ИРОН

0
1216

Æз дæн Ирон,
Æз дæн Дигорон,
Æз дæн къуыдар
Дæргъæвсаг Хосийы цот
Аланты фæдон.

Æцæгæлон бæсты цард
Ныхы фыст,стыр бæллæх.
У мæ намыс, хæрын стыр ард
У мæ хæс, хъахъхъæнын фыдæлты кад !

Ныфс мын у, мадæлон æвзаг, Ирыстон.
Сагъд лæууынц мæ риуы фыдæлты мæсгуытæ,
Бæркадджын Сатана, буц хистæр Уырызмæг нæртон.

Кæфты Мæй, 2011
Хоситы Бурхан

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz