Ирон æвзаджы æмæ литературæйы бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

0
493

Бирæ нын цæр, нæ уарзон, нæ рæсугъд мадæлон Ирон Æвзаг!

Æмдзæвгæтæ ирон æвзаджы тыххæй

Ирон дзырд 

(Карсанаты чысыл Нинæйæн) 

Æфхæрдæй сæвдылон мæ рондзы,
Æви ныууа мæ зæрдæ дур,
Уæддæр куы фехъусын ирон дзырд,
Мæ удыл та ыскæсы хур.
Мæ маст уæд, цины сыгау, тайы;
Куыдзы хæстау мыл байгас цæф;
Мæ уд рæмон æхцонæй райы,
Фæвæййы ме ‘рхæндæг æхсæв!
Æмæ та саджы фæдыл лидзын, –
Æхсар, æхсæртæгау, æвзонг!
Æмæ, нæртон лæппуйау, уидзын
Нæ Иры туджы ‘ртæхтæ ног
Мæ фæнд – йæ тыхсты бон, мæрдадзау,
Куы уæм ныббогъ кæнын æввонг,
Уæд ын сæ бадарон, æвдадзау,
Цы уыди, уый та феста ног!
Мæлæт дын макуы уа, ирон дзырд!
Мæ тугæй царды хос фæхъау,
Фæу тъымы-тъымамæ номдзыд:
Мæ уд дын — барст, мæ сæр – фæхъхъау!
Нафи

  

Дыууадæс дзырды 

Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты… уæддæр
Дыууадæс дзырды – се ‘ппæтæй хуыздæр.
Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн цард,
Йæ фидауц уымæн – арвы стъæлфæн – арт.
Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у мад,
Цæуы йæ армæй адæмыл бæркад.
Нæ дзыллæйæн йæ рухсдæр бæллиц – фарн,
Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин – æфсарм.
Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр – хæлар,
Ыскæны мах Хуыцауы ‘мсæр – æхсар.
Лæджы нысан – сæрибар æмæ кад.
Сæ сæрвæлтау хъæуы хæцынæн кард.
Æппæт хæрзтæн Ирыстон у бындур, –
Æнæ уый мæн нæ тавдзæни сæ хур.
Джыккайты Шамил

Мадæлон Æвзаг 

О, мадæлон æвзаг, дæуæн та цы зæгъон,
Дæу аккаг зынаргъ дзырд зæххы цъарыл нæй.
Мæ уды быцъынæг куы хауид мæ хъуырæй,
Уæддæр дæ æвдадзыл нæ акæнин уæй.

Куыд нæ ис дунейыл æвзæгтæ та бирæ,
Къуымых дæр дзы се ‘хсæн иу иннæмæй нæу.
Мæ мадæлон æвзаг, хæрын дын стыр ард,
Æз се ‘ппæтыл иумæ нæ баивин дæу.

Æнæ дæу æз уаин куысыфтæгау афтид,
Цæрдудæй дын мардау æз уаин фынæй,
Мæн сусæны хур дæр æнæ дæу нæ тавид,
О, мадæлон æвзаг, цæй диссаг дæ, цæй.
Цæрукъаты Алыксандр

  

Ирон Æвзаджы Сагъæс 

Мæ ном хæссæг адæм!
Мæн радта сымахæн
Ыстыр Хуыцау цардæн.
Лæггад уын фæкодтон
Зæлланггæнаг мыртæй
Уæ маст æмæ уарзтæн,
Уæ хъарæг, уæ зардæн.
Ныр сидзæр сабийау,
Фыдусы æлгъыстау
Уæ хъалты фæндиаг кæнын.
Уæ царды фæндæгтыл мæ
Дардмæ лыгъдыстут,
Æрмæст ма уæ сусæг нымыгъдæн хъæуын.
О дуджы цагъартæ!
О рæстæджы хъалтæ!
Кæдæм мæ фæтæрут æнæном цыртæн!?
Уæ тæригъæд карз у,
Мæн фæхæссын уаз у,
Цæмæй уын фæбæзза уæ саби фыртæн,
Ныййарæджы риуæй,
Йæ зарæг, йæ цинæй
Æз суадонау хур бон сымахмæ цыдтæн.
Касаты Батрадз

  

Ме ‘Взаг 

У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг,
Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!..
Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлтьг æвзаг,
Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!
Ды незаманæй ацы боны онг
Нæ фесæфтай дæ уаз хъæлæс, дæ намыс.
Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд
Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст.
Тыгъд быдыры дыл дымгæйы ныхмæ
Лæхурдта Скиф йæ тызмæджы ныхæстæ.
«Тох!.. Тох!..» – сæрмæттаг сабийы дзыхæй
Ысхаудта дзырд лæг у, æрцыд йæ рæстæг!
Гуыпп… Мыхъхъ… Тъæпп… Дæнг,–
ныффæсус и дæ хъуыр,
Ныццарыдта алайнаг мады хъарæг…
Фæразон дæ, æнхъæлмæгæс, мæгуыр:
Кæд дыл ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг!

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz