыста, булкъонæй пенсимæ бацыд.
Æхсæнад Аланæн йæ бындур æвæрджытæй æмæ фыццаг сæргълæууæг у.

***

ДУР

Уӕдӕ мӕ хур, уӕдӕ мӕ хур.
Ничиуал баззади мӕ цур.
Алкӕмӕндӕн хӕрзийог гур.
Ничиуал баззади мӕ цур.

Дур, дур.
Дур фесдæнд дур.
Ӕнӕ ӕнцой уыд,
Дур фесдӕнд дур.
Ӕнӕ ӕнхъӕлон зӕрдӕ.
Дур фесдӕнд дур.

Рацу мӕ хур, рацу мӕ хур.
Рацу мӕ мӕм байхъус мӕ хур.
Хох дӕм зындыд фыдӕлты гур.
Алуард фӕци, баззад хъӕдур.
Хох дӕм зындыд, хисдӕрты гур.
Алуард фӕци, баззад хъӕдур.

Дур, дур.
Дур фесдӕнд дур.
Ӕнӕ ӕнцой уыд,
Дур фесдӕнд дур.
Ӕнӕ ӕнхъӕлон зӕрдӕ.
Дур фесдӕнд дур.

Дӕ бӕсте дӕ къабӕсте дард.
Цӕмӕн хъом у ахӕм йу цард.
Дӕ адджынте, кадджынте дард.
Цӕмӕн хъом у ахӕм йу цард.

Дард, дард.
Æнхъæлмæйæм кӕсын,
Мӕлӕтмӕм у дард.
Æнхъæлмæйæм кӕсын,
Мӕлӕтмӕм у дард. Дард.

Къусаты Мевлют Индже

***

РАЦУ

ДАРД’МӔМ МА ЛӔУ.
ХӔСДӔГ’МӔМ РАЦУ.
АФОН МА ХЪАХЪÆН
КӔТТӔРИТДӔР ӔРБАЦУ.

КӔМЕН ӔМБАЛ ДӔ,
КӔМӔН ТА ӔРТХОРД.
ӔЗ ТА ДЫН ӔРВАД.
ХӔСДӔГ МӔМ РАЦУ.

ӔМБАЛ ДӔ ФЕНДИАГ,
ӔРДХОРД ДӔ ЗӔРДИАГ.
ЦЫ ФӔНДЫ ДӔ МЫГГАГ.
ХӔСДӔГ МӔМ РАЦУ.

ДӔ ХЪУЫН’ВӔРД БӔРӔГ,
ДӔ КОНДДӔР АФДӔ.
БӔГУЫДӔР ИРОН ДӔ.
ХӔСДӔГ МӔМ РАЦУ.

Къусаты Мевлют Индже

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz