Ирон Æгъдæуттæ – 4 Рагон ирон куывдтытæ

0
304

Ирон Æгъдæуттæ – 4


Уастырджийы номыл сидты фæстæ рæгъытæ цыдысты хицæн кæмтты фæйнæ хуызты фынгæвæрдты нысанмæ, мидисмæ амонгæйæ, æмæ ирон дины æгъдæуттæй бирæтæ фæиппæрд сты. Мадымайрæм ирон динмæ ницы бар дардта: фæзынд нæм чырыстон дин хæлиугæнæг сауджынты архайдæй. Чырыстийы «райгуырды» размæ дугты дæр ирон дингæнæг адæмæн сæйрагдæр бардуæгтæ уыдысты Стыр Хуыцау – Хуыцæутты Хуыцау, Уазы, Уацы Стыр Джиуæрджи æмæ Мадизæн – Мады зæд, мадæлты æмæ цотхалы бардуаг.

Мадизæны номыл сидт. Хуыцауы диныл, уырнынадыл хæцæг ирон фæрнджын адæм цыты куывдты æмæ чындзæхсæвты заман æртыккаг сидт кодтой Мадизæны номыл. Куывтой йын лæугæйæ, бæгæны æмæ къуымæлæй. Ардтой йын йæ ном сыгъдæг куысты бæркæдтæй, фæдзæхстой йыл цотхалы мадæлты сывæллæттимæ. Мадизæны номыл сыгъдæг дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ уыди Ирыстоны æппæт кæмтты дæр рагзаманты æмæ, куыдфæстагмæ, ивд  

æрцыдысты Мадымайрæмы — Чырыстийы ныййарæг мады, Мариайы номыл аргъуантæй гуырдзиаг цæстфæлдахæг сауджынты архайдæй. Баззад ма Мадизæны номыл бындары æвдисæнæн иунæг кувæндон Уæлладжыры комы Дагомы хъæуы, æмæ уым бадтысты Иры тæрхоны лæгтæ, уырдыгæй фæндараст кодтой Уазы Бæгъатыртæ тыгъды быдырмæ…  

Мадизæны номыл зарджыты дæр ирон адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг «ахуыргæндтæ» фæфыстой Мадымайрæмы номыл, фæлæ сæ мидис бирæ рæтты дзурæг у царды æцæг хъæрыл, нæ уæды разагъды куырыхон фыдæлты рæстаг зонд æмæ æрхъуыдыйыл.  

Аларды, зæгъы, уæларвæй зæхмæ рараст Сыгъзæрин асинтыл… Сыгъдæг Мадизæн йæ размæ рацыд Æмæ йын балæгъстæ кодта: — Нæ сабитæ Хуыцауы фæдзæхстæй — дæ уазæг! Де ‘ргом сæм ма раздах, æмæ дын Дæ чъылдыммæ кувдзыстæм. Худгæйæ-хъазгæйæ нæм куыд æрцыдтæ,  

Афтæ нæ райгондæй ныууадз!.. Цотхалы бардуаг Сыгъдæг Мадизæн Уæларвæй рауагъта сыгъзæрин асин Æмæ æрхызти зæххон адæммæ. Адджын дын фæуæд нæ кувинæгтæ! Нæлгусæртытæ — дæ нывондæгтæ, Хуссары хуымæй — дæ бæгæныйаг, Æхсæрджын хъæдæй — дæ цъæх хуымæллæг. Дæ номæй адæм зæнæгмæ кувынц, Цæрæддзаг гуырдтæ чындзытæн курынц, Æмæ дæ хорзæх — æппæты хорзæх! Кæмæн цы раттай — цæринаг фæуæд!..  

Куывдты, чындзæхсæвты Сыгъдæг Мадизæны номимæ ардтой кувæг адæм Бынатыхицауы, Сæрызæды, Хъæуызæды нæмттæ æмæ сыл фæдзæхстой бинонты, хъæубæсты, комбæсты минæвæртты сæ уазæджы хаимæ, сæрмагондæй та — мадæлты сæ цотимæ. Бинонты цæрæнбонты тыххæй сидгæйæ, сæрмагонд арфæйы нуазæн лæвæрдта бадты хистæр йæхи къухæй хæдзары æфсинæн, æмæ йæ хуыдтой æфсины цинон нуазæн.  

Уазджытæн сæ цæрæнбонты сидты размæ лæвæрдтой кады нуазæнтæ фысымтæ, стæй сæ номыл цыди сидт. Уазджыты хистæр арфæ кодта фысымтæн æмæ лæугæйæ нуæзтой нуазæнтæ, стæй сæ номыл сидты нуазæнтæй куывтой фысымты цæрæнбонты тыххæй. Кады нуазæнтæ дыууæрдæм куыд лæвæрдтой, афтæ кæстæртæ æмдзæгъд кодтой: «Айс æй, аназ æй!», заргæйæ. Уыцы рог хъæлдзæг зарæгæн уыди дзæвгар хъуыдытимæ хистæрæггаг æмæ кæстæрæггаджы ахаст, комкоммæ бынат æмæ рæстæгмæ амонгæйæ, фы-сымтæй уазджыты астæу хæларады хæрзтыл дзургæйæ.  

Фыдæлты номыл сидт — гаджидау. Куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр уыцы æгъдау дзурæг уыди ирон фарны уæлмонцдæр хæрзтыл фынгæвæрды хъомысæй. Хицæн хæдзары номыл уыдаид куывд æви хицæн хъæубæсты æмæ мыггаджы, уæддæр сæрмагондæй ардтой, хистæртæй чи нал уыди, уыдоны нæмттæ, æнæ рухсаг кæнгæйæ. Куывды æмæ чындзæхсæвы хæдзарвæндаджы хистæрты нæмттæ лæугæйæ ардтой дыууæ хуызы: иу хуызæн амыдтой бинонты фыды кæнæ стыр фыды номмæ, иннæ хуызы ардтой мыггаджы фыдыфыртты нæмттæ сæрæй бынмæ. Зæгъæм, хæдзары ис куывд кæнæ чызгæрвыст, чындзхаст, уæд бадты хистæр, лæугæйæ куывта: «Хæдзарвæндаджы хистæртæй ’гас чи нал у, уыдон рох ма уæнт, куывдты æмæ чындзæхсæвты сæ  

ном куыд арой кæстæртæ, уыйбæрц арфæгонд фæуæнт!».  

Мыггаджы куывды фыдæлты гаджидау — сидт кодтой уæлдай бæрнондæрæй: куывтой бæгæныйæ зырнæйзылд æмхуызон хъæдын нуазæнты, уыдысты къæйттæй дыууадæс кæнæ цыппар æмæ ссæдз. Бадты хистæр куывта мыггаджы цæрæнбонты тыххæй лæугæйæ: «Мыггаджы лæгтæй чи нал и, уыдоны нæмттæ куыд арæм куывдты, чындзæхсæвты, уыйбæрц арфæгонд нæ дунейы стыр фарн фæкæнæд! Мах сын рухсаг нæ кæнæм, арæм сын сыгъдæг кувинагæй сæ ном, æмæ кæдмæ лæууой нæ зæрдыл, уæдмæ нын цæрдзысты…». Фыдæлты сидты «оммен» нæ кодтой. Æгъдау цыди иугъæдон æфсармы, лæггады уагыл. Уырдыглæу-джытæй иуы къухы уыди бæгæныйы дурын, иннæйы къухы — зырнæйзылд хъæдын нуазæнтæ, афтæмæй лæмбынæг хъуыстой хистæры куывдмæ. Хистæры куывды сæрæвæрæн уыд мыггаджы рагфыдæл. Афтæ, фæлтæргай нымайгæйæ, цыди сидт кæронæ, æмæ кæстæртæ дзырдтой алы фæлтæры фæстæ дæр: «Æцæг рухсаг». Куыдхистæрæй сидт куыд цыди, афтæ алы куывддон дæр нымадта уымæй дæлæмæ йæхимæ тугæй хæстæгдæрты æмæ бæрæг кодта, чи цас зыдта фынгæвæрды фæтк æмæ арæхст, уый.  

Абоны ирон адæм фыдæлты номыл рæгъæн йæ кой дæр нал скæнынц. Мыггаджы номхыгъд сæрæй кæронмæ нæ, фæлæ алчи йæ ныййарджыты фыдæлты нæмттæ дæр нал зоны, æмæ фæлтæрты бастдзинадæн йæ хæстæгады хал фескъуыд. Суанг дыууæ хæрз-æфсымæры æмæ хойы цот дæр нал зонынц, кæрæ-дзийæн тугхæстæгæй цы бавæййынц, уый, æмæ сæм рауайы худинаджы ахастытæ дæр…  

Хоры Уацилла æмæ Фосы Фæлвæрайы номыл хистæр цыбырæй куывта: «Зæххы æмæ фосы куыстыты æфтиæгтæй цæрæм. Гъемæ, нæ Хоры Уацилла, Фосы Фæлвæрайы хорзæх уæд! Хорæфсис, фосарæхæй уын нæ сыгъдæг кувинæгтæ барст фæуæд!». Уыцы сидтæн ахуыстой нæлфысы кусарты фæхсынæйдымæгæй хистæрæй кæстæрмæ.  

Аларды уыди дыууæ хуызы дзуары низты бардуаг. Дзырдтой йæм лæгъстæгæнæгау Рухс Алардыйæ, фæлæ уыдысты дыууæ хуызы низы номæй Сырх æмæ Урс Алардытæ. Дыууæ дæр фадынæджы хæцгæ низтæ, æмæ æфтыдысты адæмыл азы дæргъы дыууæ бæрæг афоныл — уалдзæджы райдайæны æмæ сæрды райдайæны. Гъемæ йын куывтой ныллæг хъæлæсæй лæгъстæгæнæгау: «Табу — дæхицæн, Сыгъдæг Аларды! Афæдз зæхмæ дыууæ хатты æрхизыс, æмæ дын нæ сыгъдæг кувинæгтæй арæм  

дæ ном, æрмæст нæм де ’ргом ма раздах, дæ чъылдыммæ дын кувдзыстæм! Куыд иунæгæй нæм æрцыдтæ, афтæ иунæгæй фæндаграст фæу!».  

Бæркады сидтæн ардтой Мыкалгабыры ном. Мыкалгабыр уыди ирон адæмæн бæркæдтæ æмæ амæндтæ дæттæг бардуаг, зæд. Ахæм зæдтæ сын уыдысты авд авды Ирыстоны æппæт кæмтты.  

Зымæджы бæрæгбæтты сæрмагонд сидт уагътой тугдзых сырдты бардуаг Тутыры номыл дæр цардуаджы нысанæн: сæ кувинæгтæй ардтой æфсæндзых куыйты бардуаджы ном, цæмæй фосы дзугтæм ма лæбурдтаиккой, уый тыххæй…  

Куыд уынæм, афтæмæй дзæвгар сидтытæгаджидæуттæ уыди ирон фынгæвæрды куывдты заман, æмæ нозт — бирæ… Уый та куыдкарздæрæй йæ кæнæгæн дæр нæ барста, æмæ йын зыдтой бæрц æмæ уаг бынат æмæ рæстæг нымайгæйæ. Æнæ исты бæрæг æфсонæй карз нозт куыдфæндыйæ нæ нуæзтой фыдæлтæ æрвылбон, ныры адæм æй куыд нуазынц, афтæ… Къуымæлы къус чи банызтаид, уый дæр уыди къуымæлдзæф, арахъхъы сыкъа баназæг та — сыкъадзæф. Иу — æлгъыст, дыууæ — фæлдыст, æртæ — кувинаг,  

зæгъгæ, амыдтой æдзух хистæртæ кæстæртæн, æмæ раст уыдысты. Дон нуазгæйæ дæр ардтой куыдхистæрæй доны зæдты нæмттæ æмæ нуæзтой куыдкæстæрæй.  

Карз нозт хатын уарзы, зæгъгæ, дзырдтой цæстуарзонæй. Карз нозт сын хатын уымæн уарзта, æмæ бæрц домдта, æнæнымадæй нуазын нымадтой Хуыцауы раз — тæригъæдыл, адæмы раз — худинагыл. Хæдзары цыфæнды бирæ нозт куы уыдаид æфснайд, уæддæр бинонты хистæр æнæ исты æфсонæй иунæгæй арахъхъы сыкъа нæ банызтаид: фæдзурын кодтаид йæ кæстæртæн сыхы лæгтæй искæмæ æгъдауыл, фæткыл… Æртæ рæгъæй ардтой хуымæтæджы фынгæвæрдыл Хуыцауы æмæ зæдты нæмттæ, фæдзæхстой сыл бинонты, хъæубæсты сæ уазæджы хаимæ. Цыфæнды хуызы хæсджыныл дæр разы уыдысты фыдæлтæ, æгъдауæй хæсджыныл та нæ разы кодтой. Æгъдау та карз нозты тыххæй нæ уыди, карз нозт уыди æгъдауы тыххæй, æмæ йæ бæрцыл хардз кодтой бæрæг фæткыл…  

Мæлæт иу сæр у, цардæн — бирæ сæртæ, зæгъгæ, ныхасæн баззад. Ирон диныл хæцæг адæмæн сæ фынгæвæрды æппæт хуызтæ дæр баст уыдысты афæдзы куыстыты хуызтимæ.  

Ирон фынгæвæрды рæсугъд æгъдæуттæ цæттæйæ, уæларвæй æрхаугæ дæр не сты æмæ талф-тулфæй цыбыр рæстæгмæ æрымысгæ дæр. Нæ рæстæй цæрæг фыдæлтæ сæ æнусты дæргъы уырзæй февзæрстой, æлутоны хоры мыггæгтау, бафтыдтой сыл сыгъдæг удты хъармимæ се ’ууæнк, се ’фсарм, æмæ сыгъдæг зæринæй конд хæзнатау сæ хуыз скалдтой. Ирон дзыллæйæн, фидæны хуыздæрмæ тырнгæйæ, къуылымпыйы хос цы карз æгъдæуттæ уыдысты, уыдоныл сæ къух систой, иннæтыл ног хæрзтæ æфтыдтой царды хуызивæнтæм, рæстаг цæстæй кæсгæйæ. Уыйадыл нæ размæ лæууы дзыллæйы иумæйаг хъомысæй иунæг фарста фæдисы дзæнгæрæгау: зæронд зианхæссæг æгъдæуттæй цæуылты систам нæ къух æмæ цы бафтыдтам ногæй фы-дæлты рæстаудæны фæткмæ иугъæдоны фæзминагæй?!  

  

Туаты Руслан  

  

https://new.xurzarin.ru/ragon-iron-kuyvdtyt%d3%95/ 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz