“ЗАРОНД ФАНДЫРДЗАГЪДАГ”

0
730

Дард фæндæгтæ нал мæ хъæуынц их хос цыл ныддæн,
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц иу фæндаг мæрдтæм.
Дун-дунетыл цас фæхадтæн мемæ уыд фæндыр.
Иу бон иу сæндæгтыл бадтæн иннæ бон мæгуыр.

Чызытæн, куннæ ма цагътон фæлæ амонд нæй.
Фембæлæм кæмæн иу загътон уый мыл худт хъæрæй,
Лæппутæ та сау уаритæ симдтой иу æмæ,
Хъазгæ-хъазын сау суаритæ баппæрстой мæнмæ.

Бауарзтон æхцайы зыланг амонды хуызæн
Хъасты иу мæ уæнгты фæллад давдæй фæци сæн,
Дард рæтты Хуыцауæй разы арфæйаг фæдæн,
Балц фæндæгтæ адæмы уарзын сахуыркодтой мæн.

Хорзæй иртасын æвзæры уый бæрц дæр мæ фæрс,
Чи цæмæй кудтæтæ цæры, хъорз базыдтон æз.
Иутæм нæй æфсæрмы хъæстæ фæлæ ссардтой уарт,
Аразгæ бæрзонд ныхæстæй амайынц сæ цард.

Давынц дыккæгтæ æууæнкæй се ’цæг ном æмбæхст.
Хур æнгæст рæссугъд чызытæй нал фæисынц цæст.
Иннæтæ сæ сæрты хъæртæй амарынц æгъдау,
Урс бæргæ систы сæ сæртæ зæрдæтæ та сау.

Цыппарам нæ лæууы дзыхъхъы хахуртæ фыссы,
Чи уæлдæр хицауы дзыппы ’хцайы бæрц тъыссы
Фæлæ цас фæнды уæнт уыдон, хорз лæгтæ фылдæр,
Рæстдзинад æмæ фыдæбон равзарынц уæддæр.

Зæхх сæ Хуыцау æмæ курынц, агуырынц дзы сой,
Хоры зад хуымтæ сæм худынц, хоры хуым фæллой.
Чи цас федта уый бæрц зоны, загъта иу фыдæл,
Нал уыди йæ дард бæлццоныл сымбæлын æнхъæл.

Ракæсут ма урссæр хæхтæ нал мæ зонут ау,
О, мæ фæндыр цины зæлтæ Иры зæххыл тау.
Дард фæндæгтæ нал мæ хъæуынц их хос цыл ныддæн,
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц иу фæндаг мæрдтæм.

Ныхæсты автор: Чеджемты Æхсар

Уæрæсейы адæмон артист Сланты Къоста Зары: https://m.vk.com/video-33833481_456239017

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz