Ирон Адæмы бæрæгбæттæ, Кæфты Мæй

0
1467

Ацæты Уфук Гюнес

Мигъдау
Ирæттæ, уæлдайдæр та Уæлладжыргомы цæрæг ирæттæ кæмæн табу кодтой, ахæм дзуар. Мигъдæу у æрвон дæтты «хицау». Тæрккъæвдатæ-иу куынæуал æнцадысты кæнæ-иу хус рæстæг куы скодта, уæд-иу Мигъдæумæ куывтой. Хорæрзадыл аудæг дзуæрттæн-иу цы куывдтæ кодтой, уым-иу Мигъдæуы номыл æнæмæнг уыдис сæрмагонд сидт.
Мигъты бардуаг. Галæгон æмæ Уахъæзы æмцæдисон. Бады, дам, рæгътыл æмæ фасæгау дауы мигътæ. Хуымты хъахъхъæны тыхуарынтæй, хурфæлтæртæй, цъититæй ныллæджытæм хæссы сыгъдæг сатæг уæлдæф. Мигъдау кувæндон ис Мамысонгомы Лисрийы хъæуы кæрон.

Быдыры 3Æд
Йæ бадæн ис быдыры Куырыппы бæрзондыл. Кадæг «Ацæмæз æмæ Агуындæ рæсугъд»-ы Нарты Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз сæумæрайсом йæ бæх арыхъ сапонæй ныхсадта. Хур куы скасти, уæд рараст сты Нарты сагсур фæсивæд æмæ Нарты гуыппырсартæ Сау хохы Сайнæг æлдармæ Агуындæйы хæссынмæ. Нарты фæйнæгфарс хорз Сослан, йæ нæртон æфсургъ-ыл бадгæйæ, цыдис Ацæмæзы рахизфарс хистæрæн. Сæ чындзхæсджытыл сæ фæндаг ракодтой. Уыдонæй иу уыд Быдыры зæд æмæ йæм ссыдысты Куырыппы бæрзондмæ. Уый фæстæ Агуындæйы хæсгæйæ та сын Быдыры зæд уыд тырысахæссæг. Быдыры зæдмæ куывтой быдырдзаутæ, сæхи йыл фæдзæхстой, сæ хуымты бæркадыл сын куыд аудыдтаид, уый дзы куырдтой.

Ичъынайы Бæрæгбон
Ичъынайы бæрæгбон кодтой рухæны мæйы астæу, къуырисæры кæнæ цыппæрæмы, хаттæй-хатт-иу хуыцаубонмæ дæр æрцыд (кæс Ичъына) Бæрæгбон уæлдай кадджындæр уыд Дыгургомы. Дард бæстæйæ, зæгъынц, æрбатахт Ичъына, йæхи æруагъта Дунты фæзы. Æмæ уæдæй фæстæмæ фæз хонын райдыдтой Дзуаристон. Фæлæ, зæгъы, цæмæндæр уыцы фæз йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ атахт æндæр ранмæ – Сонгуыты коммæ, уым æрсабыр, уым æрбынæттон. Æмæ йын адæм уым сарæзтой кувæндон, уым ын-иу скодтой хъæугуывд.
Ичъынайы бæрæгбон баст у фосдарыны, фосыкуыстимæ. Адæм сæ фос сæрдыгон хизæнтæй æртардтой хъæумæ, ныр зымæг-зымæджы дæргъы уыдзысты сæхимæ. Æмæ куывтой Ичъынамæ, цæмæй сæ фос фылдæрæй- фылдæр кæной, æнæфыдбылыз уой, цины хъуыддæгты бахъæуой.
Ног чындз кæмæ уыд, кæнæ- иу лæппу кæмæн райгуырд æмæ йæ рæстæгыл хъæуы иумæйаг куывдмæ хуын бахæссын кæмæн нæ бантыст, уыдон-иу Ичъынайы бæрæгбон куывдмæ бахастой хуын, æмæ-иу сын уым скуывтой, Хуыцау æмæ иу сæ Йе сконд зæдтыл бафæдзæхстой.
—Ичъына – фосдарыны циклы æрвылазон бæрæгбон, раздæр æй кодтой сентябрь-октябры. Ичъына нысан кодта, фос сæрдыгон сæрвæттæй хъæутæм скъæрд кæй фесты. Йæ боны бæрæг фæткмæ гæсгæ æргæвстой лыстæг фос æмæ-иу скодтой хъæугуывд. Ног чындз-иу цы бинонтæ æрхастой кæнæ-иу фыццаг лæппу цы хæдзары райгуырд, уыдон-иу кæд раздæр æндæр хъæугуывдтæм сæ хъалон нæ бахастой, уæд-иу æй хъуамæ æрбахастаиккой Ичъынайы куывдмæ.

Устыты Куывд
Æрвылазы бæрæгбон, кодтой йæ хæхбæсты сылгоймаджы цотгæнæн хъомысы бардуаг Хуыцауы дзуары номыл. Хъæубæсты сылгоймæнгтæн у иумæйаг бæрæгбон. Бæрæг æй кодтой октябры кæрон Хуыцауы дзуары кувæндоны раз. Хуыцауы дзуары кувæндон, стæмæй фæстæмæ, уыдис алы хъæуы фарсмæ дæр. Куывды райдианы хистæр устытæ куывтой ирон зæдтæ æмæ дауджытæм. Уыцы табуты æмæ куывдтыты хицæн миниуæг уыдис уый, æмæ сылгоймæгтæ дзуæрттæ æмæ дауджытæн — Аларды, Бынаты хицау æмæ Хуыцауы дзуарæй фæстæмæ се цæг нæмттæ нæ дзырдтой, фæлæ сæ хуыдтой, сæхæдæг сын кæй радтой, уыцы нæмттæй, уымæн æмæ æгъдæуттæм гæсгæ сылгоймагæн дзуары йæ номæй хонын нæ фæтчыд.

Сагæйтты Æхсæв
Адæм-иу сæ фæззыгон куыстытæ куы фесты, уæд-иу сæ кусæнгæрзтæм, иннæ аз райсынæввонг цæттæ куыд уой, афтæ базылдысты æмæ-иу сæ бæрæг-бæлвырд ран сæвæрдтой. Сагæйтты æхсæв дыгурмæ хуыдтой Æхсырфæфтауæн. Фæстагмæ-иу цы хор æркарстой, уый æфсиртæй-иу æхсырфыл стыхтой æмæ-иу æй зынгæ ран сауыгътой. Уалдзæджы-иу æхсырф куы райстой, уæд-иу хистæр скуывта, сæ кусæнгæрзтæй æнæниз, æнæфыдбылызæй куыд фæллой кæной, сæ хор чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæн куыд хъæуа.
Сагæйтты æхсæв бинонтæ бæрæг кодтой сæхæдæг. Аргæвстой-иу карк, фынгыл-иу æрæвæрдтой æртæ чъирийы, нозт. Хæдзары хицау-иу скуывта, цæмæй сæ кусæнгæрзтæ фидар уой, ма сæттой, ма къуымых кæной, æнæнизæй сæ архайой.
Сагæйтты æхсæв нымад уыд мæрдты бæрæгбоныл дæр. Адæммæ афтæ каст: уæлæуыл цыдæриддæр цæуы, уый цæуы мæрдты бæсты дæр: мæрдтæ дæр фесты сæ фæззыгон куыстытæ æмæ хъуамæ уалдзæгмæ бафснайой сæ кусæнгæрзтæ. Хæдзармæ цы хор, цы тыллæг, цы бæркад æрбафтыд, уыдонæй мæрдтæн дæр хай ис, æмæ-иу сын скодтой фынджыдзаг. Хистæр-иу, фынгыл цыдæриддæр уыд, уыдон ныххæлар кодта, нæ цуры куыд сты, сымах цур дæр афтæ фестæнт, сæрд уын ма ‘мбийæнт, зымæг ма сæлæнт, зæгъгæ. Сагæйтты æхсæв кодтой цыппæрæмы кæнæ сабаты, мæрдты кæндтытæ куыд кæнынц, афтæ.
Сагæйтты æхсæв (ир.), æхсирф æфтауæн (диг.) – бæрæгбон мæрдты номыл. Раздæр-иу æй кодтой хуымгæрдæнты куыстыты фæуды фæдыл. Сагæйтты æхсæв ирон аграрон бæрæгбæтты æхсæн кæй ис, уый дзурæг у ууыл, æмæ ирон адæмы уырныдта, мæрдты бæстæ æцæг кæй ис, æмæ дзы сæ мæрдтæ архайынц, уыдон уæлæуыл куыд æрхайынц, афтæ. Сагæйтты æхсæв уыдис бинонты бæрæгбон, æххæст кæнын дзы хъуыдис иу къорд фæткон æмæ ритуалон архайды, цæмæй цы фæллой бафснайдтой, уый æнæнизæй, æмæмастæй куыд хæрой, чындзæхсæвтæн, куывдтæн æмæ æндæр цины хъуыддæгтæн куыд бахъæуа.

Тæтæртуппы Бæрæгбон
Раздæр Тæтæртуппы бæрæгбон уыд сæрды, ахаста-иу дыууæ-æртæ боны. Фæстæдæр бæрæгбон кæнын райдыдтой кæфты мæйы, фæззыгон куыстытæ куы фæвæййынц, адæм сæ хор, сæ тыллæг куы бафснайынц, уæд (кæс ТÆТÆРТУПП, Тæтæртуппы дзуар).
Тæтæртупмæ куывтой, Уацилламæ куыд куывтой, афтæ. Уый уыд хоры, бæркады, адæмæн фарнхæссæг бардуаг. Куыдфæстæмæ йын йæ ном бæттын байдыдтой Уастырджиимæ. Æмæ ныр Ирыстонæй бæлццæттæ куы фæцæуынц, уæд бирæтæ скувынц: «О Тæтæртуппы Уастырджи, фæндараст нæ фæкæн! Hæ Райгуырæн зæххæй цæуæм, æмæ йыл фæстæмæ æнæниз, сæрæгас, æнæфыдбылызæй куыд сæмбæлæм, уыцы хорзæх нын ракæн!»
Тæтæртуппы кувæндон æрæнцад Елхотмæ хæстæг, Тæтæртуппы хохыл. Раздæр ардæм цыдысты ирæттæ æмæ кæсгæттæ. Ам-иу уынаффæ кодтой сæ иумæйаг хъуыддæгтыл, лыг кодтой, дыууæтæн дæр ахсджиаг чи уыди, ахæм фарстатæ. Уый уыд, дыууæ адæмыхатты минæвæрттæ кæрæдзиуыл кæм æууæндыдысты, ахæм бынат.
Бæрæгбон-иу акусарт кодтой гал, сфыхтой-иу бæгæны æмæ иу Тæтæртуппы дзуарæй куырдтой, цæмæй сын хорз хорæрзад йæ цæст бауарза, сæ гонтæ хорæй се дзаг куыд уой, сæ бæлццæттæ амондджын фæндæгтыл куыд цæуой. Кувæндон стыр бынат ахста адæмы царды. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæм кувын райдыдтой стдæсæм æнусæй фæстæмæ.

Тæтæртупп
Зæд, йæ бадæн бынат Æрджынарæджы. Ацæмæзæн Агуындæйы хæссынмæ куы бацыдысты, уæд Нартæ æмæ зæдтæ – чындзхæсджытæ сæ фæндаг Æрджынарæгыл ракодта æмæ йæ Елиа хоны: «Нæ къорды хистæр, Хуыцауы уарзон». Тæтæртупп у урссæр зæд.

Хорысæры Куывд
Уалдзæг-уалдзæджы, сæрд-сæрддæргъы, фæззæг-фæззæджы дæргъы-иу адам фыдæбон кодтой, цæмæй фæззæг хорз тыллæг райсой. Æххуысагур куывтой Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Уацилламæ, иннæ зæдтæм.
Æмæ мæнæ фæзынд ног хор. Адæмæн сæ бирæ тухæнтæ нæ фæдзæгъæл сты –ног хоры сæрæй хъуамæ скæной æртæ чъирийы, сæхи бафæдзæхсой Хуыцау æмæ Йе сконд Дауджытыл, цæмæй сæ ног хор чындзæхсæвты, цинты хардз кæной. Цалынмæ-иу ног хорæй куывд скодтой, уæдмæ йæ хор, йæ тыллæгмæ ничи æвнæлдта, нæ йæ æфснайдта.
Хорысæры куывдæн хъæуæн уыд сæрмагонд зæхх, æмæ йæм зылд куывды лæг. Бахуым-иу æй кодта, хор-иу дзы байтыдта, бакуыста-иу æй. Цы хор-иу дзы æрзад, уымæй-иу Фидæн азæн мыггаг ныууагътой, иннæ-иу куывдыл схардз кодтой. Бæрæгбоны æргæвстой гал.
Кувæг адæм фылдæр куывтой Уацилламæ, сæхи йыл фæдзæхстой, табу йæм кодтой. Æгайтма сын хорз тыллæг бауарзта йæ цæст, æмæ йын сæ ног хоры сæрæй йæ ном арынц, табу йын кæнынц, йæ хорзæх сæ уæд. Хортæ-иу хорз куы нæ рзадысты, уæд дæр арæзтой Хорысæры куывд. Куывтой Уацилламæ, лæгъстæ йын кодтой, цæмæй сыл иннæ аз хъæздыгдæрæй æрцæуа, хъæздыг тыллæг сын йæ цæст бауарза.
Хорысæры куывды фæстæ-иу райдыдтой фæззыгон куыстытæ. Хъæубæстæ-иу равзæрстой, Хуыцауы уарзон адæймаг кæй фæхонынц, ахæмы, раст, сыгъдæг лæджы. Уыцы æвзæрст лæджы разæй йе ‘хсырф, йæ цæвæг ничи райстаид йæ къухмæ. Уæдæ-иу цы бон снысан кодтой, уымæй раздæр хор кæрдынмæ дæр ничи цыди.
Хорысæры куывд дæр бирæ æндæр бæрæгбæтты хуызæн æвдисы ирон адæмы цард, хорæн цы стыр кад кодтой, цы цæст æм дардтой, уый.

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz