Ирон Адæмы бæрæгбæттæ, Цыппурсы Мæй / Цыппорсе

0
1392

Цыппурсы Мæй / Цыппорсе:

Ныккола: 06.12
Цыппорсе: 20.12-21.12 (рагон нымадæй)
Зымæгон Хурхæтæн: 22.12 (ногбон – рагон нымадæй)
Ногбоны Æхсæв: -æхсæвыгон- [31 (ног нымадæй); 20 (рагон нымадæй); 13/01 (зæронд нымадæй)]

Ныккола

Бардуаг. Нартимæ цæры хæларæй. Уыд Ацæмæзæн чындзхæссæг, уыимæ чындзхæсджытæн цыд сæ разæй. Йæ бадæн – Уазайы бæрзонд, хонгæ дæр æй Бæрзонд Ныккола кæнынц. Йæ бæрæгбон вæййы Цыппурсы мæйы фыццаг хуыцаубоны. Кадджыты загъд ис: «Хорæлдар, Ныккола, Уастырджи æмæ Мады зæд рацыдысты дæлæ быдырмæ хуым кæнынмæ».

Цыппурс

Цыппурс зæронд нымадæй бæрæг кодтой, Ног азмæ ма-иу къуыри куы баззад, уæд. Ирон адæмы фыдæлтæ Цыппурс нымадтой Ног азы размæ уд сыгъдæггæнæн къуырийыл, дардтой мархо.
Бæрæгбоны-иу бинонты хистæртæ сывæллæтты кувæндæттæм акодтой, ноггуырд лæппуты тыххæй сæрмагондæй арæзтой куывдтæ.
Цыппурсы-иу хур куы аныгуылд, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ цуры скодта арт. Иæ арт кæмæн хуыздæр у, кæмæн стырдæр у, уый – амондджындæр. Хистæрæй, кæстæрæй-иу арты алыварс æрæмбырд сты. Фæсивæд кафыдысты, зарыдысты, сывæллæттæ арты сæрты гæппытæ кодтой. Хистæртæ-иу куывтой: «Нæ фыдбылызтæ арты басудзæнт, нæ фыдбылызтæ фесæфæнт».
Алы бинонты дæр фæндыд, цæмæй сæм Цыппурсы, «хорз къах» кæмæн ис, ахæм адæймаг æрбацæуа. Уæд цыма æнæхъæн аз амондджын, зæрдæрухс, æнæмаст, æнæфыдбылыз уыдзысты, цыма æнæхъæн аз дæр уыцы æрбацыдæй аразгæ у, афтæ сæм каст.
Бæрæгбоны ницæуыл ауæрстой, фынгыл цыдæриддæр хæрд, нозтæй æрæвæрæн уыди, уыдон-иу æрæвæрдтой: æртæ æртæдзыхоны, арахъ, бæгæны… Бинонты хистæр-иу скуывта, цæмæй æнæхъæн аз хор æмæ фосæфсæст уой, афæдз сыл æнæмаст, æнæфыдбылызæй ацæуæ Скуывта-иу Цыппурсмæ, ды Нарты дуаг дæ æмæ нæ дæ хорзæх уæд, баххуыс нын кæн, зæгъгæ.
Бинонтæй «хуыздæр къах» кæмæн уыд, уый-иу скъæттыл æрзылд æмæ-иу фосæн холлаг радта. Йæ фæстæ-иу бинонты хистæр бацыд æмæ-иу сæ фосы Фæлвæрайыл, Тутыр æмæ иннæ зæдтыл бафæдзæхста, æнæфыдбылыз куыд уой, бирæгъты амæттаг куыд никæд фæуой, сæ нымæц фылдæрæй-фылдæр куыд кæнæ
Куы-иу æрбарухс, уæд та-иу бинонтæ сæ хæдзары цур ног арт скодтой, æмæ сыхæгтæ, хъæубæстæ кæрæдзимæ арфæтæм цыдысты. Бæрæгбоны кусын не ‘мбæлд.
Цыппурсы бæрæгбон у, цард та ногæй кæй базмæлыд, уый æвдисæн. Хур зæхмæ фæхæстæгдæр, цард йæ иугæндзон цыдæй размæ цæуы.
Мах рæстæджы дæр Цыппурсы бæрæгбон бирæтæ кæнынц.

Кæрчыты Æхсæв

Рæстæгимæ, цардимæ бæрæгбæттæ дæр ивынц, иуæй-иутæ та дзы бынтондæр ферох вæййынц, адæмы цардмæ ницыуал бар фæдарынц. Уыдонæй иу у Кæрчыты æхсæв, кодтой йæ Цыппурсы мæйы райдайæны.
Кæрчыты æхсæвы бæрæгбон баст у фосимæ, мæргътимæ. Уыцы изæр сæрмагондæй куывтой уыдонæн, фæлæ ма дзы уыд æндæр фæзилæнтæ дæр. Уыцы изæр йæ фос æддæмæ ничи уагъта, уæдæ сыл фыдзæрдæ, фыдкъах адæймаг куы амбæла æмæ сæ куы фæцæстдзыд кæна, зæгъгæ (кæс Цæст).
Уазæгуаты ничи цыд. Хистæр-иу кувинæгтимæ сæ фос æмæ сæ мæргътыл æрзылд, Хуыцау æмæ-иу сæ зæдтыл бафæдзæхста. Куывта, æнæфыдбылыз куыд уой, фыдцæст æмæ сын фыдкъахæй тас куыннæ уа.

Кæрчиглой

Хæдзарон æмæ хъæддаг мæргъты бардуаг. Хъахъхъæны сæ рувæстæ æмæ рынæй – кæркнизæй. Æфсинтæ æмæ цуанæтты цæсты уæлдай кадджындæр свæййы, мæргътыл кæркниз куы фæзыны, уæд. Кæрчиглойы фосмæ хауы, маргъ чи нæу, иу ахæм цæрæгой – тæрхъус. Уый фæдыл ис ахæм таурæгъ: «Иу ахæмы тæрхъус хъæдæй быдырмæ адзæгъæл æмæ мæргътимæ æрцард, зым та дзæбидырты фæдыл бафтыд. Зæдæй алчидæр агуырдта йæхион, фæлæ тæрхъус тар хъæдыл суæлæхох, зым та – дæлвæзтыл. Æфсати æмæ Кæрчиглойы Хуыцау бафидауын кодта афтæ: тæрхъусы ныууагъта Кæрчиглойæн, зымы та – Æфсатийæн. Æмæ уæдæй фæстæмæ зым дзæбидыртимæ цæры уæлвонг хæхты, тæрхъус та – дæлвæзты».

Зымæгон Хурхæтæн: (ногбон – рагон нымадæй)

Ногбон баст у хурхæтæнимæ. Хистæртæ-иу хуымæтæджы не скуывтой: «Бон куыд даргъдæр кæны, афтæ адаргъдæр уæнт нæ цард, нæ амонд». Ногбоны-иу адæм дзырдтой: «Рæстæг ног цардырдæм акъул». Бон æрбацъæхтæ, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ размæ арт скодтæ Фæсивæд арт скæнынмæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Уæдæ кæй арт стырдæр уыдзæн? Уæдæ кæй арт тынгдæр ныррухс кæндзæн? Хъæу-иу ныррухс, дæсгай æмæ дæсгай æртытæ арвы хъæбысмæ сæхи ивæзтой. Хистæрæй-кæстæрæй-иу арты алыварс сæмбырд сты, фæсивæд «сой-сой» хъæргæнгæ æртытыл зылдысты. Арт-иу сыгъд куы фæци, уæд-иу хистæртæй исчи загътæ ацы арт куыд басыгъд, афтæ басудзæнт нæ фыдбылызтæ дæр, афтæ фесæфæнт не знæгтæ.

Ногбоны куывд

– Хуыцау, табу Дæуæн!
Хуыцау, ахъаз бакæн!
Хуыцау, Дæ быны хорзæй, дзæбæхæй цы ис,
Уымæй нын Дæ цæст бауарзæд.
Фыдбылызæй нæ бахъахъхъæ.
– Оммен, Хуыцау!
– Хуыцау, Дæхи хорзæх дæр æмæ нын Де сконд зæдты хорзæх дæр саккаг кæн.
– Оммен, Хуыцау!
– Уæларвон Басыл, дæ дуг, дæ рæстæг у,
Ног азы хæрзтæ уаргæ рацæудзынæ,
Хуыздæр хай æмæ хуыздæр амонд кæмæн бахай кæнай,
Уый æмбал мах дæр фæкæ.
– Оммен, Хуыцау!
– Нæ фыдбылызтæ, нæ зындзинæдтæ
Зæронд азы фесæфæнт.
– Оммен, Хуыцау!
Ног азы ног хæрзтæ, ног амæндтæ,
Хуыцау, Ды саккаг кæн,
Алкæддæр дын Дæ ном дзæбæхæй куыд арæм.
– Оммен, Хуыцау!
– Бирæ кувынæй бирæ хæрзтæ хуыздæр сты,
Æмæ нын бирæ хæрзтæ балæвар кæн.
– Оммен, Хуыцау!

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz