Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ Майрæмты Мæй – Сухи Мæйæ

0
894
1, Хуыцаубоны, Атынæг

Атынæг йæ рæстæджы уыд ирон адæмы уарзондæр æмæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Уæвгæ, абон дæр рох нæу, кæнынц æй бирæ рæтты (кæс Атынæг).

Бæрæгбонæн ис сæрмагонд нысаниуæг: Атынæджы куывды фæстæ адæмæн сæ бон уыд хос кæрдын, уый размæ йæ цæвæгмæ ничи æвнæлдта, Хуыцау, Атынæг æмæ иннæ зæдтæм нæма скуывтам, æмæ нæм куы фæхæрам уой, сæ зæрдæ ныл куы фæхуда, дæргъвæтин къæвдатæ куы рауадзой, кæнæ хус рæстæджытæ куы скæна æмæ быдыртæ куы фесæфой, нæ сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ куы басудзой, фæззæджы хорз бæркад райсын æнхъæлæй фыдæнхъæл куы фæуæм, зæгъгæ.

Уыди ахæмтæ, æмæ-иу Атынæджы бæрæгбонмæ чи нæ фæлæууыд, хос кæрдын-иу раздæр чи райдыдтæ Æмæ-иу æвзæр рæстæг куы хаста, уæд æй кодтой уыдон аххос. Хастой сын карз тæрхон: æхсæнады хыгъдмæ-иу сæ райстой дыууæ галы.

Атынæджы куывдмæ ма-иу цалдæр боны куы баззад, уæд-иу хъæубæсты лæгтæ æрæмбырд сты, бæрæгбон куыд скæндзысты, ууыл бауынаффæ кæнынмæ. Кусарт балхæнынæн-иу мысайнаг æрæмбырд кодтой, арахъ æмæ бæгæны скæныны тыххæй-иу къусбар æрзылдысты.

Атынæджы куывд кодтой хуыцаубоны. Фынггæ æрæвæрыны агъоммæ-иу кæстæртæ хъæубæстыл æрзылдысты, табуафси, саккаг кæнут куывдмæ, зæгъгæ. Адæм кувæндонмæ хастой æртыгай чъиритæ, арахъ, бæгæны, физонæг.

Атынæджы куывд-иу райдыдта хистæры куывдæй: «Хуыцау æмæ нæ Хуыцауы сконд зæдты хорзæх уæд! Атынæджы хорзæх нæ уæд, йæ бæрæгбоныл æнæниз, æнæфыдбылызæй куыд æмбæлæм, ахæм амонд нын саккаг кæнæд! Адæм сæ кусæнгæрзтæ, сæ цæвджытæ хорзы бон куыд райсой, хор æмæ фосæфсæстæй ныл куыд æрцæуа нæ зымæг, Атынæджы цæст нын уый бауарзæд».

Атынæджы бæрæгбон уыд хъæлдзæг: фæсивæд зарыдысты, кафыдысты.

Атынæджы фæстæ дыццæджы цыфæнды рæстæг куы уыдаид, уæддæр адæм цыдысты хос кæрдынмæ. Сихормæ-иу фæкарстой, стæй дарддæр сæ куывды кой кодтой. Уыцы бонæй фæстæмæ алкæмæн дæр бар уыд йæ уыгæрдæн кæрдын.

Фæлæ бæрæгбон æрмæст уымæй нæ хицæн кодта. Лæппу кæмæ уыд æмæ, йæ хъаруйы бацыд, зæгъгæ-иу æй бинонтæ ууыл куы банымадтой, уæд-иу æй Атынæджы хос кæрдынмæ акодтой. Уый æвзонг лæппуйы царды уыд стыр цау, ома слæг, хистæрты æмрæнхъ æрлæууыд. Лæппу-иу уыцы бон банкъардта царды стыр бæрн, банкъардта-иу, йæ уæхсчытыл кæй æрæнцад царды стыр уæз æмæ йæ уый хæссын кæй хъæудзæн, банкъардта-иу: абонæй фæстæмæ æрлæууыд, йæ тых, йæ хъаруйы чи у, уыцы лæгты æмрæнхъ.

1, Хуыцаубоны, Беслæны Уастырджи
7, 1-аг Сабати: Задæлески Нана: Задæлески ковæндони

Нана адæмæн ахæм уарзон уыд, æмæ, куы амард, уæд ын йæ хæдзарæй скодтой кувæндон. Æмæ уæдæй абонмæ Задæлескы алы аз дæр сусæны мæйы æртыккаг сабаты фæкæнынц йæ бæрæгбон. Куывд цæттæ кæнынц радыгай æртæ хæдзары. Уыцы æртæ хæдзары фæйнæ фысы саккаг кæнынц бæрæгбонмæ, сфыцынц бæгæны, рауадзынц арахъ. Бæрæгбон цæмæй аив, рæсугъд ацæуа, уый тыххæй се ’ппæт хъарутæй дæр бацархайынц. Чызг кæй хæдзары райгуырд, уый кувæндоны акæны кусарт. Бæрæгбоны хистæр ракувы сывæллæтты, рæзинаг фæлтæры цардамонды тыххæй, бафæдзæхсы сæ Нанайыл, цæмæй æнæниз, æнæфыдбылызæй рæзой, царды гуыргъахъ фæндæгтыл макæд фæкæлой. Балцы цæуынмæ чи фæхъавы, уыдон мысайнаг æмæ чъиритæ схæссынц кувæндонмæ, хистæр сылгоймаг скувы, цæмæй амондджын фæндагыл ацæуой, сæ къах дæр макæм бакъуырой, фæстæмæ сæ хæдзæрттыл дзæбæх, æнæнизæй сæмбæлой. Задæлескы Нанайы бæрæгбон фыццаджыдæр баст у сылгоймагимæ, фæкувынц уый амондæн, уый хорзæхæн, йæ хорз фидæнæн. Цавæр уыдис Задæлесчы Нана, куыд хуындис йæ ном æмæ цы мыггагæй уыдис, уый бæрæг нæу. Фæлæ Задæлески Нана адæмы зæрдæты баззадис æнусмæ.

 

Задæлески Нана

Тогуарæ æркодта, тогуарæ æркодта

Тъæпæн Дигорæбæл, Тъæпæн Дигорæбæл!

Ахъсахъ Тимури æфсæнцъух борæтæй

Сæ цъæх будуртæ ку батар æнцæ,

Æфсæнбид кауæй æнгомдæр, федардæр

Сæ фалæбулай æртеголæ ‘нцæ.

Тъæпæн Дигорæн сæ финдзцæуæг адæм,

Сæ хъал фæсевæд — лæгæй лæг хуæздæр

Се знæгти къохæй тог лæсæн кæнунцæ,

Кунæг кæнунцæ, мæрдтæмæ евгъуйунцæ.

Фæстаг лæги уæнгæмæ бæргæ тохунцæ,

Фал бунцагъд фæцæнцæ Тъæпаэн Дигорæ!

Уæд сугъдæ ку схуæцуй, цъæх арт ку сгъазуй

Тъæпæн Дигорæн се ‘вулд гъæутæбæл.

Сæ байзайæккаг дæр силæй дæр, нæлæй дæр

Хасти ку фæцæнцæ, хасти ку фæцæнцæ!

Ку бабун æнцæ Тъæпæн Дигорæ,

Æвæстаг ку фæщенцæ;кæугæ, дзиназгæ

Уæд байзайунцæ дзæгъæл сувæллæнттæ

Сæ сугъд бундорбæл, сæ сау фунукбæл.

Уæд ма разиннуй дзилли амондæн

Силæстæг дуйнебæл, æма седзæрти

Æ разæй ку скæнуй, фусти къуари хузæн.

Æхсæвæй, бонæй сæ гъæуай ку кæнуй

Гъæддаг сирдæй дæр, фудгæнæгæй дæр.

Будурæй гъæдæмæ, гъæдæй æрдозæмæ,

Дигори Æфцæгмæ е рух ку раттуй.

Цæгатбæл бахезуй æма æд сувæллæнттæ

Задæлески сæри ку ‘рбунат кæнуй.

Алли зайæгойæй сæ хæссун ку байдайуй,

Хæссун ку байдайуй. Ку растур унцæ,

Ку сгъомбæл унцæ, гъæутæ ку с’ унцæ.

Сæ еумæйаг мадæ «Задæлески Нанай» мард

Кадæ, цити хæццæ уæд ку байварунцæ

Задæлески фалдзос — Морги лæгæти

Кадæг ракодта Саулаты Дзæрæх 1894 азы. Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег. «Мах Дуг», 1952 аз, № 2, ф. 76

8, Хуцаубони: Гурмехан, Мæхчески ковæндони
8, Хуцаубони: Елиа, Мæстиноки ковæндони

Уацилла кæнæ Елиа, дыгур. Уацелла — ирон зæдты, ирон бардуæгты æхсæн ахсы сæрмагонд бынат. У тыллæджы, хоры æмæ адæймаджы хорздзинадæн цыдæриддæр зайы, уыдоныл аудæг бардуаг. Куыд тыллæджы бардуаг, афтæ йæ хуыдтой Хоры Уацилла дæр. Уымæй уæлдай ма у арвнæрыны бардуаг. Уацилламæ куывтой суанг алантæ дæр. Ныртæккæйы рæстæджы дæр цыфæнды куывды хистæр Уациллайы номыл рауадзы гаджидау. Уымæн ис бирæ кувæндæттæ, фæлæ сæ сæйрагдæр ис Дæргъæвсы, Тыбауы хохы. Уациллайы бæрæгбоны-иу йæ мæгуырдзинад ничи æвдыста. Сылгоймæгтæ-иу чъиритæ кодтой æнæдзургæйæ, сæ комытæф куыд нæ цæуа, æмæ-иу сæ дзыхтæ истæмæй бабастой. Кусæрттагæн-иу аргæвдыны размæ радтой цæхх. Йæ сæр ын-иу куы ралыг кодтой, уæд-иу æй артмæ бадардтой, стæй та-иу æй фæстæмæ бæрзæйыл авæрдтой. Адæм сæ кувинæгтæ хастой кувæндонмæ, радтой сæ-иу дзуары лæгмæ, сæхæдæг-иу иуварс æрлæууыдысты, уый сæ-иу скуывта. Ома, дам, æнæхъуаджы кувæндонмæ куы бацæуай, уæд дæ бакуырм кæндзæн. Кусы дзаг ирон бæгæны-иу сæвæрдтой кувæндоны, æмæ,дам, кæд иннæ азмæ нæ фæкъаддæр, уæд аз уыди амондджын. Дзуары лæг-иу бацыдис кувæндонмæ æмæ-иу æм адæм æнхъæлмæ кастысты, цымæ цы хабар рахæсдзæни, зæгъгæ. Бæрæгбон ныр дæр кæнынц. Скæнынц хъæугывдтæ, скувынц, цæмæй сын Уацилла æрхæсса бирæ амонд.

Уациллайы Бæрæгбон

Уацилла ирон зæдты, ирон бардуæгты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы. Тыллæджы хоры, зæххыл адæймаджы хорздзинадæн цыдæриддæр зайы, уыдоныл аудæг бардуаг, арвнæрды бардуаг у.

Уациллайыл сæхи фæдзæхстой ирон адæмы фыдæлтæ – алантæ. Цæгат Кавказы хæхты дæлвæзты куы цардысты, уæд райдыдтой зæххы куыст æмæ табу кодтой Уациллайæн.

Уацилла у стыр бархъомысджын хорарæх æмæ фосарæхы бардуаг. Цæмæй уыгæрдæнты æмæ сæрвæтты хорз, сойджын кæрдæг æрзайа, уый тыххæй дæр адæм Уацилламæ кувынц. Хус рæстæг куы скæны, кæнæ бирæ куы фæуары, уæддæр Уациллайæн лæгъстæ кæнынц.

Хистæр цины куывды бады, æмæ Уациллайы ном ма ссара, уый тыххæй гаджидау ма рауадза, уый арæх нæ вæййы.

Уациллайы бæрæгбон кæнынц алы комы дæр, быдыры хъæуты, горæтты. Ис ын бирæ кувæндæттæ, фæлæ йæ сæйраг кувæндон ис Дæргъæвсы, Тбауы хохы. Иæ бæрæгбон арæхдæр вæййы, Кæрдæгхæссæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд. Ахæссы цалдæр боны. Бирæтæ Уациллайы бæрæгбон кусарт акæнынц. Раздæрты, цыфæнды æнæбон бинонтæ уыдаиккой, уæддæр-иу уæрыкк ма аргæвстаиккой, уый гæнæн нæ уыд. Уациллайы бæрæгбон йæ мæгуырдзинад ничи æвдыстæ Барджын бардуаг у, æмæ йын куывтой лæгъстæгæнгæйæ. Сылгоймæгтæ чъиритæ кодтой æнæдзургæйæ, сæ комытæф хыссæмæ куыд нæ фæхæццæ уыдаид, афтæ-иу сæ дзыхтæ истæмæй бабастой.

Кусарт-иу куы кодтой, уæд-иу бæгæны æмæ æртæ чъирийæ Уацилламæ скуывтой, цæмæй йын сæ нывонд барст фæуа, се ртæ чъирийы сын барстæн айсæ Кусæрттагæн-иу цæхх радтой. Иæ сæр-иу ын куы ралыг кодтой, уæд-иу æй артмæ бадардтой, йæ тæф куыд рацæуа, афтæ, стæй та-иу æй фæстæмæ бæрзæйыл авæрдтой.

Алы бинонтæ дæр-иу сæ кувинæгтæ Уациллайы кувæндонмæ ахастой. Кувæндонмæ хæстæг-иу æрлæууыдысты: дзуары бынмæ бацæуыны бар уыдис æрмæстдæр дзуары лæгæн, уымæн æмæ Уацилла у карз, æнæхатыр дзуар. Иæ кувæндонмæ æнæ хъуыддагæй чи ссæуа, уымæн æй нæ ныббардзæн, адæймаджы бакуырм кæндзæн.

Уациллайы бæрæгбоны-иу кувæндоны къусы дзаг бæгæны сæвæрдтой. Кæд афæдзмæ бæгæны нæ фæкъаддæр, уæд амондджын аз уыдзæн. Kæд фæкъаддæр, уæд хорз аз нæ уыдзæн. Адæм-иу дзуары лæджы рацыдмæ цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты, уæдæ нын цы хабар фехъусын кæндзæн, зæгъгæ. Дзуары лæг-иу бæгæны акалдта, æмæ-иу къус фæстæмæ ног бæгæныйæ байдзаг кодта, йæхæдæг-иу куывддзаутимæ хъæумæ рацыд æмæ-иу адæмæн хабар фехъусын кодта.

Уыдис-иу афтæ дæр, æмæ-иу дзуары лæг æхсæвы кувæндоны баззад. Уыцы ‘хсæв, дам, Уацилла йæ кувæн бынатмæ æрцæуы, къусы цы бæгæны вæййы, уый акалы. Бæгæны кæд Ирыстонырдæм акæла, уæд уый амоны: ома, ирон адæм хорæфсæст уыдзысты, сæ зæххытæй сисдзысты хъæздыг тыллæг, сæ аз ацæудзæн æнæфыдбылызæй, æнæмастæй.

Уациллдйы бæрæгбон ирон адæм абон дæр бæрæг кæнынц. Иæ фадат кæмæн куыд амоны, афтæ йын йæ ном ссары. Бирæ хъæуты скæнынц хъæугуывдтæ. Аргæвдынц гал кæнæ род, фыс. Уыцы бонмæ сæрмагондæй сфыцынц бæгæны æмæ рауадзынц арахъ, фæкувынц, фæбадынц, фæзарынц.

8, Хуцаубони: Устур Хуцауи дзиуарæ, Мæхчески ковæндони
14, 2-аг Сабати, Уацелла, Къæмунти ковæндони
15, Хуыцаубоны, Арыхъы Дурджын Бæрзонд
Хуыцауы Номарæн Куывдтытæ

 

Хуыцауы Куывд

-Хуыцау, табу Дæуæн!

-Оммен, Хуыцау!

-Хуыцау, ахъаз нын бакæн!

-Оммен, Хуыцау!

-Дунескæнæг Хуыцау,

Зæххыл Дын зын ницы ис,

Дæ быны ницы фæсусæг уыдзæни.

Куыд раст стæм,

Куыд сыгъдæгзæрдæйæ Дæм кувæм,

Афтæ сыгъдæг æмæ нын раст цард ратт.

-Оммен, Хуыцау!

-Ацы кувинæгтæ Дæу тыххæй сты,

Æмæ хуыздæр кæй кувинаг æмæ курдиат райстай,

Уый æмбал нæ фæкæн.

-Оммен, Хуыцау!

-Дæ кувæг адæм стæм,

Æмæ нын нæ зæрдæйы маст макуы бауадз.

Хъæлдзæг, амондджын, æнæниз цы уæм, уыцы хорзæх нын ракæн!

-Оммен, Хуыцау!

-Адæмæн бирæ, махæн нæ фаг ратт алцы дæр.

Барст дын фæуæнт не ‘ртæ чъирийы.

-Оммен, Хуыцау!

21, 3-аг Сабати: Елиа, Æхсæуи ковæндони
21, 3-аг Сабати: Нæлизæд, Уæллаг Фæснæли ковæндони
22, 3-аг Хуцаубони: Рохси дзиуарæ, Фæрæскъæтти ковæндони
26-27, Фæстаг цуппæрæни кенæ майрæнбони: Рæзахуадæн, Хæдзæртти
27, Майрæмбоны, Мады Майрæм

Мады Майрæм у ирон адæмы рагондæр дзуæрттæй, рагондæр бæрæгбæттæй иу (кæс Мады Майрæм). Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй равзæрд аланты дуджы. Ирон адæммæ ныр дæр æмæ раджы дæр сылгоймаг кадджын уыди. Суанг ма Болгарийы дæр ис аланты кувæндон Мады Майрæмы номыл.

Мады Майрæмы кувæндæттæ Ирыстоны бирæ уыд, куывтой йæм алы хъæуы дæр. Уæлдай зындгонддæр сты Рекомы Мады Майрæм, Зруджы Мады Майрæм, Мæздæджы Мады Майрæм æмæ æндæр кувæндæттæ.

Йæ бæрæгбоны – Майрæмы мæйы фæстаг къуырийы – кодтой хъæугуывдтæ. Дзуары бынмæ-иу æрцыдысты æрыгон сылгоймæгтæ æмæ чызджытæ. Сæхи йыл фæдзæхстой æнæцот сылгоймæгтæ, цæмæй сæ дзуары хорзæх уа, цот сын рантысæ Мады Майрæмы дзуары бынмæ-иу ног чындзы æрбакодтой æмæ-иу ын уым скуывтой, цæмæй каркау бæдулджын уа, авд лæппуйы æмæ йын иу цъæхдзаст чызг рантыса, ноггуырд сабиты-иу æрбахастой æмæ-иу сæ дзуарыл фæдзæхстой.

Мады Майрæммæ сылгоймæгтæ абон дæр кувынц, табу йын кæнынц, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, цы сывæллæттæ сын рантыса, уыдон æнæнизæй, æнæфыдбылызæй рæзой.

Майрæмтæ

Майрæмтæ сты ног æмæ зæронд мæрдты кæндтытæй иу. Фылдæр хатт æрцæуы мæйы фæстаг майрæмбонмæ.

Стъолыл æрæвæрынц дыргътæ, халсартæ, нозт, алы хæринæгтæ, ныххæлар сæ кæнынц.

Фынджыдзагмæ æрхонынц сыхæгты, хæрзхæстæджыты. Сылгоймæгтæ уæлмæрдтæм ацæуынц. Фæкæуынц, фæхъыг кæнынц. Цы дыргътæ, нозт, хойраг ахæссынц, уыдон ныххæлар кæнынц æмæ дзы саходынц.

Бæрæгбон амоны уый, æмæ мæрдтæн дæр ног дыргътæй, ног халсартæй хай ис. Æмæ уадз, уæлæуыл чи и, уыдоны цур куыд сты, мæрдтæн дæр афтæ сæ разы уæнт.

Майрæмы куадзæн Мады Майрæм у Есо Чырыстийы мад. Уый куы амард, уæд, дам, 28 августы йæ фырт Чырыстиау Хуыцауы размæ атахт. Уый фæдыл ирон адæм æрвылаз дæр 28 августы кæнынц мæрдты бон Майрæмы куадзæн. Бирæ æнусты дæргъы Чырыстон дин архайы ирон дины йæ аууоны бакæныныл æмæ йын дзы, æвæццæгæн, Мады Майрæмæй тынгдæр ничи фесгуыхт. Уый иууылдæр айста Мады зæды (Мадизæны) миниуджытæ дæр æмæ фидар бынат æрцахста ирон адæмы царды. Ирыстоны зæххыл Мады зæды фылдæр кувæндæтты сырæзтысты Мады Майрæмы аргъуантæ. Æппæты зындгонддæртæ дзы сты Зруггомы Хозиты Мады Майрæмы, Цъæйы, Куырттаты комы, Мæздæджы æмæ Ирыхъæуы аргъуантæ.

28, Сабати: Мæрдти Комуадзæн, Хæдзæртти
22, Хуыцаубоны, Хохы Хъæнайы Ног Дзуар
29, Хуыцаубоны , Фарныхъæуы Уастарджи
Хуыцауы Кувæндон

Цины уа, зианы уа, ирон фынджы уæлхъус хистæр фыццаджыдæр ссары Хуыцауы ном.

Хуыцау сфæлдыста Нарты. Сфæлдыста зæхх, дон æмæ уæлдæф. Зæххыл цыдæриддæр цæуы, уыдон иууылдæр Йæ фæндæй цæуынц. Хуыцауимæ схæцын йæ ныфс никуы ничи бахаста, никуы Йыл ничи фæуæлахиз. «Батрадз зæдтæ æмæ Дауджытыл сегасыл дæр тых уыд, – загъд и Нарты кадджыты, – Хур æмæ Хуыцауæй фæстæмæ». Нæ Иыл фæтых сты Нарт дæр æмæ «фыдвæды бæсты равзæрстой æвæд».

Хуыцауы сызгъæрин хæдзар ис уæларвы æппæты бæрзонддæр ран, сызгъæрин къæлæтджыны бады æмæ фæлгæсы дун-дунетæм. Йæ цæст дары зæхмæ, адæмы цардмæ æмæ амæндтæ уары. Хæрзиуæг ракæнын кæмæн хъæуы, уый дæр зоны. Æфхæрын кæй хъæуы, уый дæр зоны. «Хæрзгæнæг дæр Хуыцаумæ кувы æмæ фыдгæнæг дæр, хæрзгæнæг дæр йæхи Хуыцауыл фæдзæхсы æмæ фыдгæнæг дæр», – дзурынц ирон адæм æмæ Йын табу кæнынц. Хонынц æй Стыр Хуыцау, Иунæг Хуыцау, Хуыцæутты Хуыцау.

Хуыцауы номыл Ирыстоны бирæ кувæндæттæ ис. Сæ кадджындæртæй иу у, Мæхческы хъæуы кæрон цы кувæндон ис, уый. Хонынц ма йæ Стыр Хуыцауы бæлас дæр. Куывды бон вæййы сусæны мæйы кæрон кæнæ Майрæмты мæйы фыццаг хуыцаубоны. Куывд фæкæнынц радыгай, иу аз дæр цыппар хæдзары, иннæ аз дæр цыппар хæдзары. Йæ рад кæмæн æрхауы, уыдонæй алы хæдзар дæр Хуыцауы кувæндонмæ ратты фыс. Арахъ æмæ бæгæны скæнынц иумæйаг хорæй. Бæрæгбон алы хæдзар дæр кувæндонмæ схæссы æртæ чъирийы. Лæппу кæмæн райгуыры, кæнæ йæ фырт æфсадæй кæмæн ссæуы, уыдон уыцы бон сæрмагондæй кувæндонмæ æрбаласынц кусæрттæ, кувинæгтæ.

Адæм фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, цæмæй сæ Йæ хорзæх уа, баххуыс сын кæна.

Мадизæны Дзуар

Мадизæны дзуар — адæм сæхи тынг кæуыл фæдзæхстой, уыдонæй уыд иу. Хуыдтой ма йæ Дагомы Уастырджийы дзуар, Дагомы зæронд Уастырджи[1]. Бæрæгбонмæ цыдис бирæ адæм, суанг ма Балхъарæй дæр. Мадизæн ис Цъамадæй Дагоммæ фæндагыл. Дзуарæн уыдис стыр тых. Кувæндоны-иу бафидыдтой карз туджджынтæ дæр. Куы-иу бафидыдтой, уæд-иу систой фæйнæ дуры æмæ-иу сæ кувæндоны сæвæрдтой. Уый уыди, кæй бафидыдтой, уый ардбахæрыны хуызы. Ацы бæрæгбон уыдис тынг кадджын. Мадизæны куывды-иу цы тæрхон рахастой, уымæн аивæн ницы хуызы уыдис, æнæмæнг уыдис æххæстгæнгæ.

Бирæ кувæндæттæ уыд Уæлладжыры комы, бирæ кувæндæттæ дзы ис ныр дæр, фæлæ адæм сæхи тынгдæр кæуыл фæдзæхстой, уыдонæй иу уыди Мадизæны дзуар, Мадизæны кувæндон, хуыдтой ма йæ Дагомы зæронд Уастырджи дæр, уымæн æмæ уыди Дагомы. Мадизæны кувæндонмæ æрмæст Дагомы æмæ, йæ алыварс цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджытæ нæ цыдысты. Цыдысты йæм Уæлладжыр æмæ Куырттаты комæй, Ирыстоны бирæ æндæр хъæутæй, суанг ма Балхъарæй дæр.

Мадизæны дзуарæн уыд стыр тых. Кувæндоны бын-иу бафидыдтой Уæлладжыры æмæ Куырттаты туджджынтæ. Тæккæ кадджындæр, тæккæ дзырддзæугæдæр, тæккæ растдæр лæгтæй-иу равзæрстой тæрхоны лæгтæ, æмæ-иу сæ уыдон бафидауын кодтой.

Туджджынтæ-иу куы бафидыдтой, уæд-иу фæйнæ дуры систой æмæ-иу сæ кувæндоны сæвæрдтой. Уый уыд, кæй бафидыдтой, уый тыххæй ард бахæрды хуызæн.

Мадизæны дзуарæн æппæт ирон адæмы æхсæн дæр уыд стыр ахадындзинад, уымæн æмæ, цы хæс æххæст кодта – туджджынты бафидауын кæнын, уый стыр ахсджиаг хъуыддаг уыд. Дагомы тæрхоны лæгтæ кувæндоны цур цы фæзы æмбæлдысты, уый хуынд Мадизæны фæз (кæс Мадизæн). Уырдæм цыд бирæ адæм. Æндæр рæтты, æндæр хъæуты сæ бон равзарын, алыг кæнын цы фарстатæн нæ уыд, уыдон æвзæрстой уым. Афтæ нымад уыд, æмæ Мадизæны фæзы, Мадизæны кувæндоны цы тæрхон хаст æрцæуа, уый у раст, уымæн ивæн нæй, уый æнæмæнгæй у æххæстгæнгæ.

Аларды

Алардыйы бæрæгбоны хæдразмæ фæкæнынц Рыны бардуаджы бæрæгбон (кæс Аларды, Рыны бардуаг).

Рыны бардуагæн йæ ном – йæ миниуджыты хуыздæр æвдисæн. Адæм æм куывтой, цæмæй сæ рынæй хъахъхъæна, æвирхъау низтæй хызт уой. Раздæрты Рыны бардуаджы бæрæгбон уыд стырдæр, ахъаззагдæр бæрæгбæттæй иу.

Аларды у ноджы карздæр бардуаг, фадынæг æмæ цæсты низты бардуаг. Уæлдай æмхицдæр у сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæм. Ирыстоны йæ номыл ис бирæ кувæндæттæ.

Аларды у тынг карз бардуаг. Йæ хъыджы бацыдтæ, уæд дзы дæ сывæллæтты, дæхи хъахъхъæн. Адæм æм куывтой тæрсгæ-ризгæйæ, хатыртæ кургæйæ йыл фæдзæхстой сæ сывæллæтты.

Хохаг хъæутæй бирæты уыди «Алардыйы хуымтæ». Уырдыгæй цы тыллæг, цы хор æмбырд кодтой, уымæй арæзтой æхсæны куывдтæ. Бæрæгбоны-иу ног чындзы ахуыдтой Алардыйы кувæндонмæ, æмæ-иу æй хистæр сылгоймæгтæ дзуарыл бафæдзæхстой, цæмæй йын, цы гуырдтæ рантыса, уыдон цæринаг уой, æнæниз, æнæфыдбылызæй рæзой.

Алардымæ кувгæйæ адæм ссардтой фæлмæн, уæздан, зæрдæбын ныхæстæ. Хуыдтой йæ «Рухс Аларды», «Сызгъæринбазыр Аларды», «Сызгъæрин Аларды», «Сырх Аларды» æмæ афтæ дарддæр.

Алардыйæн чъиритæ кодтой, зæххы хуссар хайы цы мæнæу зади, уый ссадæй. Нывонд ын кодтой урс уæрыкк. Кувгæйæ-иу дзырдтой: «Уæ, рухс Аларды, табу дæуæн! Нæ чысылтæ – де уазæг, не стыртæн цæсты рухс ратт. Уæ, Аларды, табу дæуæн! Дардæй дын кувдзыстæм, хæстæгмæ нæм ма рцу, куы рцæуай, уæд хъæлдзæгæй, фæстæмæ куы цæуай, уæд та нæ худгæйæ ныууадз».

Ныры рæстæджы дæр Аларды у, адæм арæхдæр кæмæн табу кæнынц, уыцы дзуæрттæй иу. Сылгоймаг кувы æмæ йын йæ ном ма ссара, йæ кæстæрты йыл ма бафæдзæхса, уый арæх нæ вæййы.

Алардыйы бæрæгбон иутæ кæнынц тъæнджы кæнæ æртхъирæны мæй, иннæтæ зæрдæвæрæны мæй, чи та йæ кæны сусæны, майрæмы, рухæны мæйты.

Къуырисæры Ног Дзуарæ

Дæргъæвсгомы Хъæнийы цæрджытæ æмæ ацы хъæуæй рацæуæг адæмыл аудæг бардуаг. Хизы сæ алы фыдбылызтæй. Ирон адæммæ афтæ кæсы, зæгъгæ, Ног дзуар у адæймаджы хуызæн. Дзуар æнувыдæй йæ хъус дары, цæмæй йæ номимæ цы фæтк æмæ æгъдæуттæ баст сты, уыдон се ’ппæт дæр æххæстгонд цæуой. Ног дзуары бæрæгбон-иу уыдис августы фыццаг æмбисы æмæ-иу ахаста æртæ боны, нывондæн ын æргæвстой уæрыкк. Йæ бæрæгбон уыдис дыууæ хайæ: хицæн бинонты (хæдзæртты) куывдтæ æмæ хъæугуывдтæ. Куывдмæ ‘рцæуæг адæм-иу дзуарыл сæхи бафæдзæхстой, табу йын кодтой æмæ дзы куырдтой, хъæубæстæ йæ хорзæхтæй хайджын куыд уой, рохуаты куыннæ баззайой.

1. Бæрæгбон сыгъдæг Алардыйы номыл. Бæрæг æй кæнынц Дæргъæвсы хъæубæстæ. Ирон адæмы таурæгътæм гæсгæ ацы бæрæгбон фæзындис ХIХ æнусы райдианы, Дæргъæвсгомыл цавæрдæр рын куы сыстад, уæд. Алардыйы зæрдæлхæнæнæн Дæргъæвсы цæрджытæ йæ номыл сарæзтой кувæндон æмæ йæ схуыдтой Ног дзуар. Алы аз дæр-иу августы мæйы Алардыйы номыл сцæттæ кодтой æнæвгъау бирæ кувинæгтæ (аргæвстой-иу фондз галы онг). Хъæугуывдты-иу фæбадтысты æмæ алы бинонтæ (мыггаг) дæр хицæнæй, дзуары лæг та æгас хъæубæсты номæй æппæт дзуæрттæй æмæ дауджытæй, уæлдайдæр та Алардыйæ, куырдтой, цæмæй хъæубæсты хъахъхъæной алыхуызон низтæй æмæ йын саккаг кæной фарн æмæ амонд.

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz