СИДЗÆР ЧЫЗЗЫТÆ ÆМÆ УÆЙЫГ

0
1252

РАДЖЫМА РАДЖЫМАДАМ

Æртæ сидзæр хо уыдис
Изæр афон сæ хæдзары бадгæйæдамцын уæйыг сæ рудзынг æрбахоста æмæцæм дзуыры. Æхсæвуæм æрбацæудзынæн æмæмын кæд мæ дзырдмæ дзырд ‘ссарат уæд хорз, кæннæ уæдæуæ бахæрдзынæн.
Чыззытæдам кæрæдзийы мидæг ауадысты Æмæ фыртасæй кæуын байдыттой.
Уалыммæ уастырджи хæстæджыты фæцæй цыд æмæцын сæ кæуыны хъæр фехъуыста æмæцæм баздæхт. Фæрсыцæ… Цы кæнуыт цæмæн кæуут..?
Чыззытæ хабæрттæ радзырдтой.. афтæ æмæ афтæ.. Yæйыгнæ хæрынмæ хъавы.
Уастырджи азгъортта æмæ сæ сыхаг бæмбæг хъуысмæ бауад æмæ йын бамбарын котта. Æххуысдзы бацагуыртта. Бæмбæг куысын мæнмæ уазджытæ ис зæгæ нæ бакуымтта. Уастырджи амæcты.. уæ бæмбæг куыс уæдæ дæ хъуысты бæмбæгытæ къах æмæ бад.
Уырдыгæй иннæ cыхаг къæлуа хъуысмæ бауад, аххуыснын кæн. Сидзæртæ æмбисонд кæнынц. Уийдæр куыстмын ис зæгæ нæ бакуымтта. Уæ къæлуа хъуыс уæдæ дæ хъуысты къæлуатæ къах æмæ бад.
Куынæйын бакуымттой сæ сыхæктæ уæд уастырджи ацыд æмæ чыззыты хæдзары тохнайы ныббырыд.
Уалыммæ уæйыг æрсым бырсым кæнгæ æрбацыд æмæ чыззытæм дзуыры
Уæ йу йу
Уастырджийæм тохнайæ дзуыры.
Йуынæг хуыцауæй ‘стырдæр нæй..
Дуыууæ дуыууæ
МÆ дуыууæ цæстæй цы нæ феттон ахæм нæй
Æртæ æртæ
Æртæ дигъон фат дæларвмæдæр хауы, уæларвмæдæр.
Цыббар цыббар
Цыббар цалхон уæрдон хохыдæр Тулы, быдырыдæр.
Фондз фондз
Мæ фондз зæмпæй хæcт кæуыл фæуон уый куыд уыдзæн куыд.
Æхсæз æхсæз
Æхсæз сæдæ фысы йæ дуармæ кæмæн ис уий йæхи мæгуыр куыд хоны
Авд абд
Авд уагъдон уыс дæ дуармæдæр марбалæууæд, мæ дуармæдæр.
Аст Аст
Æсдæм хат ацыран нæ уыттæн
Кæм уыттæ?
Фуырды сæрты лиурттон
Æмæ дæ бæх цы уыдис..?
Дзынга
Дæ йæхста цы уыдис,?
Залиаг калым
Æмæ фуырд, куыд фуырд уыди,?
Куыд фуырд уыди куыд..! Йæ иу кæронæй иннæ кæронмæ уари тæхын нæ бафæрæста æмæ цæ асдæумæ ныххауди
Æмæ кæд лæббын уари уыд,!
Лæббын уари
куыд уыди
Æнæхъæн хъæуыл уарæн уаргæйæ йæ базыртæ байгом кодта æмæ хъæумæ уарыны æртах неруахта.
Æмæ кæд цысыл хъæу уыди
Цысыл хъæу куыд уыди..йæ иу кæронæй хæрæг куы ныууасы уæд иннæ кæронмæ нæ хъуысыд.
Æмæ кæд лæббын хæрæг уыди,!
Лæббын хæрæг куыд уыди..! Йеггойы цæххы голлаг афтæмæй йæ фæстаг къæхтæй тæрхъус рацахста
Æмæ кæд лæббын тæрхъуыс уыди.!
Лæббын тæрхъуыс куыд уыди..! Иу лæгæн йæ цармæй хуыд Æмæ кæрц рацыди..
Æмæ кæд къуырма лæг уыди..!
Къуырма лæг куыд уыди.. дæ лимонтæмдын хъуысæг куы цыди….
Уæйыгма цы зæгъа уый нал базыдта æмæ хъæды къодах фестадис Чыззытæ райсомыл рауадысты æмæйæ ныссæндæг коттой.

АФОММÆДÆРМА ХÆРЫНЦ ÆМÆ ЦÆРЫНЦ

Муаммэр ТЭКИН (БАД’ТЫ)

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz